Конспект урока по осетинской литературе

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Хетæгкаты Къоста - 157 азы

Зарæг - «Мæ Иры фæсивæд»

1 -Уæ бонтæ хорз æмæ алы бон æгас цæут!

Абон мах нæхи нывонд кæнæм аивадæн . Уæлахиз уæд аивады хъомыс - фарнхæссæг, удсыгъдæггæнæг!

-Аивад

Ды мæнмæ стъалыйау æрттивыс,

Ды мæнæн мæйдар æхсæв –цырагъ,

Ды мæ риуæй рхæндæгдзинад сурыс,

Аивад, мæ рыст зæрдæ дæ стæфст.



2-Ды мæнмæ стьалыйау æрттивыс,

Ды мæнæн – æвдадзы хос æвдадз,

Ды мæ удæй рхæндæгдзинад сурыс,

Уарзты фарнæй дзаг кæныс мæ уат.

Танец-

1 - Алы адæммæ дæр ис, сæрыстыр кæмæй у, иннæ адæмты хсæн барджын æй йæхи кæй фæрцы æвдисы , ахæм намысджын лæгтæ . Махæн уыдонæй иу у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста- ирон литературæйы бындурæвæрæг , поэт, прозаик, публицист, драматург, зарæггæнæг æмæ зындгонд нывгæнæг , кæцыйыл сæххæст 157 азы.

Музыкæ «Цицилия»

Цырæгътæ ссудзын

1 -Уæдæ Къостайы ном æрымысæм лæугæйæ.

Сыстадысты иуылдæр

2 Къостайы сурæттæй махм æрхæццæ фондз ; сылгоймаджы ( Анна Поповæйы, Цæллыккаты Анннæйы , Елена Крекы, Тхосты Тутийы, Д.Садкойы). æртæ нæлгоймаджы ( Гуытьиаты Мырысбийы, Байаты Хуысинæйы , Лангейы ).Фæлæ йæ фыстæджытæм гæсгæ ма Къостамæ уыдис æндæр сурæттæ: Шамил , Алыксандр, Кипиани, А.Н.Островский, Чайковскийы, йæ мады сурæт, æнæзонгæ

1 -Къоста хъуагдзинæдтæ æййæфта, бæстонæй бавнæлдта йæ уарзондæр куыстмæ, уымæн æмæ йын уый уыдис царды фæрæз . 1892 азы газет Северный Кавказ»-ы уыди хъусынгæнинаг : «Исын æмæ аразын аргъуан, портретон æмæ декоративон хуызфыссынады куыстытæ . Х.К. Л. Фырт. Стьараполь. Николайы проспект. Мясникины хæдзар».

Æмдзæвгæ « Чи дæ?»

2- Къоста сурæттæ аразынмæ бавнæлдта Аивæдты Академийы ма куы ахуыр кодта, уæд . 1882 азы арæзт æрцыд æрцыд йæ фыццаг портрет (кърандасæй конд) «Зукъаты Косерæн , æндæр ран Дзукаты Косерхан . Къоста Петербургæй куы рбаздæхт уæд фатеры æрцард Дзукъаты Ибрагимы хæдзары. Ибрагим йæ рæстæджы уыд ирон адæмы ахуыргонд лæгтæй иу. Хорз зыдта æмæ зонгæ уыд Миллер, Шегрен æмæ Лермонтовимæ

1- Къоста Косеры куы федта, уæд чызгыл цыдис 1 5 азы. Ахуыр кодта сылгоймæгты гимназы . Афæдз ыл куы цыди , уæд æм йæ фыд, стæй йæ мад, уыдоны фæстæ йæ дыууæ кæстæр æфсымæры . Афтæмæй уыцы рæстæджы æнæмæнгæл сисын хъыди къам. Уыцы къаммæ гæсæгæ Къоста сныв кодта хуызджын ныв . Фæлæ фæстæдæр æфсымар сныв кодта йæ хойан сау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ .

Косерхан мой скæндзæн офицер, Петр Похитоновма.

Фæндырыл цагъд.

2- О,фæлæ чи уыд Попова А та?

Нудæсæм æнусы кæрон Дзæуджыхъæумæ сомихаг Яков æрбацыд цард аразынмæ ,æнæуый дæр цæрæг лæг уыди. Хæдзæрттæ арæзта Калачы , фæлæ йæ фæндыд Дзæуджыхъæуы æрцæрын. Байаты Чермены уынджы ныццамадта æнæхъæн галуан.

Многоточие. (Высокий барский дом).

1.-Поповы хæдзары райгуырдысты дыууа лæппуйы æмæ иу чызг. Къостайы фидæны музæ, рæсугъд чызг Аннæ. 1886 азы проспекты Анна Попова арæх уынын байдыдта ирон лæппуйы кæцы чызгæй йæ цæст нæ иста. Фæлæ чызг лæппуйы фыстæгæн , йе ˊмдзæвгæтæн нæ ˶О˶ ,нæ ˶нæ˶ зæгъы.

Къоста------------------------------------------------------Аннæ

  1. Попова йæ мæлæты бонмæ фæцард иунæгæй,амард Калачы хæрз мæгуырæй.

2.- Аннæйы дызæрдыгдзинад æмæ хъынцъым Къоста ноджы арфдæр бавдыста йæ ныв «Хъыггæнæг зæд»-ы.Газет « Терские ведомости» 1888 азы фыста: «Выражение скорби на лице ангела так естественно ,что заглавия излишни».

Хъисын фæдыр.

1-Къостайы царды æмæ сфæлдыстады егъау бынат бацахста Цæлыккаты Аннæ. Нæ рацыд поэтæ йæ дыккаг уарзт дæр .

Зарæг «Мæ хуры хай».

1.- Пятигоркы горæты зæронд уæлмæрды Лермантовы фыццаг кæм бавæрдтой , уыцы афтид ингæнæ чысыл дæлдæр ис ингæн ,ингæны дурыл нывы æрыгон сылгоймаг лæууы. Йæ разы бадынц йæахуыргæнинæгтæ. Нывы бын фыста: «Цаликова А.А.- учительница». Анюта уыд Цæлыккаты Алыксандры кæстæр чызг. Алыксандр йæ рæстæджы хаст æрцыд , Къостайау Ирыстонæй, сылгоймæгты скъолайы æхгæды ныхмæ кæй дзырдта, уый тыххай.

Йе ˊртæ чызгимæ æрцард Пятигорскы. Къостайæн Цæлыккакты бинонтæ систы иууыл æввахсдæр адæймæгтæ,йæ цин æмæ хъыджы сахаты дæр æдзухдæр йæ фарсмæ лæууыдысты. Поэт уарзта кæстæр Аннæйы.



А) «Мне нравится,мой друг»..

Б) «Я отживаю век».

2 - Аннæ дыууæрдæм нæ кодта, уый комкоммæ загъта Къостайæ кæй никуы смой кæндзæнис, кæд ын стыр аргъ кæны , уæддæр . Нывгæнæг йе стыр æнкъарæн æххæстæй равдыста Аннæйы портреты .

а) «Не верь, что я забыл родные наши горы».

б) «Не упрекай меня».

в) «Опять к тебе любимая подруга».

1. Къостайы сфæлдыстадон куысты рæстæгмæ хауы йæ Автопортрет. Иунæг æмæ сырд йæ адæмæй , рынчын, йæ мæлæт хæстæг кæмæн у , уый зонæг фæлæ иннæрдыгæй – адæмон зарæггæнæг , æфхæрд дзыллæты сæрыл тохгæнæг, рухстауæджы тырыса йæ къухæй кæмæн нæ фæцудыдта , ахæм удæй тыхджын адæймаг нæм зыны портреты тымбыл фæлгæтæй.

а) Къоста «Зонын» - ацыд сабыргай.

б) «Перед операцией».

в) « Я смерти не боюсь».

г) «Друзьям – приятелям»

2. Къостайы æрдз сфæлдыста æрмæстдæр æрмæстдæр йæ дзыллæйæн лæггад кæнынæн йæ адæмы амонды сæрвæлтау тохæн, уымæн йæ курдиаты æмцард кодтой поэт, нывгæнæг, публицист, этнограф, æхсæнадон архайæг, стыр ныфсы хицау, гражданин.

а «Взгляд»

б. «Додой»

в. «Æнæ хай».

Г. « Барсук».

Д. «Ныстуан».

Е. «Ныфс».

Хорз лæг йæ адæмæй хæс дары, зæгъы ирон æмбисонд. Къоста бафыста, йæ адæмы раз йæ хæс. Бузныг уын!