Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Мивдисæджы растфыссынад.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Темæ: Мивдисæджы растфыссынад.
Урочы нысан: 1. Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын мивдисджыты
растфыссынад.
2. Бафидар кæнын растфысынады æгъдæуттæ.
Хъомыладон ахуыр кæнын скъоладзауты æгъдауджын уæвыныл.
хæс:
Эпиграф «Æгъдауæй фидауы цард.»
Урочы цыд.
I Организацион хай.
а) скъоладзауты урокмæ æрцæттæ кæнын;
æ) салам раттын;
б) скъоладзауты сбадын кæнын;
II Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.
Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.
Барахъты Гинойы радзырд «Цæр». Бакæсын æмæ дзы рафыссын фæйнæ
10 мивдисæджы æмæ æрхъуыды кæнын семæ хъуыдыйæдтæ (æвдыста,
бырстой, лæвæрдтой).
41
Хæс. Зæгъын кæцы афоны, нымæцы, цæсгомы сты æвæрд мивдисджытæ.
Дзуапп.
III Ног æрмæг.
Ахуыргæнæг. Нæ абоны урочы дзурдзыстæм мивдисæджы растфыссынадыл.
Хæс. Лæвæрд мивдисджытæн бацамонын сæ растфыссынад (куыдта,
байдыдта, арæзта, ныссæрфта…)
Дзуапп.
Дзырдуатон куыст.
Æнæгъдау адæймаг.
Æгъдауджын адæймаг.
Лæгдзинадæй æххæст.
Хæс. Дзырдтæ рафыссын фæйнæгæй уæ тетрæдтæм. Зæгъын цавæр ныхасы
хæйттæ сты.
Фарст. Сымахмæ гæсгæ та, æгъдауджын адæймаг цавæр у? Цавæр
миниуджытæй у хайджын æгъдауджын адæймаг?
Дзуапп.
Беседæ саразын Барахъты Гинойы радзырд «Цæр» - мæ гæсгæ.
Хæс. Къомбох æмæ Мулданы тыххæй зæгъут уæ хъуыдытæ.
Дзуапп.
Уæ хъуыдытæ зæгъут дарддæр цы скъуыддзаг бакæсдзыстæм, уый
тыххæй.
«Хæххон азмæлæнты æнæхайыр фадæттæ бырстой адæмы ныфс,
адæмы цонджы хъару æмæ сæрбæрзонды æхсар. Табу кодтой хуыцау
æмæ зæдтæн… Фæлæ нозт æгæр нæ барста уыдонæн дæр. Дзуары
42
тыххæй ма бануаз – уый нæ хатыр кодта «дзуар»…
Дзуапп.
Хæс. Нæ абоны цардимæ абарын нуæзты хабар: Ма бануаз, уæд цы
уыдзæн?
Дзуапп.
Хæс. Лæвæрд скъуыддзаджы ссарын мивдисджытæ. Тетрæдтæм сæ
рафыссын. Саразын семæ дзырдбæстытæ.
Дзуапп. 1. Ивгъуыд афоны мивдисджыты растфыссынад.
Хæс. Ивгъуыд афоны мивдисджытæн бацамонын сæ растфыссынад.
Дзуапп. Кодтой, бырстой, лæвæрдтой…
Ивгъуыд афоны мивдисджытæн вæййы дыууæ хуызы кæрæттæ:
кæнæ -тæн, -тæ, -ис, -ыстæм, -ыстут, -ысты; кæнæ -тон, -тай, -та, -там,
-тат, -той. Мивдисджытæ ивгъуыд афоны фыссын хъæуы, дзургæ сæ
цы кæрæттимæ фæкæнæм, уыдонимæ: кодтой, бырстой. Ивгъуыд
афоны кæрæтты æмхъæлæсон т фæхъуысы д-йы хуызæн, фæлæ йæ
фыссын хъæуы кæддæриддæр т.
2. Разæфтуанты растфыссынад.
Хæс. Ранымайын мивдисæджы разæфтуантæ.
Фарст. Зæгъут, цы амонынц мивдисæджы разæфтуантæ.
Дзуапп. Амонынц архайды здæхт.
Хæс. Мивдисджытæм бафтауын разæфтуантæ (кæнын. цæвын…)
Фарст. Цы зонæм разæфтуан ны-йы растфыссынады тыххæй?
Дзуапп. а) Разæфтуан ны- хъæлæсон а-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд
куы
æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæуынынц дæргъвæтин й
кæнæ дæргъвæтин ц, æмæ сæ хъæуы фыссын: ныййарын,
43
ныццамонын…
Фæйнæгимæ куыст.
Рацæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди, ацæуын, ныццæуын…
Ахуыргæнæг. Разæфтуантæ мивдисджытимæ фыссын хъæуы æмхæстæй.
Фæлæ
разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн исты дзырд куы вæййы, уæд сæ
фыссын хъæуы хицæнтæй.
3.Мивдисджытæ æппæрццæгтимæ.
Хæс. Тексты ссарын мивдисджытæ æппæрццæгтимæ æмæ сын сæ
растфыссынад бамбарын кæнын.
Дзуапп. Нæ ардта, нал зыдта, нæ бакомдзынæн.
Хайыгтæ фыссын хъæуы мивдисæгæй хицæнæй.
4.Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджыты растфыссынад.
Карточкæтимæ бакусын.
Хæс. Дыууæ къордæй рафыссын лæвæрд мивдисджытæ. Фыццаджы
хуымæтæг мивдисджытæ, дыккаджы та: вазыгджын мивдисджытæ.
Бамбарын сын кæн сæ растфыссынад.