План конспект урока по осетинской литературе Коста Хетагуров Хъуыбады

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Ирон литературæйы урок 7 - æм къласы

Урочы темæ: Адæмон зарæггæнæджы хъысмæт ивгъуыд заманы

Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хъуыбады»-мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ: Рагон ирон музыкалон инструменттимæ,

ирон зарагганджытимæ,фæндырдзæгъдджытимæ зонгæ кæнын, музыкалон инструментты рæсугъд зæлтæ сывæллæттæн уарзын кæнын; тематикон къордты темæ равзарын; ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы эпиграф: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -

Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Къоста.( Слайд 5)

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

I. Хъуысы хъисын фœндыры цагъд. (слайд 1)

1. Ахуыргæнæг. Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн нын феххуыс уыдзысты Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæйы фыст рæнхъытæ:

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.

Нæ фыдæлтæ - иу дзырдтой,зæгъгæ, хорз лæг дам адæмæй хæс дары.Кæд искуы искæмæн бафтыди йæ хæс бафидын йæ адæмы æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы раз, уæд уый, æнæмæнг, уыд Къоста. Райхъуыстысты, хъуысынц æмæ æнустæм хъуысдзысты йæ диссаджы æмдзæвгæтæ зарæгау.Йе ’мдзæвгæты рæнхъытæ музыкæйы зæлтау адæймагæн хæссынц æхсызгондзинад.

Уымæн æвдисæн, нæ абоны урокæн эпиграфæн цы рæнхъытæ райстам уыдон дæр.

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -

Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Къоста.

(Бакæсын фыццаг дыууæ рæнхъы. Логикон цавд дзырдтæ «зарын» æмæ фæндыры хъазт» -ыл.)

Алы адæймагмæ дæр ис бæллицтæ, фæндтæ. Иу адæймаг хæлæг кæны иннæмæ. Æрмæст хæлæгæн йæ бындур вæййы фæйнæхуызон; чи хæлæг кæны зондмæ, чи мулкмæ, чи æнæниздзинадмæ, чи та æндæр истæмæ.

- Кæмæ æмæ цæмæ хæлæг кæны поэт?

-Хæлæг кæны нарты Ацæмæзмæ, фæнды йæ уыйау зарын зонын.)(слайд 6)

- Ноджы дæр ма цы фæнды поэты?

-Зарынæй уæлдай ма йæ фæнды, цæмæй йæ фæндыры хъазт сыхъуыса арвмæ.

Ахуыргæнæг. Уæдæ мах абон дзурдзыстæм зарæггæнæг æмæ йæ хъысмæтыл.

Цыбырæй ма мын радзурут, фæндыры фæзынды тыххæй. Чи йæ сарæзта? Цæмæй арæзт уыд? Цы æххуыс æрхаста фæндыр йæ саразæгæн? Цавæр ныхæстæ загътой нарт Сырдоны фæндыры тыххæй? (слайд 7, 8)

Ахуыргæнæг. Хъисын фæндырæй уæлдай ма нæ фыдæлтæм уыд æндæр музыкалон инструменттæ дæр. Уыдон сты (Слайд 9, ранымайын сæ. Бакæсын хъисын фæндырыл фыст рæнхъытæ æмдзæвгæйæ.)

Чи зоны, æмæ ацы рæнхъытæ загъта Сырдон йæхæдæг æмæ бафæдзæхста йæ фæндырæн, цæмæй «макуы цæгъда мæнгтæ», дзура рæстдзинад йæ фæстагæттæн.

Ноджы ма нæ фыдæлты уырныдта, хъисын фæндырæн уæларвон тых кæй ис, йæ бон алыхуызон бардуæгтимæ дзурын кæй у, уый. Фæндыры цагъдмæ – иу рынчыны раз кодтой «дзуары зарджытæ», афтæмæй йын сырдтой йæ рын. Хъисын фæндыры фæрцы - иу нæ фыдæлтæ базыдтой боны хъæды ивддзинæдтæ: уарынты размæ –иу хъисын фæндыр райдыдта хъым – хъым кæнын. «Дæ хъисын фæндыр цы зæгъы, къæвда уыдзæн æви нæ? - афарстой – иу фæндырдзæгъдæджы.

Хъисын фæндыры фæрцы – иу сбæрæг кодтой, зæй кæнæ миты бын фæуæг

мард кæм агургæ у, уый: фæндыры зæлтæ – иу уыцы ран æрмынæг сты.

Хъисын фæндыры миниуджытæ сæм гуырын кодтой алыхуызон хъуыдытæ.

Æвæццæгæн, бынтон раст нæ уыдзæн, æрмæст « нæхи» кой куы кæнæм, уæд. Зæгъын хъæуы Орфейы тыххæй дæр. (слайд 10)

Ацæмæз æмæ Сырдоны тæвагæй бирæтæ фæхайджын сты. Хъæздыг у нæ Ирыстоны истории зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæй. (слайд 11,12,13,14)

-Цал тæнон уыд Сырдоны фæндыр та?

-Дыууадæстæнон.

Ахуыргæнæг. Дыууадæстæнон фæндырæй цагъта 1952 æм азы Хъаныхъуаты Никъала. Цагъта дзы бадгæйæ, фæндыр йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ. Иннæ рагон фæндыртæй дæр цагътой кадæггæнджытæ ахæм хуызы. Цагътой дзы фольклорон уацмыстæ, «Нарты кадджытæ». Уыцы хабæрттæ уыдысты æрæджы дæр ма…

Хетæгкаты Къоста фыста: «Адæмон сфæлдыстады ацы къабаз уæлдай уарзондæр æмæ зæрдæмæ-хъаргæдæр у.»

Къостайы поэзи арф уидæгтæй баст у адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ поэзи йæ адæмондзинадæй арфдæр хъары адæмы зæрдæтæм. Стыр дисыл æй æфтыдтой мидисджын аргъæуттæ, кадджытæ, æмбисæндтæ чи æрымысыд, уыцы стыр курдиаты æмæ куырыхон зонды хицау адæм.

Куыд схуыдта Къоста йæ фыццаг чиныг æмæ йыл цавæр ныв ис?

(«Ирон фæндыр» Ацæргæ кадæггæнæджы ныв, йæ къухы хъисын фæндыр).(слайд 16)

II. Абоны урокмæ уын лæвæрд уыд бакæсынмæ æмдзæвгæ «Хъуыбады», сахуыр кæнын тынгдæр уæ зæрдæмæ цы рæнхъытæ фæцæуой, уыдон наизусть. Æмдзæвгæмæ гæсгæ скæнын иллюстрацитæ. (Бафæрсын æмдзæвгæйæ, æркæсын иллюстрацитæм, аргъ сын скæнын.)





III. Дзырдуатон куыст.

Ныхас – адæм–иу сæ царды ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынмæ кæдæм æрæмбырд сты, ахæм бынат.

Цардуалдзæг – ам;сывæллоны бонтæ.

Фæсал – хус фæлмæн кæрдæг.

Уæзæг- фахс, æврагъ,обау.

Къæрид кæрц – ам; зæронд, дæрдджын æмпылд кæрц.

Ривæддон – фос сихорыл кæм фæулæфынц, ахæм бынат.

Уысм - хæрз цыбыр рæстæг, иу минут.

Бæрз бызычъи – берёзовый нарост.



IV. Текстыл куыст: Дзуœппытœй иутæ лœвœрд цœуынц œмдзœвгœйы рœнхъытœй.

- Цæуыл фыст у æмдзæвгæ «Хъуыбады»?

- Адæмон курдиатджын зарæггæнæджы хъысмæтыл.

- Куыд æрвыста йæ сывæллоны бонтæ?

Бæгънæг, бæгъæввад,

Ыстонг, уысмæн над

Хуыцауы рæстæй!

Цъыфæй ныррæсыд, –

Хæфсытæ уасыд

Йæ къахы скъуыдтæй

? Цæмæй рухс кæны йæ зæрдæ?

- Йæ фосы дзугæй , æрдзы уындæй.

? Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт , Хъуыбадыйы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн?

Пейзажæй, æрдз æвдыст цæуы æнкъардæй.

Бæрзонд урс хæхтæ,

Æнкъард къæдзæхтæ,

Æгомыг бæлас

- Цавæр æмбисæндтæй спайда кодта фыссæг?

  1. Фæскъæвда хур бон.

  2. Æнæ аххосæй

Фыййауы фосæй

Нæ хæссы бирæгъ!

  1. Æмбаргæ фыййау

Иæ фосы рæгъау

Нымадæй дары.

  1. Лæгдзарм тæнæг у,

Æлдар фыдлæг у,

Мæлын кæй фæнды?..


V.Къордты куыст. Ахуырдзаутæ дих кæнынц æртæ къордыл.

Хæс: Бавæрын цухгонд дзырдтæ сæ бынæтты æмæ сбæрæг кæнын, цавæр œрдзон курдиаты хицау уыд Хъуыбады.

