Открытый урок в 9 классе Терек- краса Кавказа.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


9 кълас

Темæ: Кавказы фидауц.

Урочы нысантæ: 1.Теркхæлардзинады бæттæг цæугæдон.

2. Дзургæ ныхасыл бакусын.

3. Уарзондзинад гуырын кæнын Райгуырæн бæстæм.

Урочы цыд

1.Бакæсæм æмбисæндтæ. Бамбарын сын кæнæм сæ хъуыды.

Дон кæм ис , цард дæр уым ис.

Дон сæрæй ивылгæ рацæуы.

Цæугæдоныл хъуына нæ хæцы.

Сыгъдæг дон –æвдадзы хос.

2.Фыццаг æмбисондмæ гæсгæ саразут чысыл радзырд, дон адæймаджы царды цы пайда у, уый тыххæй.

3 Æмдзæвгæтæн бамбарын кæнут сæ хъуыды.

1). Кæцæй кæлыс,Терк?

Рагон дугты арфæй.

Æрхастон уын уæ дард фыдæлтæй арфæ.

Кæдæм цæуыс, Терк?

Рухс уынæн замантæм.

Фæхæсс фæлтæртæн махæй дæр салæмттæ.

(Гæлуаты А.)

2). