( Интерактивон фæйнæгыимæ куыст)
(Ахуыргæнæг кæсы таурæгъ, цæгъды музыкæ)
Ахуыргæнг æвæры текстмæ фæрстытæ:
1.Цы загъта, Хуыцау, дуне куы сфæлдыста, уæд?
2.Кæм æрбынат кодта Кавказ?
3.Цæмæй рæсугъд у Кавказ?
Ахуыргæнæг: Мах цæрæм Цæгат Ирыстоны.
( Афæрсын иу цалдæр скъоладзауы, кæм райгуырдысты, уый тыххæй)
Ахуыргæнæг: -_ Кæм райгуырдтæ ды, Павел?
Скъоладзау: - Ирыстоны.
Ахуыргæнæг: - Ды та, Максим?
Скъоладзау: -Æз дæр Ирыстоны?
Ахуыргæнæг: - Уæдæ мах стæм Ирыстойнæгтæ.
- Ирыстон у Кавказаг республикæтæн сæ рæсугъддæртæй иу. Фæлæ, сывæллæттæ, афтæ рауайы, æмæ Ирыстоны цæргæйæ бирæтæ нæ фенынц æмæ нæ базонынц, цы диссаджы рæсугъд бынæттæ дзы ис, уый. Есть такая осетинская пословица: «Хион , дам цæсты нæ ахады». Т. е. то что рядом, не очень нами ценится(привести в пример подобную пословицу на русском языке. Уымæ гæсгæ абон сфæнд кодтон сымах экскурсийы акæнын, цæмæй фылдæр базонат уæ Фыдыбæстæйы тыххæй, фылдæр ын аргъ кæнат. Æххуыс та мын кæндзысты экскурсийы разамонджытæ.
Фæлæ уал фыццаг сбæрæг кæндзыстæм хæдзармæ куыст: Райгуырæн зæххы тыххæй цы æмбисæндтæ бацагуырдтат, уыдон. Стæй базонгæ уыдзыстæм ног дзырдтимæ.
Ахуыргæнæг: - Кæсæм. Алчидæр æмбарын кæны æмбисондæн йæ хъуыды. (уырыссагау, кæнæ иронау).
(скъоладзаутæ кæсынц æмбисæндтæ)
-Райгуырæн бæстæ - мадæн ницæуыл ис баивæн (уырыссаг).
(Родина как мать, её не выбирают)
-Райгуырæн бæстæ æндæр бæстæйæ зынаргъдæр у (башкираг).
(Всякому мила своя сторона)
- Лучший друг - мать, лучшая страна – Родина (Азербайджайнаг)
Хуыздæр æмбал мад у, хуыздæр бæстæ та – Фыдыбæстæ
-Йæ Райгуырæн бæстæйы чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны (ирон).
(Кто не живет на родине, не знает вкуса жизни)
Ахуыргæнæг: - Зæгъут, цы ис иумæйагæй ацы æмбисæндтæм?
Скъоладзау: - Уыдон сты Райгуырæн бæстæйы тыххæй
Ахуыргæнæг: - Бузныг. Хорз бакуыстат.
Ахуыргæнæг: - Кæсæм фæйнæгмæ. Фæйнæгыл фыст сты дзырдтæ ног темæмæ.
Кæсæм ног дзырдтæ æмæ сæ мæ фæстæ дзурæм. Нæ хъус дарæм цавды нысанмæ. Дзырдтимæ саразут хъуыдыйæдтæ.
дурæвзалы каменный уголь
æмвæзад
уровень
8000, 100, 5033, 750
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
Ахуыргæнæг: - Ныр та цæуæм балцы. Балцы разамонджытæ сты Ленæ æмæ Зæлинæ. Уыдон бацæттæ кодтой ацы презентации. Табуафси.
Нæ республикæ.
( слайдтæ ивынц кæрæдзийы)
Зæлинæ: - Зынаргъ уазджытæ, нæ зынаргъ æмбæлттæ, хонæм уæ немæ балцы!
Ленæ: - Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани у Уæрæсейы хуссайраг хайы рæсугъддæр регионтæй иу. Нæ республикæйы фæзуат у 8000 квадратон километры. Нæ республикæ хонынц хæххон бæстæ, уымæн æмæ æрбынат кодта Кавказы хæхты рæбын.
Зæлинæ: Ирыстоны сыхæгтæ сты: Гуырдзыстон, Кæсæг – Балхъар, Мæхъæл, Цæцæн æмæ Съараполы край.
Ленæ: - Нæ республикæйы цæры 100 адæмыхаттæй фылдæр: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ æндæртæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ – аланты байзæддæгтæ.
Зæлинæ: - Ирыстоны зæххыл ис дæлвæзтæ æмæ бæрзонд хæхтæ, фæзтæ æмæ уыгæрдæнтæ. Ирыстоны ис рæсугъд кæмттæ: Хъобангом, Дайраны, Уæлладжыры, Дыгуры, Куырттаты кæмттæ. Нæ зæххыл кæлы хæххон цæугæдæттæ: Терк, Æрæф, Æрыдон, Урсдон, Фыййаджыдон æмæ Джызæлдон.
Ленæ: - Ирыстоны хæхтæн сæ бæрзонддæр у Хъазыбеджы хох. Ирон адæм æй хонынц Сæнайы хох. Йæ бæрзæнд у 5033 метры.
Нæ хæхтæ хъæздыг сты гранитæй, æрхуыйæ, дурæвзалыйæ, здыйæ, цинкæй.
Зæлинæ: - Цæгат Ирыстоны кæлы Европæйы æппæты бæрзонддæр æхсæрдзæн Зæйгæлæн. Уый хауы 750 метры бæрзæндæй. Дунейы мидæг та ахсы 3-аг бынат. Ирыстоны суардæтты кой айхъуысти дардыл. Уыдон сты: Заманхъул, Урсдон, Зæрæмæг, Хилакъ, Хъæрмæдон, Тæмискъ, Тиб.
Ленæ: - Ирыстоны зæххыл ис алыхуызон зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, быдырон кæрдæджытæ, хъæдтæ, хъæздыг хæххон уыгæрдæнтæ. Тæккæ зынаргъдæр бæлас нæм у тæрс.
Ирыстоны хъæдты цæры бирæ цæрæгойтæ: дзæбидыртæ, хъæддаг галтæ, æрсытæ, рувæстæ, бирæгътæ æмæ æндæртæ.
Зæлинæ: - Ирыстоны зæххыл ис бирæ историон цыртдзæвæнтæ. Сæ зындгонддæртæ сты: Моргы лæгæт Дыгургомы. Уым Зæдæлескы Нана хъомыл кодта Иры сывæллæтты Тамерланы ныббырсты фæстæ; Реком – Ирыстоны зæронддæр кувæндон; Куыртта æмæ Тæгайы фидар Куырттаты комы; Дзывгъисы зæппадзтæ( «городок мертвых») æмæ бирæ æндæртæ.
Ленæ: - Республикæйы ис бирæ рæсугъд бынæттæ: Цъæйы , Дзинага, Бехъаны цад æмæ бирæ æндæртæ, Ам арæзт æрцыдысты фысымуæттæ æмæ отельтæ, фæлладуадзæн бынæттæ, санаторийтæ: «Осети», «Тæмискъ», «Фиагдон», « «Цъæй», «Урсдон» æмæ «Дзинага». Уымæ гæсгæ Ирыстонмæ тырнынц бæлццæттæ дунейы алы кæрæттæй.
Зæлинæ: -Уыйадыл нæ балц фæци.
Ленæ: - Æрбахæццæ стæм Дзæуджыхъæумæ
Иумæ: - Бузныг, кæй нæм байхъуыстат, уый тыххæй. Нæ ног фембæлдмæ!
Скъоладзаутæ: - Бузныг сымахæн дæр
Ахуыргæнæг: - Бузныг, чызджытæ. Скъоладзауæ, уæ балц уæ зæрдæмæ фæцыди?
Скъоладзау: - О, фæцыди.
Ахуыргæнæг: - Цы базыдтат ногæй нæ республикæйы тыххæй?
Скъоладзау: - Æз нæ зыдтон, Ирыстоны фæзуат цас у, уый
Скъоладзау:- Æз та нæ зыдтон , Хъазыбеджы хох ма Сæнайы хох дæр хонынц, уый
Скъоладзау: - Æз нæ зыдтон, тæрс зынаргъ бæласы мыггаг у, уый.
