Конспект урока: ЦАУЫЛ ДЗУРЫНЦ НЫВТА МИНОГОН

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...





6 кълас (уырыссаг къорд)



ТЕМÆ:

Цæуыл дзурынц нывтæ?



Грамматикон темæ:

Миногон фæлхат кæнын.









Урочы темæ: " ЦÆУЫЛ ДЗУРЫНЦ НЫВТÆ?".

Грамматикон темæ: Миногон фæлхат кæнын.

Урочы нысан:

Ахуырадон: 1. Миногон фæлхат кæнын.

Рæзынадон: 2. Скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ

ныхасы рæзтыл бакусын. Се`сфæлдыстадон

хъуыдыкæнынад райрæзын кæнын.

Диалог аразыныл разæнгард кæнын.

Хъомыладон: 3.Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад

гуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты.



Урочы фæлгонц: компьютер,интерактивон фæйнæг,чингуытæ,

тетрæдтæ,ирон нывгæнджыты нывтæ.

Урочы цыд:

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг: - Уæ бон хорз нæ зынаргъ уазджытæ!

-Уæ бон хорз сабитæ!

Сабитæ: - Æгас цу, ахуыргæнæг !

- Æгас цæут,нæ зынаргъ уазджытæ!

Ахуыргæнæг: - Сбадут. Абон чи у радгæс? Иууылдæр ам сты

ахуырдзаутæ?

Сабитæ: - Вразин Роберт. О! иууылдæр ам сты.

Абон у æртхъирæны мæйы 16-æм бон,дыццæг.

II Урочы æрмæгыл куыст.

мотиваци

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ,абон къласмæ куы ,рбахызттæн,уæд нæ фæйнæгыл федтон ацы нывтæ . (интерактивон фæйнæгыл дамгъæтæ(т,р,с,а,ы), Ирыстоны тырыса æмæ Урæсейы тырыса.) Фехалынмæ цæ хъавыдтæн, фæлæ ахъуыды кодтон , знон цы темæ рацыдыстæм уымæ ницы бар дарынц?

Цæмæн нын баззадысты фæйнæгыл?

Ацы дамгъæтæй цавæр дзырд саразæн ис?

Сабитæ: - ТЫРЫСА. Ирыстоны тырыса æмæ Уæрæсейы

тырыса.

Ахуыргæнæг: Цæмæй хицæн кæнынц Ирыстоны æмæ Уæрæсейы

тырысатæ?

Сабитæ: цветами – хуызтæй

Ахуыргæнæг: Æмæ уæдæ цавæр хуызтæ ис нæ тырысатыл?

Сабитæ: белый,красный,синий, желтый.

Интерактивон фæйнæгыл: белый- урс

красный-сырх
синий-цъæх

желтый-бур

Ахуыргæнæг: Ацы дзырдтæ цавæр предметы миниуæг æвдисынц?

Сабитæ: Предметы хуыз.

Ахуыргæнæг: Раст у, ацы дзырдтæ предметæн æвдисынц сæ хуыз,

æмæ уымæ гæсæ домынц фарст –цы хуызæн?

зæгъæм: цавæр тетрад? – тæнæг,ног,рæсугъд.

Цы хуызæн тетрад?-сырх,морæ,бур.

Фонетикон зарядкæ : (сывæллæттæ дзурынц ахуыргæнæджы фæстæ);

1) пъ, цъ, чъ, тъ, хъ, къ, гъ.

2) хъа, хъæ ,хъо ,хъи ,хъы.

къа ,къæ ,къо ,къи ,къы.

пъе, пъо, пъæ.

3) Рæсугъд, рæсугъддзинад, æнкъарæнтæ, хъæлдзæгдзинад.

Ахыргæнæг: Зæгъут-ма мын,цавæр ныхасы хæйттæ сты ацы дзырдтæ?

Сабитæ: Миногонтæ .

Ахыргæнæг: Дзырдбæстытæ ма сæ саразут?



Сабитæ: Рæсугъд æнкъарæнтæ, расугъддзинад хæссын.



III.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Текстæй бакæсын , фонетикон зарядкæйы, лæвæрд дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ. Ссарын дзы миногонтæ, фарстатæ сæм раттын.

