Урочы темǽ: «Тагъддǽр,бǽрзонддǽр, тыхджындǽр»
Грамматикон темǽ: Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽныны урок(номдар ,миногон, нымǽцон)
Урочы нысантǽ:1)5-ǽм къласы рацыд ǽрмǽг сфǽлхат кǽнын.
2)Сывǽллытты зонындзинǽдтǽ фǽуǽрǽхдǽр кǽнын ныхасы хǽйтты тыххǽй.
3)Олимпаг хъǽзтыты темǽйыл дзургǽйǽ, Райгуырǽн бǽстǽмǽ уарзондзинад гуырын кǽнын ,йǽ истори ǽмǽ традицитǽм.
Цǽстуынгǽ ǽрмǽг: презентацитǽ,чиныг «Осетинские национальные игры» Гагиев С.
Урочы эпиграф:
Цǽйут,ǽфсымǽртау раттǽм нǽ къухтǽ,
Абон кǽрǽдзимǽ ,Иры лǽппутǽ!
Скǽнǽм нǽ тырыса дзыллǽйы номǽй ,
Рухсмǽ ǽнǽзивǽг цомут ǽнгомǽй!
Къоста
Урочы цыд:
-Чи у ацы ǽмдзǽвгǽйы автор?
-Цǽмǽ сиды Къоста?(иудзинадмǽ)
-Тырыса та уырыссагау куы д уыдзǽн?
-Кǽй тырыса у ай?
-Цы нысан кǽны тырыса? Цǽмǽн хъǽуы паддзахады?
-Паддзахǽдтǽн ма цавǽр символтǽ ис?
-Кǽй тырыса у ай та?
-Цы ис иумǽйагǽй ацы тырысаты ǽхсǽн?
Презентаци№1-Уǽрǽсейы тырыса(Тексты ссарын æмæ дзы рафыссын номдартæ,миногонтæ,мивдисджытæ æртæ цæджындзæй.)-слай№4
Презентаци №2-Ирыстоны тырыса(Тексты ссарын æмæ дзы рафыссын номдартæ,миногонтæ,мивдисджытæ æртæ цæджындзæй.)-Слайд№8
Презентаци№3-Олимпаг хъǽзтыты тырыса
-Фыццаг хатт кǽм цыдысты Олимпаг хъǽзтытǽ?
-Олимпаг хъǽзтытǽ искуы уǽрǽсейы цыдысты?
-Цымǽ цǽмǽн хъǽуынц ацы хъǽзтытǽ?
-Алы адǽммы хатт- мǽ дǽр ис йǽхи хъǽзтытǽ.Арǽзт цыдысты алы фǽлварǽнтǽ,лǽгдзинад ǽмǽ арǽхстдзинад ǽвдисǽн ерыстǽ.
З ы н дгонд ахуыргонд В.Пфаф йǽ чиныг : «Ирыстоны кǽмттыл балц»,зǽгъгǽ, уым фыста: «Стыр ахадындзинад
у ыд ирон бǽрǽгбǽттǽн,уыдоны рǽстǽг- иу олимпаг хъǽзтыты ǽнгǽсǽн ерыстǽ арǽзт ǽрцыд ,уыдис иу дугъы уайынǽй,ǽрмхǽстǽй,рǽстдзǽвин ǽхсынǽй,кафынǽй,зарынǽй ǽмǽ ǽндǽр ерыстǽ»
Слайд :ирон адǽмы хъǽзтытǽ
Аулǽфǽн рǽстǽг.
Слайд: майдантǽ
Слайд: Хъǽбысǽй хǽсты дǽснытǽ(Хъаныхъуаты Бола)
Релаксаци:-Цы фæцыди мæ зæрдæмæ абоны урочы?
-Цымыдиссагæй цы базыдтон?
-Куыд куыстон урочы?
Хǽдзармǽ куыст: ратæлмац кæнут Пъер де Кубертены ныхæстæ.Саразут цыбыр презентации: « Ирон адæмон хъæзтытæ»