Урочы темæ: Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.
Урочы цыд.
Организацион хай.
Рацыд æрмæгæй бафæрсын.
1.(2с.) Терминтимæ куыст.
Таблицæйы цы терминтæ ис, уыдонæн сæ къæйттæ раст ссарын.
2.(3с.).Грамматикон аргъау.
Æвзагзонынады бæстæйы цардис Синтаксис. Йæ хъæбул Хъуыдыйадæн уыди бирæ сывæллæттæ. Дыууæ фаззон хистæры хуындысты Сæйрат æмæ Зæгъинаг. Тынг æнæвдæлон уыдысты ацы фаззæттæ. Сæ ныййарæг сæ хæдзары бындур хуыдта.
Цоты кæстæртæ æртæйæ: Æххæстгæнæн, Бæрæггæнæн, Фадатон дзырд – æвдæлондæр уыдысты. Куы-иу сæ иуы хъуыди хистæртæн аххуыс кæнын, куы сæ иннæйы. Афтæ дæр-иу рауад, æмæ –иу се ̓ртæйы æххуыс дæр бахъуыд.
Æртæ кæстæрæн-иу уæгъд рæстæг куы уыди, уæд-иу арæх быцæу кодтой, чи сæ фылдæр æххуыс кæны сæ хистæртæн, ууыл.
(4с.)---Абон нæ хæс у, уыцы быцæуæн кæрон скæнын.
(Кълас адих кæнын 3 къордыл. Алы къорд дæр дзуры хицæн хъуыдыйады фæрссаг уæнгыл.)
(5с.)—Цы уæ бахъæудзæн абон ацы хæс сæххæст кæнынмæ? (Зонындзиндзинæдтæ, хæлардзинад)
3.(6с.) Æххæстгæнæн.1) (Къорды хистæр райдайы аргъауæй)
(7с.) –Æххæстгæнæн хæларæй царди фæрссаг хауæнтæй кæцыдæртимæ: Номон, Гуырынон, Дæттынон, Арæзтон, Иртæстон, Æддагбынатон, Цæдисонимæ.
Тынг хæларæй царди Зæгъинагимæ дæр. Иу кæцыдæр бон Æххæстгæнæны нал ардтой æмæ фæфæдис сты Зæгъинагмæ. Уый йæ уайтагъд ссардта.Уæдæй нырмæ, Æххæстгæнæны куы фæагурынц, уæд фыццаг райдайынц Зæгъинагæй.
2) Къорды уæнгтæ дзурынц теоретикон æрмæг æххæстгæнæны тыххæй.
(8с.) 3)Къордæй иу кæсы æмæ æвзары хъуыдыйæдтæ æххæстгæнæнтимæ.
--Мах фæнды æрмæст æххæстгæнæнты руаджы радзу-рын, нæ фыдæлтæ Ногбонмæ сæхи куыд рæвдз кодтой, уый тыххæй.
Сылгоймæгтæ-иу бафснайдтой хæдзар.
Кодтой чъиритæ, фыхтой бæгæны.
Сывæллæттæн-иу æрцæттæ кодтой лæвæрттæ.
Æфсин кодта æртхурон æмæ-иу æй байуæрста бинонтыл. Адæм кæрæдзийæн арфæтæ кодтой.
(9с.)Дзырдуатон куыст: æртхурон.
--Куыд федтат, афтæмæй нæ фыдæлты æгъдауы тыххæй радзырдтам æрмæст æххæстгæнæнты æххуысæй.
Нæ бон зæгъын у, мах сеппæтæй тынгдæр хъæуæм.
(10с.)4.Бæрæггæнæн.(Къорды хистæр райдайы)
--Махмæ та афтæ кæсы, æмæ æнæ бæрæггæнæнтæ цард уаид æнкъард, фæлурс, æгъуыз.
1)(Къорды уæнгтæ дзурынц теоретикон æрмæг бæрæггæнæны тыххæй)
(11с.) 2)—Цæмæй уæ нæ ныхæстæ хуыздæр бауырной, уый тыххæй- ма æрбакæсут мæнæ ацы нывтæм.(11с.)
Бæрæггæнæнты руаджы фæлурс, æгъуыз ныв алы ахорæнтæй сæрттывта, йæ хуыз скалдта.
(12с.) 2-аг нывмæ гæсгæ 3-4 хъуыдыйады ныффыссын бæрæггæнæнтимæ; бæрæггæнæнтæ бахахх кæнын.
--Бæрæггæнæнты руаджы ма адæм базонынц «мæн у»- «дæу у», ома предмет кæй у , кæнæ цæй хай у.
(Дæнцæгтæ)
--Махмæ гæсгæ бæрæггæнæнтæ æппæтæй тынгдæр хъæуынц нæ царды æмæ æвзаджы.
(13с.) 5.Фадатон дзырдтæ.(Къорды хистæры ныхас)
1)-- Æмæ фадатон дзырдтæ иннæтæй æнæпайдадæр сты?
Зæгъæм, æз ме ̓мбалмæ куы бадзурин, «æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн», уæд мæ хуыздæр бамбарид æви
кæд?, кæм? æмæ цæмæн? æнхъæлмæ кæсдзынæн, уый дæр ма куы зæгъин, уæд?
Райсом дæм сихорыл дуармæ æнхъæлмæ кæсдзынæн: быдырмæ кусынмæ цæудзыстæм.
2)Къорды уæнгтæ дзурынц фадатон дзырдты тыххæй: афоны, бынаты, æфсоны, нысаны, архайды хуызы.
(14-18с.)3) Равдысын цалдæр зымæгон нывы тексттимæ. Алы хъуыдыйады дæр архайды хуызы фадат куыд уа.
4) Хъуыдыйæдтæй рафыссын зæгъинæгтæ архайды хуызы фадæттимæ.
--Чи зæгъдзæн, аивадон литературæйы ацы мадзал куыд хуыйны? (абарст)
--Цæмæн хъæуынц абарстытæ тексты? (абарстыты руаджы хъуыдыйад свæййы поэтикон; нæ ныхас вæййы рæсугъддæр,хъæздыгдæр æмæ а.д.)
Ах. 6. Ныффыссын 2 хъуыдыйады,равзарын сæ æмæ сæ абарын.
Зымæг æрхæццæ.
Урсзаче зымæг нæ хæхбæстæм æрхæццæ уазалтимæ, митуардимæ.
Ах. --Цы ̓ххуыс сты фæрссаг уæнгтæ?
Ах. --Уæддæр хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæй ахсджиагдæр кæцытæ сты? (Иууылдæр)
Ах. --Цæмæн? (Хъуыды вæййы бæлвырддæр; хъуыдыйад вæййы рæсугъддæр; ныхас вæййы хъæздыгдæр; хъуыдыйад вæййы мидисджындæр æмæ а.д.)
Ахуыргæнæджы хатдзæг:
Адæймаджы куыд хъæуынц йе уæнгтæ иууылдæр, афтæ хъуыдыйады дæр æппæт уæнгтæ дæр хъæугæ кæнынц.
7.Сывæллæттæ кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнынц.
8. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
(19)Хæдзармæ куыст: сочинени-миниатюрæ
«Зымæгон аргъау»
Урочы темæ: «Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ» -
кæронбæттæн урок.
(урок-быцæу)
Нысан: 1.Бафидар кæнын æрмæг æмæ рацыд æр- мæгæй ныхасы пайда кæнын сахуыр кæнын.
2.