Гом урок 7-8 кълæсты
Темæ: «Мадæлон æвзаг - æвзæгты сæр»
Урочы хæстæ: 1.рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ;
2. хъомыл кæнын сæрыстырдзинад нæ хистæртæм
3. дзырддзæугæ лæгтæм, райгуырæн бæстæмæ,
4. ныхасы рæзтыл куыст
Цæстуынгæ æрмæг: Техникон фæрæзтæ, ирон цæгъдтытæ, хуыздæр къамтæ, къулын газеттæ, докладтæ (чи къулыл, чи стъолыл…),эпиграфтæ, высказывание.
Высказывание:
«Æвзаг у адæмы истории.Æвзаг у цивилизаци æмæ культурæмæ æмæ фæндаг». Узбекаг фыссæг Шариф Рашидов
« Мадæлон æвзаг нæ зонын у тæккæ æгаддæр æмæ худинагдæр хъуыддаг».
« Йæ мадæлон æвзагмæ куыдфæнды цæстæй чи кæсы, уый у хъуыддаг»
Паустовский.
« Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын зæххæй куы стонай, уæд. Æвзаг амæлы, йæ уидæгтæ йын бинонты æхсæн куы сыскъуынай, уæд. Уымæ гæсгæ, ирон лæг де'взаг хъахъхъæн дæ бинонты 'хсæн»
«Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый у, хъæды мæргътæй йæхи ахстон кæмæн нæй, уый хуызæн». Нигер
Чингуыты, дзырдуатты равдыст. ( А. Шегрен, В. Миллер, В. Абаев, Т. Гуриев, Б. Алборов… Осетия и Осетины (сæ къамтæ)
Ахуыргæнæджы ныхас: - Уазæг кадджын у ирон адæммæ, æмæ нæ уазджытæн салам радтæм.
Ахуырдзаутæ: - Алы бон æгас нæм цæут!
Ахуыргæнæг: - Сбадут
Ахуыргæнæджы разныхас: Æз дæ ныфсæй дæн хъаруджын
Ды мæ хотыхты цырагъдар.
Ахъардтой дзырдтæй мæ туджы.
Мады æхсырау дæ сыгъдæг.
(Пухаты А. « Ирон æвзаг»)
Мадæлон æвзаг! Нæ ныййарджытæ – мадæлтæ æмæ фыдæлтæ цы æвзагæй дзырдтой æмæ дзурынц, уый у нæ мадæлон æвзаг. Сывæллон æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзагæй йæ мады номæй сдзуры.Æвæдза, не 'взаг дæр мадæлон уымæн хонæм ныййарæджы æмрæнхъ æй уымæн æвæрæм æмæ йæ хъуамæ хъахъхъæнгæ дæр кæнæм, куыд мадæлты, афтæ.
1 Ахуырдзау: - Абон Ирыстоны бындурон цæрджытæ тынгдæр цæуыл хъынцъым кæнынц, уый у нæ мадæлон æвзаджы уæззау, уавæр. Сæфты къахыл ныллæууыд, æмæ ма æцæг ирон чи у , уый исы фæдис. Мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд йæ адæм дæр æнгомдæр сты, кæрæдзи хуыздæр фембарынц – æвзаг сæ иу кæны..нæ фыдæлты нын ныууагътой бирæ æгъдæуттæ. Кæцытимæ сты Нарты кадджытæ, нæ таурæгътæ, æмбисæндтæ, фразеологизмтæ.
2 Ахуырдзау: - Ирон æвзаг хъæздыг куы нæ уаид, уæд æм тæлмацгонд нæ цæуиккой дзырдæй- дзырдмæ тексты аивдзинад нæ фесæфгæ дунейы. Зынгæдæр фысджыты уацмыстæ куыд, зæгъæм, Шекспиры «Отелло», «Гамлет» æмæ æндæртæ… ( бакæсын скъуыддаг трагедийæ)
Ахуырдзау: Уæдæ ахæм хъæздыг æвзаг рохгонд, чъизигонд цæмæ цæуы? Цæмæ ис не'хсæн ахæм æнæрхъуыды адæм не ''чи сæмтъеры кæны дзургæ æндæр æвзаджы дзырдтимæ.
Ахуырдзау: - Уæвгæ, уый æрмæст абоны низ нæу. Мæнæ куыд уайдзæф кодта 20 æнусы тæккæ райдайæны Иры фæсивæдæн Гæдиаты Секъа.
Худинаг уæм куыд нæ кæсы
Æнцад бадын фыддæрадæн?
Иу лæгау куыд нæ тæрсы
Феæфынæй Иры 'взагæн!
***
Ирон адæм цытæ систы?!
Чи – гуырдзиаг, чи – уырыссаг.
Чи – тæтæйраг, чи – кæсгон.
Никуы федтон ахæм диссаг,
Ныр куыд сæфы Ирыстон.
***
Ахуырдзау: - Ис 'взагæй нал дзурæм иронау
Ис хъæбулæй не 'взаг у æвæд –
Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй,
Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд!
«Макæй уарзæм» - афтæ ма уæм дзурын.
Фæлæ уарзтæй хъуамæ мА уæм куырм.
Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау,
Рухс кæнæд æппæты фыццаг уым!
Ахуыргæнæджы ныхас: - Æвзагыл цас фылдæр дзурой æмæ кусой , уыйас тыхджындæр кæны. Фæстаг æнусты дæр алы бæстæйы зындгонд ахуыргæндтæ, стæй нæ ирон ахуыргæндттæ ныффыстой æмæ фыссынц ирон æвзагзонады тыххæй сæ ахсджиаг куыстытæ.
Уыдон сты(радыгай дзурынц скъоладзаутæ):
Андрей Шегрен – ирон грамматикæ, ирон- уырыссаг дзырдуат.
20-æм æнусы Всеволод Миллер:
« Ирон этюдтæ» - 3 томы
« Ирæтты æвзаг» - немыцаг æвзагыл.
Ирон – уырыссаг – немыцаг дзырдуат.
Æлборты Барысби – фыццаг ирон æвзаджы грамматикæ.
Абайты Васо: -3 сæдæйы фылдæр куыстытæ.
Ирон æвзаг æмæ фольклор.
Нарты эпос.
Ирон грамматикон очерк.
Уырыссаг – ирон дзырдуат
Ирон æвзаджы историон – этимологон дзырдуат.
Ахуыргæнæг: - Нæ кадджытæ, нæ таурæгътæ, нæ аргъæуттæ - нæ цин,
Æнæ уыдон гæвзыкк æмæ мæгуырæй æз цæрин.
Æнустæ æмæ фæлтæртæ ныууагътой уым сæ зонд,
Сæ фæрцы лæг кæддæриддæр хæссы йæ сæр бæрзонд.
Дзасохты Музафер Уыдон бахъахъхъæнæн ис æрмæстдæр æвзаджы руаджы. Æнæ æвзагæй уыдон сæфт сты.
Æмбисонд афтæ зæгъы «Мадæлон æвзаг – æвзæгты сæр»
Æвзаг куы слæмæгъ уа, уæд уыцы адæмы тых сæтгæ кæны.Æдых адæмыл та æнцой балæгæрдæн ис. Æфсарм кæй нæй.æгъдау кæм нæй, хихъуыдыдзинад
Кæм нæй, уыцы адæмы баййафы ацы æмбисонд:
«Кау кæм ныллæгдæр у, адæм дæр ууылты хизынц»
Ирон æвзаг рагон æвзаг у, хъæздыг дæр уымæн у. Байхъусæм ма, цы зæгъынц стыр ахуыргæндтæ нæ ирон æвзаджы тыххæй:
Ахуырдзау: - М. Боголюбов : « Ирон адæм тынг хорз бахъахъæдтой се'взаджы
Рагон æууæлтæ, ирон æвзаджы баззад нæ рагон бындур. Уымæ гæсгæ ирон
æвзаг у хæзна, къæбиц иннæ индоевропæйы æвзæгтæ иртасынæн æмæ йæ
уый тыххæй ахуыр кæнынц дунейы стырдæр университеты»
Ахуырдзау: - В,А, Кузнецов: -« Осетины принадлежат к числу интереснейших в историческом и этнографическом отношении народов Кавказа. Иранские происхождения их языка резко выделяет осетин среди окружающих народов – грузин, ингушей, кабардинцев, балкар – говорящих на кавказских и тюркских языках. Именно эта загадка происхождения и истории осетин издавна привлекла к ним внимание русской и мировой науки».
Ахуырдзау: В. Миллер – « Æз ирон æвзагæй цæйбæрц къуымых дæн, фæлæ мА суанг афтæмæй дæр мæ зæрдæйæ æнкъарын, æнафоны цардæй чи ахицæн, уыцы поэты « Ирон фæндыр»-ы рæсугъд зæлтæ, йæ æмдзæвгæты диссаджы дзырдарæхт æмæ аивдзинад».
Ахуырдзау: Ж. Дюмезиль: « Осетины преуспели. Они сберегли до наших дней не только язык как форму , несущую некое культурное содержание, но само это содержание, в котором отразилось состояние скифской цивилизации на последних ступенях ее развития. А главное – живые бесценные эпические сказания. Героические образы эпоса по-прежнему свежи и самобытны. Русский ученый высшего класса Всеволод Миллер рассмотрев язык и лингвистической точки зрения и с этнографической точки зрения посвящает 3 тома своих « Осетинские этюды» (1881 – 1887)
Ахуыргæнæг: Ирыстонæн, ирон адæмæн хорзы чи бацыд, уыдонæй алкæмæн
Дæр Къоста, загъта йæ бузныджы ныхас. Уæлдай бузныг уыд уырыссаг генион поэт Александр Пушкинæй.
Ахуырдзау: (Кæсы «Салам»)
Ахуыргæнæг : Мадæлон æвзаг рагон кæй у, йæ цардвæндаг дæр, йæ хъысмæт дæр алыхуызон уымæн у. байхъусæм ма Хъайтыхъты Азæмæты æмдзæвгæ
« Мадæлон æвзаг»-мæ дæр:
О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы загътон!
Дæу аккаг хæзна дзырд зæххы цъарыл нæй,
Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй
Уæддæр дæ æвдадзы нæ акæнин уæй.
Куыннæ ис дунейы æвзæгтæ та бирæ
Къуымыхдæр дзы се''мадæлон æвзаг, хæрын дын стыр арт,
Æз се'ппæтыл иумæ нæ баивын дæу.
Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид
Цардудæй дын мардау æз уаин фынæй.
Мæн сусæны хур дæр æнæ дæу нæ тавæд
О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ,цæй!!!
Айларты Михал – « Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй»
Тæрсын ирон куы нал дзура иронау,
Куы байрох уа нæ мадæлон æвзаг,
Фыдрæстæг ныл куы ныддаргъ уа, куы, бонау,
Куы ркъуыра махыл йе скъæл къах ызнаг.
Мæ рагон Ир, нæ уыдзынæ гæныстон,
Гъе Уастырджи, фыдбылызæй нæ хиз!
Мæ Ир, дæ зæххыл бирæ дон фæнызтон
Æмæ фыдрынау фесæфтис мæ низ.
Æрттив, фæйлау, нæ фарны сырх тырыса,
Дæу систам хурты – хуры 'мвæз бæрзонд,
Мыййаг ирон фыдбылызæй куы тыхса,
Уæд – иу нæм равдис де'хуыз, дæ конд!
Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй
Ирон йæ сæрмæ не'рхæсдзæн æгад.
Дæ хæрзтæ, Ир , нæ бафиддзыстæм донæй,
Дæуæй зонæм ныййарæг мады ад!
Ахуыргæнæг: - Æвзаг у адæмы истории.Æвзаг у цивилизации æмæ культурæмæ фæндаг, нациты фмдауц, фыдæлтæй баззаинаг хæзна. Алы æвзаг дæр бæрзондыл æвæрд йæ адæмæн. Алчи дæр нæ хæсджын у, кæмæй равзæрдыстæм, уыцы адæмы раз – чи нын радта йе стырдæр хæзна - йе''Нæ хæс у, дарæм æй сыгъдæг, хъæздыгдæр æй кæнæм.
Ахуырдзаутæ: 1. Уазæг кадджын у ирон адæммæ æмæ нæ уазджытæн фæндараст зæгъæм.
2. щ дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау, табу дæхицæй! Лæгæн ацы зæх-
хыл хорз цæрынмæ фарн æмæ амондæй цы саккаг кодтай , уымæй нæ хайд-
жын æмæ хайырджын скæн!
3. Уе 'ппæт дæр раст фæндагыл цæут! Кæдæм бафтат, уым та уæ дзыхы ныхас адджын куыд уа, ахæм амонд уæ уæд!!!
Ахуырдзау: - Мах канд ирон ныхасыл нæ ахуыр кæнæм, фæлæ ма тынг уарзæм ирон аивад. Уæ хорзæхæй, нæ уазджытæ, кафты бар уын.
(Хъусынц фæндыры зæлтæ..хъуысы «Ханты цагъд»)