Гом урок 6 класс
Темæ: Цæгат Ирыстон.
Грам. æрмæг: - Номдарты нымæц.
Нысан: 1. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг рафæлхатын.
2. Ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Ног лексикон-грамматикон æрмæг равзарын.
Хъомыладон
хæс: - скъоладзаутæм райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын;
- сывæллæттæн ирон æвзаг уарзын кæнын.
Урочы æрмæг: карточкæтæ индивидуалон хæслæвæрдтимæ, фæйнæгыл лæвæрд æрмæг, рагон Дзæуджыхъæуы къамтæ.
Урочы цыд:
I.Организацион хай.
II. Рацыд æрмæг рафæлхатын.
Лексикон зарядкæ. (2 скъоладзау карточ.)
- тесктæй рафыссын дзырдтæ, кæцытæ домынц фæрстытæ:
Чи? Цы? Цавæр? Цы кодта? Цы кæнынц? Цас?
Уыцы рæстæг ахуыргæнæг иннæ скъоладзаутимæ æвзары хæдзармæ куыст.
Ратæлмац кæнын.
Я живу в Северной Осетии. Столица республики – город Владикавказ. Здесь проживает более 300 тыс. людей. В центре города протекает река Терек. А недалеко от города расположились Кавказские горы. Они высокие и белоснежные. Природа нашей Осетии очень красива.
Диалог рольтæм гæсгæ бакæсын, ратæлмац кæнын. (лæвæрд цæуы).
III. Ног æрмæгыл бакусын.
Рагон Дзæуджыхъæу къамтыл (нывтыл) æрдзурын.
Зæгъын, куыд хуындысты раздæр нæ уынгты нæмттæ æмæ цæмæн? Цавæр историон цаутимæ баст сты ацы къамтæ.
2. Ахуыргæнæг компьютерæй ратты текст «РагонДзæуджыхъæу».
3. Дзырдуатон куыст интерактивон фæйнæгыл.
Сæххæст кæнын хæслæвæрдтæ:
æ) спайда кæнын ног дзырдтæй хъуыдыйæдты.
б) тексты ног дзырдтимæ цы хъуыдыйæдтæ ис, уыдон ратæлмац кæнын.
4. скъоладзаутæ кæсынц æмæ тæлмац кæнынц текст «Рагон Дзæуджыхъæу».
Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.
1. Дзæуджыхъæу кæд арæзт æрцыд?
2. Раздæр цавæр уыд нæ горæт?
3. Куыд хуынд Ленины фæз? Цы уыд ам?
4. Цы уыд раздæр цæнгæт хидыл?
5. Кæд ацыд фыццаг трамвай?
6. Текстæй рафыссын. Ратæлмац кæнын.
раньше был другим
фрукты и вино
первый раз поставили
стоимость бочки с водой
два раза в неделю
там продавали
Грамматикон æрмæгыл бакусын. Зæрдылдаринаг: форма мн. ч. сущ. в осет. яз.
[pic] [pic]
о [pic] бразуется при помощи тæ – т – æ . При этом происходят следующие фонетические изменения.
а) замена одного гласного другим
б) при такой замене в словах, которые заканчиваются на р, л, м, н, й, у т - удваивается
в) когда слова оканчиваются на группу согласных, то между ними и т – часто появляется гласный – ы.
к [pic] , г, къ, ч, дж, гъ.
г) образование слов.
Фыд – фыдæлтæ
(Ратæлмац кæнын) æрвад – æрвадæлтæ.
1. текстæй рафыссын бир. н. номдартæ.
З/м; уынгты, нæмттæ, хъуымæцтæ, дыргътæ, дуканитæ æмæ а.д.
2. Баххæст кæнын номдартæ (бир. н.).
Фæйнæгыл текст цухгонд дамгъæтимæ.
IV. Аудировани.
Ирыстон.
Ирæттæ цæрынц хæхты хъæбысы – Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны. Хæхты ис бирæ æрзæдтæ, минæралон дæттæ. Уыдоны раз арæзт цæуынц санаторитæ æмæ фæлладуадзæн хæдзæрттæ. Цъититæй фæзтæм кæлынц цæугæдæттæ. Уыдоныл сарæзтой электрон станцæтæ. Ирыстоны ис цалдæр горæты æмæ бирæ хъæутæ. Горæттæ тынг стыр не сты, фæлæ сæ уынгтæ сты аив дидинджытæй æмæ бæлæстæй.
V. Кæронбæттæн хай. Х/к дзырдтæ текст х/к (радзур – 2 урок).