Конспект урока на тему Антонимта(6 класс)

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...






Темǽ :Антонимтǽ

Нисан: 1. Синонимтæ æма омонимтæ зæрдǽбǽл æрлæуун кæнун.

2. Нǽуǽг æрмæг байамонун æма й ниффедар кæнун.

3. Фæгъгъæздугдæр кæнун æвзаг нǽуǽг дзурдтæй æма си зонун нихаси медæг пайда кæнун.

Урокки цуд:

Бацæтæггæнæн рæстæг.

Ци хонæн лексикæ? Цал нисанеуæги фæууй дзурдæн?

Ци хонæн синонимтæ æмæ омонимтæ?



Иссерǽ дзурдтæн се , мбæлтти (синонимти).



Цурд,фудхуз,косун,дзǽбǽх, сагъǽс,рǽсугъд,хъǽбǽр,гъǽздуг

Базонетǽ базон-базонтǽ. Иссеретǽ си нихмæвæрд дзурдтæ

1.Сæрди уæлæмæ цæуй, зумæг дæлæмæ (кæрдæг)

2. Æхсæвǽревǽд фаууй, бонǽ-идзаг (дзабур)

3. Зумæг-дæлгоммæ, сæрди-уæлгоммæ (готон)

4.Зумæг уæларвæй хауй, зæнхǽбǽл-тайуй (мет)

5. Дæлгоммæ-идзаг, уæлгоммæ-ревǽд (ходǽ)

6. Разæй-фæстæмæ баст,

Фæстегǽй-размæ баст,

Бунæй-сǽрмǽ баст,

Сǽрǽй-бунмæ баст. (идонǽ ).

(Сæрди-зумæг, уæлгоммæ-дæлгоммæ, æхсæвǽ-бонǽ, ревǽд-идзаг, уæларв-зæнхǽ. Уæлæмæ-дæлæмæ, разæй-фæстæмæ, бынæй-сǽрмǽ, сǽрǽй-бунмæ).

Атǽ анцǽ антонимтæ.

Искæнæн хатдзæг.

Ци хонæн антонимтæ?





Нǽуǽг æрмæг ниффедар кæнǽн.



Фæйнæгбǽл куст.

Куд зонис антонимтæ?

Æмбесæндтæ иронау антонимæй банхæст кæнетǽ

Хуыцау-уæлейы, зæхх…..(бынæй).

Хорзæн бын ма скæн,….(æвзæрæн) бын ма ныууадз.

Уазæг цæттæ, …..(фысым) æдзæттæ.

Хорз мад арфæйаг у,…..(æвзæр) мад æлгъыстаг.

Сау хохæй…..(урс) дурр нæ хауы.

Хъæздыг цы нæ кæны,…..(мæгуыр) цы нæ бары.



Берæ финсгутǽ æма поэттæ сæ уадзимисти спайда кæнунцǽ антонимтæй, етǽ нихас кæнунц ǽ гъæздугдæр, ирддæр æм айевдæр.

Райсæн нæ гении Хетæгкати Къостай æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ».

Рафинсæн си антонимтæ.

МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ



Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —

Лæджы æмбæрц æруары мит;

Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;

Их доныл саразы йæ хид.



Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…

Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!

Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —

Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.



Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —

Йæ сихор, йе хсæвæр — йæ мæт;

Иæ уат — ыскъæт, зыгуым — йæ лыстæн,

Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт…



Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,

Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —

Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —

Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.





Гъазт «Ка тагъддæр!»

Ахургæнæг дзоруй дзурд, скъоладзау-дзурд-антоним.

Знаг – лимæн

Ǽзинǽ – ацибон уарун –хор бон

Æфснайд –змæнст рǽуǽг -уæззау

Зулун –раст, аразун –сæттун.

Кæнун– ихалун

Кæстæр -хестæр.

Байдзаг кæнǽ таблицæ гъæугæ синонимтæ æма антонимтæй.





Банхǽст канетǽ ǽмбесǽндтǽ

Иуазǽг цǽттǽ-фусун ….

Пайда ǽма ….ǽнсувǽртǽ ǽнцǽ.

Даргъ лǽгбǽл …..ронǽ.



Сувæллæттæ! Ракасǽн нǽ аливарсмæ. Лæмбунæг ку,ǽркæсæн, уæд си иссердзинан берæ антонимтæ. Æркæсæн нǽ афæдзи афонти хузтǽмǽ æма си иссерæн антонимтæ.

[pic]



Алкедæр ни уарзуй музыкæ. Е фæууй аллихузǽн. Байгъосæн еу цалдæр музыкалон скъуддзагмæ æма син иссарæн дзурдтæ-антонимтæ.

Хатдзǽгтǽ исканун

Ци базудтайта ацибон нǽуǽгǽй?

Уǽ зǽрдǽмǽ ци фǽццудǽй?

Уǽ зǽрдǽма ци нǽ фǽццудǽй?

Бǽрǽггǽнǽнтǽ

Хǽдзарǽмǽ куст

Æргъуди кæнун цубур сочинени-аргъау. Спайда си кæнун антонимтæй.