Уынæм дзы рæсугъд æмæ уæрæх цæугæдон.

Нывгæнæг ныхæй-ныхмæ æрæвæрдта æрдзы рæсугъддзинад æмæ æфхæрд адæмы уæззау уавæр.

Бурбын сыфтæрæй æрдз бауафта рæсугъд гауыз.

2.Текст рольтæм гæсгæ бакæсын.

3.Презентацитæ чи скодта ,уыдонмæ фæстæдæр байхъусын.

IV.Дзырдуатон куыст.

Ахуыргæнæг: Абон нæ дзырдуаты ныффысдзыстæм ног дзырдтæ, æмæ на

урочы темæмæ цы бар дарынц,уый мын зæгъут.

цъæх-синий, зеленый, голубой.

æрвхуыз-голубой

кæрдæгхуыз – зеленый

копрадзхуыз – синий

цъæх-цъæхид – ярко-голубой, ярко-синий, ярко-зеленый

бурбын- с желтым оттенком

æрдæгбур- желтоватый (наполовину желтый)

Физминуткæ.

Ахуыргæнæг: Сабитæ,абон нын Кристинæ дæр бацаттæ кодта чысыл экскурси Третьяковы галереймæ, æмæ йæм бакæсæм.

Презентаци « ТРЕТЬЯКОВЫ ГАЛЕРЕЙЫ» (Хуыбиаты Кристина).

V.Текстимæ куыст.

1. Текстæй бакæсын , фонетикон зарядкæйы, лæвæрд дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ.Ссарын дзы миногонтæ, фарстатæ сæм раттын.

Уынæм дзы рæсугъд æмæ уæрæх цæугæдон.

Нывгæнæг ныхæй-ныхмæ æрæвæрдта æрдзы рæсугъддзинад æмæ æфхæрд адæмы уæззау уавæр.

Бурбын сыфтæрæй æрдз бауафта рæсугъд гауыз.

Хæс: ссарут дзы дзырдбæстытæ.



VI. Къордгай куыст :(дыууæ къордыл дих кæнынц скъоладзаутæ, æмæ кæрæдзимæ фарстатæ дæттынц)

-Цавæр ныхасы хай ахуыр кæнæм ? (Миногон)

- Зæгъут, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты миногон? ( Цавæр? Цы хуызæн?)

- Цы нысан кæны миногон ( Предметы миниуæг)

VII. Тетрады куыст.

Ссарут тексты миногонттæ æмæ сæ рафыссут .

Сæ иумæйæг нымæц у фæндзай фондз минæй фылдæр. Æз уын радзурдзынæн æппæты зындгонддæр нывты тыххæй. Мæнæ И.Е.Репины конд ныв« Идылы (Волгæйы) бурлактæ». Уынæм дзы рæсугъд æмæ уæрæх цæугæ дон. Кæсут-ма, куыд сабыргай,куыд æнæзмæлгæйæ кæлы,уымæ. Цыма айдæн у,уыйау хурмæ йæ хуыз раив-баив кæны. Æрдз у æдзæм æмæ сабыр , адæймагмæ æвзæрын кæны æнцойдзинад.

(Иумæйаг,зындгонддæр,рæсугъд,уæрæх, æдзæм,сабыр.)

Ахуыргæнæг: Ныр та нын Иринæ цы экскурси бацæттæ кодта,уымæ бакæсæм. (ТУГЪАНТЫ М. музей)

Иринæ нын куыд равдыста,афтæ Ирыстоны дар ис бирæ курдиаджын нывгæнджытæ. Ис нæм музейтæ. Æмæ ма мах дар ацæуæм æмæ цæ нæхæдæг фенæм.Иринæ та нын уыдзæн экскурсовод.

Урочы хатдзæгтæ. Рефлекси .

-Кæм уыдыстæм абон уазæгуаты?

-Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы урочы?

-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ ?

Дæхицæн цавæр бæрæггæнæн сæвæрис?



VIII. Хæдзармæ куыст. 1.Фарс 83 фæлтæрæн 8.

2. Нывтæ саразын.