Ирон æвзаджы урок 9 къласы.
[pic]
[pic]
Хъыбызты М.Б. г.Дигорайы 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературайы ахуыргæнæг.
Нысан:
Домгæвазыгджын хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ бамбарын кæнын.
Ирон адæмон æмбисæндты æвзаджы хъæздыгдзинад, сæ арф хъуыды – урочы хъомыладон хæс.
Урочы цыд:
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Ног æрмæг.
Хатдзæгтæ.
Хæдзармæ куыст раттын.
Урочы метод: Фронталон бафарст, беседæ.
Эпиграф урокмæ:
«Йæ радыдыл фæсмон чи кæны, уымæн Хуыцау дæр хатыр кæны»
(Адæмон æмбисонд)
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Сбæрæг кæнын, куыд ахицæн кодтой домгæвазыгджын хъуыдыйæдты сæйраг æмæ дæлбар хъуыдыйæдтæ.
Дзырдуатон диктанты бæсты фыссæм æмбисæндтæ:
Раст тæрхон нæ риссы.
Рæстдзинад кæмæн цæф, кæмæн тæ – цæсты рухс.
Дæ рæдыд дын чи бамбарын кæна, уымæй бузныг у.
Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл, фæлæ йе `гъдаумæ.
Рæстдзинад цардæн йæ бындур у.
Бæрæг кæнынц, хъуыдыйæдтæ хуымæтæг сты æви вазыгджын.
Æмбарын кæнынц дæргъвæтин æмхъæлæсонты ныффыст.
Апострæфы сæвæрд.
Ныхæсы рæзтыл бакуыст.
Æмбисæндты мидис равзарын, цы бынат ис рæстдзинадæн царды мидæг, ууыл
æрдзурын.
Дзуаппытæн хæтдзæг скæнынмæ кæсæм фæйнæгыл фыст:
Уарзын цард æз дæр æххæстæй,
Уарзын амонд æмæ цинад,
Фæлæ царды ‘ппæт фæрæзтæй,
Райсин æз фыццаг рæстдзинад!
Дзаболаты Х. «Рæстдзинад»
Дарддæр фыссынц сæхимæ урочы эпиграф. Куы йæ рафыссой, уæд амонынц хъуыдыйæдтæ.
уæлæмхæст 1 сæйраг 2
Йæ рæдыдыл фæсмон чи кæны, уымæн Хуыцау дæр хатыр кæны.
Йæ хъуыды æххæст нæу æнæ иннæ хъуыдыйадæй йæ хъуыдымæ гæсгæ, иуæй иннæмæ дæттæм фарст (кæмæн?).
Иу дзы иннæйы домы дзуапмæ, æмæ йын иннæ хъуыдыйад дзуапп дæтты.
Ныр та ма хъуыдыйадæй рафыссæм дзырдбæстытæ.
Рæдыдыл фæсмон кæны, йæ рæдыдыл, уымæн хатыр кæны.
Амонынц дзырдбæстыты схемæ. Ис дзы сæйраг дзырд, ис дзы дæлбар дзырд.
Афтæмæй сын æнцон уыдзæн хъуыдыйады мидæг дæр ссæрын сæйраг хъуыдыйад, стæй уæлæмхæст. Хъуамæ ахуыргæнинæгтæ ацы куысты фæстæ сæхæдæг зæгъой, цæмæй хицæн кæны домгæвазыгджын хъуыдыйад иннæ вазыгджын хъуыдыйæдтæй. Схемæ дæр ын сныв кæндзыстæм. Хъуыдыйады агурынц дзырд, кæцыйы уæлæмхæст хъуыдыйад æмбарын кæны (уымæн), йæ бын ын хахх кæнынц.
Кæсынц чыныджы фыст æрмæг (раиртæст).
Алгоритмæй спайда кæнын вазыгдджын хъуыдыйæдтæ æвзаргæйæ.
[pic]
Хъуыдыйад
[pic] [pic]
Хуымæтæг Вазыгджын
[pic] [pic] [pic] [pic]
Иувæрсыг Дывæрсыг Бæттæгджын Æнæбæттæг
[pic]
Бæттæгджын вазыгджын хъуыдыйад
[pic] [pic]
Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад Домгæвазыгджын хъуыдыйад
III Æрмæг фидар кæнынæн агурынц, цы вазыгджын хъуыдыйæдтæ ныффыстой, уыдоны хсæн домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ.
IV. Æрмæг фидаргонд æрцыд, æмæ хатдзæгтæ кæнынц 22 фæлтæрæныл кусгæйæ.
V. Хæдзармæ куыст. Литературон уацмысæй рафыссын 5-7 домгæвазыгджын хъуыдыйады.