I къорд.

1. Кœдœм - иу …. 2. … баззад 3. ... бœгъœввад, Уым – иу фœкафыд. Йœ сау бындурыл. Æстонг, уысмœн над.

4. Фœсмон фœкœна,

дзыназа.

II къорд.

5. Хœфсытœ … 6. Йœ … руаджы 7. … тœнœг у,

Йœ къахы скъуыдтœй. Сœндœтты бадти. Æлдар фыдлœг у.

8. Æнœ фœхудгœ,

Æнœ …

Сœм чи лœууыди?!

III къорд.

9. Фœлидзон, … 10. Дœу урс œхсырœй,

Йœ фос ныууагъта. Дœу … хурœй,

11. Дыгурыл ахызт 12 . Йœ зард нœ фенад

Адай …. Йœ … царды.

Чи нœ бафсœста.

13. Зœронд Хъуыбады, 14. Æрмœст нœ хъœумœ,

Нœ … … фœстœмœ

Æрцыд Хъуыбады.

1 – 12 – бынмœ. 13, 14 - фœрсырдœм.

-Ссарут æмдзæвгæйы Хъуыбадыйы зарæггæнæджы стыр курдиатыл кæм дзырд цæуы,уыцы рæнхъытæ.

Иæ хорз зарджытæн,

Иæ хорз кадджытæн

Кæрон кæм уыди?

Æнæ фæхудгæ,

Æнæ фæкæугæ

Сæм чи лæууыди?!.

-Цы ис иумœйагœй поэт œмœ Хъуыбадымœ? Равзарын эпиграфы фœстаг дыууœ рœнхъы.

(Сты сидзæртæ, фæлæ сæ дыууæйы дæр Хуыцац сбуц кодта æрдзон лæвæрттæй; сæ иуæн фæндырдзæгъдæджы курдиат радта, иннæмæн та - фыссæджы. Сты фæлмæнзæрдæ, адæмуарзон, сæрибаруарзаг).

2. Хъуыбады œмœ Сырдонмœ цы ис иумæйагæй?

(Зын уавæры сæхимæ хъусыныл нæ фесты, сæ зынтæй сарæзтой æнæмæлгæ фæндыртæ. Сæ фæндырты руаджы равдыстой сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, сæ маст).

Ахуыргæнæг. Ам раздæхæм уæдæ нæ эпиграфы дыккаг хаймæ, зæгъæм уый, æмæ Сырдон æмæ Хъуыбадыйæн кæй бантыст æппæт дунетæн сæ зæрдæйы маст радзурын , сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ раргом кæнын,.

-Цæуыл зарыд æмæ цæмæ бæллыд Хъуыбады?

Цæргæсы бæллын, Фæскъæвда хур бон

Уæларвы нæрын, Уымæл ривæддон,

Дымгæйы хъарæг, Рæсугъд хизæнтæ,

Цæф сæгуыты маст, Æфсæст фосы дзуг,

Æхсæрдзæны хъазт Сæрибары дуг –

Фыййауы зарæг... Фыййауы сæнттæ.

? Цæмæ ма̕ рбаздæхт Хъуыбады куырмæй сæхимæ?

-Йе рбаздæхты аххос уыд йæ уарзондзинад йæ райгуырæн бæстæмæ.

VI. Къордты куыст. Равдисут уœ ахаст Хъуыбадымœ. Дарддœр ахœццœ кœнут хъуыдыйœдтœ:

1 къорд. Æз куы уыдаин дымгœ, …

2къорд. Æз куы уыдаин œлдар, …

3 къорд. Æз куы уыдаин цœргœс, …

VII. Цавœр хатдзœгтœ скœнын у нœ бон абоны урокœн?

а) Цы базыдтам ногœй…

æ) Мœ зœрдœмœ фœцыд…

б) Цымыдиссагдœр уыд…

в) Фæндырдзæгъдæг



VIII. Бœрœггœнœнтœ сœвœрын.

Ахуыргæнæг. Нæ абоны урочы фæстæ нæ бон зæгъын у: Нæ фыдæлтæй нын стырдæр хæзнатæй цы баззад, уыдонæй иу у фæндыр. Фæндыр нæ фесæфт, уый баззад куыд символ зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдисынмæ, стæй зæрдыл дарынмæ, цæмæй адæмæй фыдракæнддзинад мачи кæна æмæ йæ кæнын дæр ма бауадза.

IX. Хœдзармœ куыст. Лœвœрд текстмœ гœсгœ изложени ныффыссын. Раттын ын сæргонд.