Кӕсыны урок
Урочы нысан: 1. Базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг».
2. Раст ӕмӕ аив кӕсыны навыктӕ рӕзын кӕнын;
3. ӕмгардзинад, хӕлардзинад рӕзын кӕнын.
Урочы фӕлгонц: Ирон тырысайы ныв, Ирыстоны ӕрдзы нывтӕ.
Урочы цыд
Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
1. Текст «Къостайы номимӕ баст бынӕттӕм балц» аив кӕсын.
2. 12-ӕм фӕлтӕрӕны фарстатӕн дзуӕппытӕ дӕттын.
III. Ног ӕрмӕгимӕ куыст.
1. – Нӕ раздӕры урочы базонгӕ стӕм Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ». Уыцы ӕмдзӕвгӕйы нын нӕ зӕрдӕты гуырын кодта уарзондзинад мӕргътӕм. ӕвдыста нын куыд уарзы гыццыл маргъ сӕрибардзинад.
2. – Абон та базонгӕ уыдзыстӕм йӕ ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг». Ацы ӕмдзӕвгӕйы та сӕрибардзинадмӕ сиды, хоны йӕ адӕмы. Уый бамбардзыстут, куы байхъусат ӕмдзӕвгӕмӕ.
3. Бацамонын зынӕмбарӕн дзырдтӕ:
1-ӕм фӕлтӕрӕн, 50-ӕм фарс.
2-ӕм фӕлтрӕн. Бахъуыды кӕн.
4. Байхъусут уал дикторы кастмӕ.
5. ӕмдзӕвгӕйыл куыст (3-ӕм фӕлтӕрӕн.)
а) хинымӕры каст кърандасимӕ.
ӕ) равзарын ӕнӕмбаргӕ дзырдтӕ ӕмӕ ратӕлмац кӕнын ӕмдзӕвгӕ.
б) хъӕрӕй иумӕ каст.
в) фыссӕг зӕгъы… Скӕнӕм йӕ тырыса «Дзыллӕйы номӕй…
– Цавӕр тырысайы кой кӕны? (Равдисын Ирыстоны тырысайы ныв.)
Беседӕ Ирыстоны тырысайы тыххӕй:
– Цал хуызы ис Ирыстоны тырысайӕн?
– Цы нысан кӕны алы хуыз?
г) хъӕрӕй иугай каст.
гъ) – Куыд уӕм кӕсы, нӕ абоны царды тыххӕй куы дзурӕм, уӕд Къостайы ӕмдзӕвгӕйӕ спайда кӕнӕн ис?
– Цӕмӕн?
IV. Урочы кӕронбӕттӕн.
– Ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ чи фыста, уый сымахмӕ гӕсгӕ, цавӕр адӕймаг уыди?
– Цымӕ нӕ абоны цардыл бацин кодтаид Къоста? Цӕмӕн?
V Хӕдзармӕ куыст.
1. Ног дзырдтӕ ныффыссын дзырдуӕтты ӕмӕ сӕ сахуыр кӕнын;
2. Сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕ наизусть.