ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ӔВЗАГӔЙ (ДИФФ.КЪОРДТЫ)
«ДЗУРӔМ ӔМӔ КӔСӔМ ИРОНАУ».
Ахыргӕнӕг: Гасситы Фатимӕ
Кълас: 3 «А»
Чиныджы автор: Битарты Раисӕ
Урочы темӕ: « Нӕ бинонтӕ»
Урочы нысантӕ:
1.Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Урочы хӕстӕ:
Ахуырадон хӕс:
1.Рацыд темӕйӕ дзырдтӕй пайда кӕнын дзургӕ ныхасы.
Рӕзынгӕнӕн хӕс:
1.Ахуыр кӕнын чингуытӕй хъӕугӕ информаци исын,
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агурын, кӕй базыдтой, уыцы информацитӕн аргъ кӕнын.
Хъомыладон:
1.Хибарӕй кусыныл ӕфтауын.
2. Бинонтӕн аргъ кӕнын ӕмӕ сӕм уарзондзинад гуырын кӕнын, хистӕртӕн кад кӕнын.
Уроча фӕлгонц: интерактивон фӕйнӕгыл презентаци, видеоӕрмӕг, ахуыргӕнӕн чиныг, карточкатӕ,нывтӕ.
Фӕйнӕгыл ӕмбисонд фыст: «Ӕнгом бинонтӕ цард арынц» - «Дружная семья жизнь находит»
Урочы цыд:
1.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
-У бон хорз,сывӕллӕттӕ!
-Ӕгас цу!
Ахуыргӕнӕг: Нӕ уазджытӕ,сымах дӕр алы бон ӕгас цӕут!Уӕ хорзӕхӕй,нӕ уазджытӕн дӕр салам раттӕм!
-Бузныг,ӕрбадут!
-Тынг ӕхсызгон мын у уемӕ фембӕлын. Ныр та кӕрӕдзимӕ бахудут ӕмӕ райдайӕм нӕ урок.
-Акӕсут фӕрсагӕй ӕмӕ зӕгъут,цавӕр боныхъӕд у абон?
[pic]
-Абон у хурбон,зӕрдӕ райы…..
-Уӕдӕ нӕ урочы хорз бакусӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ноджы фӕхъӕлдзӕгдӕр кӕнӕм.Зӕгъут- ма,ӕрвылбон кӕдӕм фӕцӕуӕм?
-Скъоламӕ.
-Райдайӕм маршӕй цӕуын.
1,2,3,4
Скъоламӕ фӕуайӕм мах,
Зондамонӕгмӕ фӕхъусӕм,
Хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ исӕм.
2.Фонетикон куыст.
-Сывӕллӕттӕ, азарӕм зарӕг «Скъоламӕ».
Тагъддӕр уайут уе скъоламӕ-
Уасӕг зарджытӕ кӕны,
Цырддӕр акӕнут уӕ дарӕс-
Хур уӕм рудзынгӕй кӕсы.
Адӕм,сырдтӕ,гыццыл цъиутӕ-
Алчи куысты сӕр лӕууы…..
-Уӕдӕ мах дӕр балӕууӕм нӕ куысты сӕр .
Зӕгъут,цавӕр кавказаг мыртыл ӕмбӕлӕм зарӕджы? (гъ-тагъддӕр; къ-скъоламӕ; дж-зарджытӕ; дз-рудзын- гӕй; цъ-цъиутӕ).
3.Темӕмӕ рахызт.
-Сывӕллӕттӕ,абон нӕм нӕ урокмӕ ӕрбацыд куклӕ- Гӕбыдзи. Йемӕ ӕрбахаста альбом къамтимӕ. Цыма кӕй къамтӕ сты,куыд хъуыды кӕнут?
ГӔБЫДЗИ
[pic]
КЪАМТӔ [pic]
[pic]
«Ӕнгом бинонтӕ цард арынц»
(Сывӕллӕттӕ хонынц урочы темӕ).
-Абон нӕ урочы дзурдзыстӕм бинонты тыххӕй.
Ахуыргӕнӕг йӕ къухыл акодта куклӕ ӕмӕ дзуры:
-Дӕ бон хорз,Гӕбыдзи! Куыд цӕрыс?(Гӕбыдзийы
хъӕлӕсӕй).
-Уӕ бон хорз! Цӕрын мӕхицӕн дзӕбӕхӕй.
-Сывӕллӕттӕ,Гӕбыдзийы фӕнды уемӕ зонгӕ кӕнын. (Куклӕ алкӕмǣн дǣр исы йǣ къух.Алчидǣр зǣгъы йǣ ном).
Мǣ ном хуыйны…
4.Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын.
-Ныр та ахъазӕм сценкӕ .Кӕй фӕнды,уый размӕ рахизӕд.(Сабитӕ аразынц диалог)
СЦЕНКӔ
«БАЗОНГӔ УӔМ»
[pic]
-Мӕ ном хуыйны Алан. Дӕ ном куыд хуыйны?
-Мӕ ном хуйыны Зӕринӕ.
-Кӕцы къласы ахуыр кӕныс?........
-Сывӕллӕттӕ,ӕрбакӕсут фӕйнӕгмӕ ӕмӕ зӕгъут, кӕй уынут нывы?
[pic] ХӔЛАР БИНОНТӔ
-Нывы уынӕм хӕлар бинонты
-Бинонты тыххай цавӕр ӕмдзӕвгӕ сахуыр кодтам? («Бирӕ сты нӕ бинонтӕ»).
-Ӕмдзӕвгӕмӕ гӕсгӕ раст вариант фӕнысан кӕнут.
Бирӕ сты….. а) ӕмбӕлттӕ; ӕ)бинонтӕ.
Мах цӕрӕм….. а) фӕрнӕй; ӕ)хӕларӕй.
Семӕ уарзон….. а) сабитӕ; ӕ)лӕппутӕ,
Базонгӕ ут….. а) ныр; ӕ)цӕй.
-Ӕрбакӕсут бинонты нывмӕ ,алкӕмӕн дӕр радтут ном, зӕгъут чи сты?
-Ай у лӕппу,йӕ ном хуыйны Алан.
-Ай у Аланы фыд,йӕ ном хуыйны Сослан.
-Ай у Аланы мад,йӕ ном хуыйны Зӕлинӕ.
-Ай у Аланы хо,йӕ ном хуыйны Мӕдинӕ.
Ай у Аланы ‘фсымӕр,йӕ ном хуыйны Ацӕмӕз.
-Сывӕллӕттӕ, бацӕттӕ кодтат презентацитӕ?Уӕ хор-зӕхӕй, базонгӕ нӕ кӕнут уӕ бинонты цардимӕ.
-Лӕмбынӕг хъусут ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут уе’мкъла-сонты бинонты нӕмттӕ.
5.Улӕфты рӕстӕг (Физминуткӕ)
1,2,3,4
Алцӕмǣ дǣ хъус ǣрдар!
Къухтӕ размӕ,ныр уӕлӕмӕ,
Сабыргай сӕ ‘руадз дӕлӕмӕ,
Лидзут,кафут,стӕй ӕрбадут,
Уе’ргом ныр уӕ куыстмӕ здахут!
6.Ног ӕрмӕг.
-Байгом кӕнут уӕ тетрӕдтӕ,ныффыссут абоны нымӕц.
(Бакӕсын фӕйнӕгыл фыст дзырдтӕ).
7 Дзырдуатон куыст.
рӕвдауын –ласкать, заботиться
рӕвдауӕндон – детский сад
фӕлмӕн-мягкий
зӕрдӕ-сердце
фӕлмӕнзӕрдӕ – добрый, мягкосердечный
коммӕгӕс - послушный
зӕрдӕргъӕвд – способный
Фонетикон куыст.
Раст дзур хъӕлӕсон мыртӕ:
а
о ы
ӕ
Дзырдты адих кӕн уӕнгтыл: рӕвдауӕндон ,
фӕлмӕнзӕрдӕ , коммӕгӕс , зӕрдӕргъӕвд.
( рӕв-да-уӕн-дон; фӕл-мӕн-зӕр-дӕ; ком-мӕ-гӕс;
зӕр-дӕ-ргъӕвд).
-Кӕцы дзырды ис кавказаг хъӕбӕр мыр?
-Дзырд «зӕрдӕргъӕвд»-ы
-Ныр та ног дзырдтӕ ныффыссут уӕ тетрӕдты.
Лӕвӕрд хъудыйӕдтӕ атӕлмац кӕнӕм уырыссаг ӕвзагмӕ:
Ме’фсымӕр Давид цӕуы рӕвдауӕндонмӕ-Мой брат Давид ходит в детский сад.
Мӕ нана у фӕлмӕнзӕрдӕ-Моя бабушка добрая.
Ды коммӕгӕс лӕппу дӕ?-Ты послушный мальчик?
Ме’мкъласон Заур у зӕрдӕргъӕвд ахуырдзау-Мой одноклассник Заур – способный мальчик.
8.Чиныгимӕ куыст.
-Ӕз уын бакӕсдзынӕн текст бинонты тыххӕй. Лӕмбы- нӕг хъусут,цӕмӕй уӕ бон суа мӕ фӕрстытӕн дзуапп раттын.Сӕргонд йын ӕрхъуыды кӕнут.
(текст бакӕсын).
Фӕрстытӕн дзуаппытӕ раттын.
1.Цавӕр сӕргонд ӕрхъуыды кодтат текстӕн?
2.Тамуйы бинонтӕ цал сты?
3.Цавӕр адӕймаг у йӕ фыд?
4.Цы зӕгъы йӕ мады тыххӕй Таму?
5.Радзурут Маринӕ ӕмӕ Давиды тыххӕй.
-Бакӕсут фӕйнӕгыл фыст ӕмбисонд ,райхалут йын йӕ хъуыды.
-Куыд ӕмбарут дзырд арын?
(арын-находить)
-Куыд цӕрынц Тамуйы бинонтӕ?
(Тамуйы бинонтӕ цӕрынц….)
-Сывӕллӕттӕ,ӕрбацӕуы нӕм зонды Ӕхсин-Грамма- тикӕ ӕмӕ йын равдисӕм нӕ зонындзинӕдтӕ.
Зӕгъут ахӕм дзырдтӕ , фӕрстытӕн чи? кӕй? дзуапп цавӕр дзырдтӕ домынц .Семӕ зӕгъут хъуыдыйӕдтӕ.
Фӕлмӕнзӕрдӕ(чи?)нана (Мӕ нана у фӕлмӕнзӕрдӕ-Моя бабушка добрая).
[pic] [pic]
Коммӕгӕс (чи?) лӕппу
(Алан у коммӕгӕс лӕппу-Алан послушный мальчик)
[pic] Зӕрдӕргъӕвд (чи?) чызг
(Зӕлинӕ у зӕрдӕргъӕвд чызг-Залина способная девочка).
[pic]
Рӕвдауын (кӕй?) сабийы
(Мад рӕвдауы йӕ сабийы -Мама ласкает своего ребенка)
[pic]
(номдар фӕлхатын).
Баххӕст кӕнут цухгонд дзырдтӕ(номивджытӕ).
…..ахуыр кӕнын …..ахуыр кӕнӕм
…..ахуыр кӕныс …..ахуыр кӕнут
…..ахуыр кӕны …..ахуыр кӕнынц
( номивӕг).
Дыргътӕ банымайын ӕмӕ сӕ тетрады ныффыссын: (5 фӕткъуы ,7 кӕрдо , 8 апельсин )
[pic] [pic] [pic] [pic] [pic]
[pic] [pic] [pic] [pic] [pic] [pic] [pic]
[pic] [pic] [pic] [pic] [pic] [pic] [pic] [pic]
(нымайын фӕлхатын).
Ӕрмӕг ныффидар кӕнынӕн фӕлтӕрӕн куыстытӕй.
Чиныг 11 фарс ( къӕйттӕй куыст)
-Кӕуыл цӕуы дзырд тексты?
-Куыд хуыйны Тамуйы фыд?
-Цавӕр адӕймаг у Тамуйы мад?
-Кӕцы къласмӕ цӕуы Тамуйы хо?
-Гыццыл Давид та кӕдӕм цӕуы?
къордтӕй куыст.
Дзырдты къордӕй саразут хъуыдыйӕдтӕ.
а) фыд ,бӕрзонд, Тамуйы, бӕрзонд ,у ,ӕмӕ, тыхджын
ӕ) кусы, рынчындоны, фыд ,Тамуйы
б) хуыйны ,Дзерассӕ, мад ,Тамуйы
в) Тамуйы ,кусы, ахуыргӕнӕгӕй,мад ,скъолайы
г) ӕфсымӕр ,ис, ӕмӕ, Тамуйӕн, хо
д) 7-ӕм, ахуыр, хо ,къласы, кӕны, Тамуйы
е) цӕуы ,ӕфсымӕр, Тамуйы ,рӕвдауӕндонмӕ
е) ӕнгомӕй ,Тамуйы, цӕрынц, бинонтӕ
-Сывӕллӕттӕ, абон нӕ урокмǣ зӕрдӕбынӕй бавн- нӕлдтам.
Нӕ куыстӕй исты пайда райстам?
Цы базыдтат ногӕй урочы?
Ныр та уӕ алчидӕр йӕ куыстӕн аргъ скӕнӕд. Зӕгъут,чи уӕ куыд бакуыста урочы?
-Бузныг уӕ куыстӕн.Раздӕхӕм ма иу хатт,фӕйнӕгыл цы ӕмбисонд ис,уымӕ.
«Ӕнгом бинонтӕ цард арынц».
[pic]
[pic]
Цард чи ары,уый амондджын фӕхонынц,ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнӕниздзинад,уӕ мадӕлты фӕндиаг ут!
Ныр та уӕ алчидӕр йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ кӕ -нӕд .Зӕгъут,чи уӕ куыд бакуыста урочы. (Рефлекси)
[pic] ----- [pic] [pic] [pic] [pic] [pic]
[pic] ----- [pic] [pic] [pic] [pic]
[pic] ----- [pic] [pic] [pic]
Хӕдзармӕ куыст: 11 фарс,12-ӕм фӕлт.
Нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ .
Тулдз талайау ауадзут уидӕгтӕ,
Уӕ царды бӕлас сырӕзӕд бӕрзонд,
Уӕ хӕрды ‘взарут раст нысан фӕндӕгтӕ,
Ӕдзух ныуазут цардамонды дон!
Хӕрзбон! [pic]