План конспект урока на тему Архайд авдисаг дзырдта

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


2къл ирон къорд



Темæ: Архайд æвдисæг дзырдтæ.(Фæлхат кæнын)



Урочы хæстæ:

1. Сфæлхат кæнын предме æвдисæг миниуæг æвлисæг æмæ архайд æвдисæг дзырдтæ.

2.Скъоладзауты зонындзинæдтæ рапарах кæнын, ныхасы рæзтыл бакусын нывтæм гæсгæ, текстыл бакусын.

3.Ахуырдзауты ахуыр кæнын уарзон цæстæйкæсын æрдзмæ, цæрæгойтæм, аудын сыл æмæ сæ хъахъхъæнын.

Урочы æрмæг: компютер, слайдтæ нывтимæ, музыкæ, текст.

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

Салам раттын.

-Уæ бон хорз сабитæ. Нæ зæрдыл ма æрдарæм афæдзы афонтæ. Цал афодзы афоны ис? Цæмæй хицæн кæнынц? Цавар ахорæнтæй сахориккам алы афæдзы афон?( Слайд афæдзы афонтæ)

[pic]

-Цавæр у Ирыстоны æрдз? Нывтæм гæсгæ ма радзурæм.

2. «Æвæдза цай диссаджы æрдз ис Ирыстоны?»

-Цæмæй у рæсугъд?

3. Уыци уыцитæ.

1.Уазалы- бæгънæг

Хъармы –тыхт (бæлас)

2.Зымæг мæгуыр

Сæрд-хъæздыг( æрдз)

3. Нæ бур кæрцджын маргъы фыд уарзы(рувас)

4. Æнæ фæрæт æнæ къухтæй саразы хæдзар. (цъиу)



4.Дзырдтæ бæлас, рувас, цъиу –мæ бафтауæм архайд æвдисæг æмæ миниуæг æвдисæг дзырдтæ цæмæй нын дзы рауайа дзырдбæстытæ(бæлас змæлы, рувас хæры, цъиу зары)

(слайдтæ)

5. Фонетикон фæлтæрæн

Ахуыргæнæг кæсы дамгъæтæ сывæллæттæ йæ фæстæ дзурынц

Къ, чъ, цъ, хъ, дз ,гъ, дж, пъ, пъ; къæ, къо, гъы, гъу цъы хъа, хъо хъу.

Фарст: Зæгъут ма, сабитæ æрдз алы хатт афтæвæййы?

Кæмæй аразгæ у æрдзы расугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинад?

Цы хъæуы цæмæй æрдз уа рæсугъ æсыгъдæг?(слайдтæ)

6.Уæдæ ныртæккæиу чысыл ахъазæм

Уазæгуаты нæм æрбацыд тæрхъус арбахаста нын фыстæджытæ æмæ са бакæсам.

«Æз дæн рæсугъд быдираг дидинæг, мæ алыварс сты калд алы хуызон дзæкъултæ æмæ мын у зын улæфæн. Уа хорзæхæй баххуыс ма мын кæнут»

«Фыссы уам зæронд тулдз бæлас базæронд дæн æмæ мæ бон нал у дон æрбахæссын.Дон ма мын бадарут.»

Физминуткæ:»М

Физминуткæ: Мæнæ хур нынг æртавта.

Дидинджытæй иутæ сæхи æрбатыхтой иннæтæ та хуры рдæм азылдысты. Изæрæй иутæ сæ сæртææруагътой, иннæтæ та сæртæсистой.



Ныр та рахизæм нæ куыстмæ æмæ æркæсæм текстмæ.Цæмæй хуыздæр бамбарæм нæ текст уый тыххæй уал равзарæм нæ ног дзырдтæ.

