ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР «КУЫСТ».
5 кълас
2016
ТЕМÆ: Хъодзаты Æхсар «Куыст».
НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын Хъодзаты Æхсары цард æмæ
сфæлдыстады хабæрттимæ.
Хъомыладон хæс: Куыст царды бындур кæй у, ууыл бæстон æрныхас
кæнын.
Цæстуынгæ æрмæг: Литературæйы чиныг, презентаци, æмбисæндтæ.
Дзырдуат: тæрх, зырн, бырау, бæркад, æвдадзы хос, ауæдз, æнтыст,
æрхæндæг, зæрдæргъæвд, удæнцой.
Урочы цыд:
«Куыст цардæн - фæрæз»
(Æмбисонд)
Орг. хай.
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Хатдзæгтæ скæнын ацыд æрмæгæй.
Ног æрмæг.
Ахуыргæнæджы разныхас Хъодзаты Æхсары цард
æмæ сфæлдыстады тыххæй.
Зындгонд ирон поэт Хъодзаты Æхсар райгуырд 1937 азы Бруты хъæуы.
1952 азы йæ ныййарджытæ алыгъдысты Кæсæг – Балхъары республикæйы горæт Терекмæ цæрынмæ, æмæ ам каст фæци астæуккаг скъола. Йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта ЦИПИ – йы историон – филологон факультеты. Куыста ахуыргæнæгæй Мацутæйы хъæуы, уацхæссæгæй Алагиры районы газеты, уыдис республикон радиокомитеты редактор. 1969 азы каст фæци Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсытæ æмæ кусын райдыдта журнал «Мах дуджы». 1986 азæй фæстæмæ у журнал «Мах дуджы» редактор.
Æхсары æмдзæвгæтæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1954 азæй фæстæмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны газетты æмæ журналты. Мыхуыры цыдысты Уæрæсейы газеттæ æмæ журналты уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй дæр.
Поэтæн рацыди къорд поэтикон æмбырдгонды: «Æхсар» (1965), «Удæвдз» (1978), «Урс бæлон», «Радзырдтæ сывæллæттæн» (1979), «Æрттигъ» (1983), «Рухс» (1987), «Зынджы бардуаг» (2003) æмæ æнд.
Æхсар стыр аргъ кæны куыстæн, фæллойгæнæг адæймагæн, йæ бирæ æмдзæвгæты зæгъы, куыст кæй у царды бындур.
Абон базонгæ уыдзыстæм Æхсары æмдзæвгæимæ. Йæ бындуры æвæрд ис ирон æмбисонд: «Куыст цардæн – фæрæз» æмæ хуыйнгæ дæр кæны «Куыст».
Беседæ « Æнæ кусгæйæ цард нæй»
Ирон æмбисæндтæ куысты тыххæй:
Цард куыстæн у.
Цард куыстæй у.
Æнæ кусгæйæ хæдзар дарæн нæй.
Лæджы дарæг куыст у.
Цæвæг йæхæдæг нæ кæрды.
Хуымы цы мыггаг байтауай, уый дзы æрхæсдзынæ…
Æндæр адæмты базырджын хъуыдытæ куысты тыххæй:
Æнæ кусгæйæ малæй кæсаг дæр нæ сисдзынæ (уырыссаг).
Кусыс – дзидза хæрыс, нæ кусыс – маст хæрыс (кæсгон).
Чи нæ кусы, уый хæзна никуы ссардзæн (таджикаг).
Æнæ фыдæбонæй (фæллойæ) мыд ахæрæн дæр нæй (тæтæйраг).
Æнæ дымгæйæ къалиу дæр нæ базмæлдзæн (туркменаг).
Ных куы нæ рахид кæна – аг нæ рахсиддзæн (башкираг).
Фæрæты хъæдыл куынæ ’рхæцай – хæдзар нæ сараздзынæ (мордоваг).
Дæ къусы цы бассæндай, дæ уидыгæй, уый сисдзынæ (азербайджайнаг).
Куыст магусайы знаг у (казахаг).
Згæ гутон хуым кæнгæйæ сæрттивы (мариаг).
Куыд бауат кæнай, афтæ бафынæй кæндзынæ (молдаваг).
Бадгæйæ не скафдзынæ (пушту).
Æхсæр куынæ асæттай, уæд ын йæ ад нæ базондзынæ (корейаг).
Хи куыстæй амалгонд цывзы мыдæй адджындæр у (абазинаг).
Æнæ фæллойæ æнцойад нæй (авайраг).
Кусын кæй нæ фæнды, уый æхсæнадæн зиан хæссы (сомихаг).
Адæймагæн йæ куыстмæ гæсгæ аргъ кæнынц (черкесаг).
Дзырдуатон – фразеологион куыст.
Æндон тæрх (стальной станок) – æфсæйнаг кæнæ хъæдын дзаумæттимæ кусæн машинæ.
Зырн (токарный станок) – зырнæйзилæн тæрх.
Бырау (бурав, сверло) – лыггæнæн зилгæ инструмент, кусæнгарз.
Бæркад (изобилие) – фæрныг, си, бирæ хъæздыгдзинад.
Æвдадзы хос – ирон адæмон сфæлдыстады æппæт низтæ дæр чи дзæбæх кæны, сафы, ахæм диссаджы хос.
Æмдзæвгæйы аив каст. Фыццаг кæсын æз, стæй та - скъоладзаутæ.
Уацмысы фæстæ лæвæрд фæрстытæм гæсгæ æмдзæвгæйы мидис равзарын. Хатдзæгтæ скæнын скъоладзаутимæ иумæ.
Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын, лæмæгъ скъоладзаутæн аив каст кæнынмæ. Æмбисæндтæ куысты тыххæй ныффыссын.
Бæрæггæнæнтæ.