Скъоладзау: - Æз та нæ зыдтон Европæйы æппæтæй стырдæр æхсæрдзæн Ирыстоны кæй ис, уый.
Ахуыргæнæг: - Кæсут, цас ногдзинæдтæ базыдтат абоны урочы! Ныр та кæсæм текст.
Ахуыргæнæг: - Ссарут тексты миногонтæ.
1. Зæгъут, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты минонон? (Цавæр? Цы хуызæн?) 2.Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы арæхдæр минонон? (Номдаримæ)
3. Кæм фæлæууы миногон: номдары разæй æви йæ фæстæ (йæ разæй),
Зæгъæм:
(Рагон таурæгъ, рæсугъд ран, сыгъдæг цæугæдæттæ, æвзист æхсæрдзæнтæ)
Ахуыргæнæг: - Сæвæрут миногонтæ барæн æмæ уæлахизон бæрцы.
Барæн бæрц (сравнительная степень)
Уæлахизон бæрц
(превосходная степень)
Рагон –
Рæсугъд –
Сыгъдæг –
(Дзырдтæ бафыссын таблицæйы)
Ахуыргæнæг: - Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ :
Рæсугъд кæмттæ, сыгъдæг цæугæдæттæ.
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
Ахуыргæнæг: - Фæйнæгыл фыст дзырдтæн ссарут сæ къæйттæ:
Хæххон хæхтæ
Сыгъдæг цыртдзæвæнтæ
Бæрзонд бæстæ
Историон цæугæдæттæ
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
Ахуыргæнæг: - Дзырдтæ баххæст кæнут хъæугæ дамгъæтæй:
Хæ……он, адæмыха……, ирæ……æ, бæрзон……æр, хъæ……аг.
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
4. Хъуыдыйæдтæ текстмæ гæсгæ баххæст кæнут.
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
Ирыстоны зæхх йæ фæзуатмæ гæсгæ стыр нæу. Фæлæ ацы чысыл зæхх æрдзы хъæздыгдзинæдтæй æмæ рæсугъддзинæдтæй æххæст у. Нæй нæм æрмæст денджыз. Фæлæ нæм ис …. цæугæдæттæ, цадтæ, суадттæ æмæ суартæ.
Зæххæн йæ уæлцъарыл адæймаг йæхицæн хæринаг амал кæны. Фæлæ зæххæн йæхи мидæг дæр ис бирæ æрдзон хæзнатæ: …., …., …. æмæ æндæртæ.
Ирыстоны хæхтæ сты бæрзонд. Иуæй – иутæн сæ бæрзæнд, доны …. абаргæйæ
у мингай метртæ. Уыдон æххæст сты æрзæтæй, цинкæй.
Ирыстон …. цы бынæттимæ кæны, уыдон дæр хъæздыг сты æрдзылæвæрттæй.
Фæлæ дзы уæддæр Ирыстонæн æмбал нæй. Кæй ранымадтам, уыдон …. хонæм æрдзы диссæгтæ
сыхагиуæг æмткæй æрзæт
æмвæзадимæ дурæвзалы хæххон
(Интерактивон фæйнæгыл куыст)
Ахуыргæнæг: Лæвæрд дзырдты рæнхъытæн ссарын хъæуы сæ иумæйаг ном:
а) Хуссар Ирыстон, Гурдзыстон, Кæсæг – Балхъар, Мæхъæл, Цæцæн æмæ Съараполы край сты …. .
б) Ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, бердзентæ, азербайджайнæгтæ сты …. .
в) Хъобангом, Дайраны ком, Уæлладжыры ком, Дыгургом, Куырттаты ком сты…. .
г) Гранит, æрхуы, дурæвзалы , зды, цинк сты …. .
д) Заманхъул, Урсдон, Зæрæмæг, Хилак, Хъæрмæдон сты …. .
е) Дзæбидыртæ, хъæддаг галтæ, æрсытæ, рувæстæ, бирæгътæ сты …. .
Ахуыргæнæг: - Цæмæн хонынц Цæгат Ирыстон хæххон бæстæ?
Скъоладзау - Уымæн æмæ Ирыстон ис Кавказы хæхты рæбын.
Ахуыргæнæг: - Ирыстоны хæхтæн сæ бæрзонддæр кæцы у? Йæ бæрзæнд цас у?
Скъоладзау: - Хъазыбег. 5033 метры
Ахуыргæнæг: -- Цæмæй хъæздыг сты нæ хæхтæ?
Скъоладзау: - Гранитæй, æрхуыйæ, дурæвзалыйæ , здыйæ, цинкæй.
Ахуыргæнæг: - Цавæр респуликæтимæ сыхагиуæг кæны нæ республикæ?
Скъоладзау:- Хуссар Ирыстон, Гурдзыстон, Кæсæг – Балхъар, Мæхъæл, Цæцæн æмæ Съараполы крайимæ.
Ахуыргæнæг: - Цавæр цæрæгойтæ цæрынц Ирыстоны хъæдты?
Скъоладзау: - Дзæбидыртæ, хъæддаг галтæ, хъæддаг гæдытæ, хъæддаг хуытæ, æрсытæ, рувæстæ, бирæгътæ æмæ æндæртæ.
Ахуыргæнæг: -- Нæ республикæйы цавæр фæлладуадзæн бынæттæй ис?
Скъоладзау: - Цъæйы ком, Дзинагъа, Куырттаты ком, Бехъан æмæ æндæртæ
Ахуыргæнæг: - Цавæр историон цыртдзæвæнтæ ис Ирыстоны?
Скъоладзау: - Моргы лæгæт, Реком – Ирыстоны зæронддæр кувæндон, Куыртта æмæ Тæгайы фидар, Дзывгъисы зæппадзтæ( «городок мертвых»).
Ахуыргæнæг: Дарддæр нæ экскурсийы разамонджытæн сæ куыст абон нæма фæци. Бакæсæм сæм туристон агентство «Ирыстон» - мæ
Диалог- сценкæ:
(чызг бады йæ кусæн стъолы уæлхъус туристон агентство «Ирыстон» - ы. Хъуысы телефоны дзæнгæрæг
Турист: - Аллло!
Агентствойы кусæг: - Туристон агентсво «Ирыстон» . Хъусын дæм.
Турист: - Дæ бон хорз. Мæн фæнды Ирыстоныл абалц кæнын. Хъæуы мæ уæ уынаффæ. Хуыздæр туристон маршрут кæдæм ис?
Агентствойы кусæг: - Ирыстоны алы къуым дæр рæсугъд у! Фæлæ дæ кæд мæ уынаффæ хъæуы, уæд - Хъобангоммæ!
Турист: - Æмæ дзы цы фенæн ис рæсугъдæй, цымыдиссагæй?
Агентствойы кусæг: - Диссаджы рæсугъд ком, бæрзонд хæхтæ, къæдзæхтæ, хæххон цæугæдæттæ, кувæндæттæ, рагон зæппадзтæ стæй уæд алæмæттаг уæлдæф.
Турист: - Æмæ мын фæндагамонæг дæр уыдзæн?
Агентствойы кусæг: –Уæдæ! Фæндаг амоны тынг арæхстджын гид.
Турист: Тынг хорз. Кæд уыдзæн мæ балц?
Агентствойы кусæг:. - Хуыцаубоны райсомы фараст сахатыл.
Турист : - Бузныг!
Агентствойы кусæг: - Дзæбæх у!
Мæн фæндид, нæ урочы кæрон æмдзæвгæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» куы радзуриккам, уый.
(æмдзæвгæ куплетгай кæсынц скъоладзаутæ)
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тархъæдтæ,
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, цъæх быдыртæ,
Нæ дидинæгджын фæз,
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас,-
Мыггагмæ дæр сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у баст.
Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ зæхх.
Нæ бæркадджын фæллойæ дæ
Ысбуц кодтам дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр,
Нæ уыдис æмæ нæй!
Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр
Æвдадзы хос лæгæн.
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!
Ахуыргæнæг: Нæ урочы кæрон раздæхдзыстæм эпиграфæн цы рæнхъытæ равзæрстам, уыдонмæ:
«Æз зæххыл фæзылдтæн алкæм,
Алы дард бæсты фæдæн, —
Ир цы рухс дзæнæт у, ахæм
Нæй æгас бæстыл цæрæн».
(Плиты Грис)
- Уыйадыл нæ урок фæци. (бæрæггæнæнтæ сæвæрын, хæдзармæ куыст раттын)
Бузныг уе ΄ппæтæн дæр.