Цуанон-охотник

Сæгуыт-косуля, дикая коза

Топп- ружье

Хъоппæг- пучеглазый

Аууон- тень

Ацы дзырдтимæ ма архъуыды кæнæмдзырдбæстыт

Ацы дзырдтимæ ма архъуыды кæнæмдзырдбæстыт æмæ хъуыдыйæдт æмæ хъуыдыйæдтæ. Ног дзырдтæ ныффыссын дзырдуатты.

Зæгъут цавæр кавказаг мыртима сæмбæлдыстНог дзырдтæ ныффыссын дзырдуатты. [pic]

Зæгъут цавæр кавказаг мыртима сæмбæлдыстæм?

Ныртæккæ та рахизæм нæ текстмæ.

Иу ахæмы цуаноны размæ фесты сæгуыт æмæ йæ лæппын. Цуанон топп фелвæста æмæ йæ сæгуытма фæдардта. Сæгуыт йæ лæппыны йæ аууон акодта æмæ йæ мæлæтиæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, цуанонмæ комкоммæ каст. Стæй æвиппайды ставд дыууæ цæссыджы йæ тарст хъоппæг цæстытæй æркалдысты. Цуанонæн йæ топп йæкъухæй æрхауд, æмæ йæ уымæй фæстæмæ никуы систа.

[pic]


Текст хи ныхæстæй радзурын. Сæргонд æрхъуыды кæнын.

Тексты ма ссарæм хъуыдыйад кæцыйы æмбæлы дзырд хъоппæг цавæр дзырдимæ баст у? (хъоппæг цæстытæ) Зæгъут ма дзырд ц Зæгъут ма дзырд цстытæ кæцы нымæцы æвæрд ис? (бирæон- цæстытæ)

Текстæй рафыссын архайд æвдисæг дзырдтæ.

Хæс: Ратæлмац кæнын уырысаг æвзагма хъуыдыйæдтæ.

А) Цуанон топп систа (фелвæста) æмæ йæ сæгуытмæ фæдардта.

Æ) Стæй æвиппайды йæ тарст стыр (хъоппæг) цæстытæй æркалдысты цæссыгтæ.

Ацы хъуыдыйæдты фæивтон дзырдтæ, ссарут ма мын цавæр дзырдтæ сты?

Загъут ма мын цауыннæ амардта цуанон сæгуыты? Фæиæригъæд кодта сæгуытæн æмæ йæ нæ амардта, фæлæ хъыгагæн ис ахæм адæм кæцытæ сырдтæн нæ тæригъæд кæнынц. Сымах та куыд бакодтаиккат?



Текст куыд бамбæрстам уый базонынæн аххуыс кæндзæн хъазт.

Дамгъæты хсæн ис æмбæхстдзырдтæ ссарæм ма сæ æмæ сæ баххæст кæнæм. (фелвæста, каст, æрхауд, сæгуыт, цуанон.)

П р ф е л в æ с т а хъ л къ к а с т и щ й ц у а н о н э з ф æ р х а у д гъ тъ с æ г у ы т в ы у м

Текстмæ гæсгæ ацы дзырдтимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.

Предмет æвдисæг дзырдты сæрмæ æвæрæм нымæц 1 миниуæг æвдисæг дзырдты сæрмæ та 2.

Дзырдтæм бафтауæм кæрæттæ

Æз кæс ын

Ды кæс ыс

Уый кæс ы

Мах кæс æм

Сымах кæс ут

Уыдон кæс ынц

Дзырд «кæс» æн ис дыууæ нысаниуæг(смотреть , читать)

Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

1.Цæуыл дзырдтæм абон урочы?

2.Цы хъæуы цæмæй æрдз уа расугъд æмæ сыгъдæг?

3.Сымахæн та цы у саразын уа бон уыцы хъуыддаган?

4.Цавæр ног дзылдтимæ базонгæ стæм? Цуанон-охотник

(Сæгуыт,топп,хъоппæг ,аууон.)

Хæдзармæ куыс. Ныффысын фæйн æртæ миниуæг æвдисæг æмæ архайд æвдисæг дзырдтæ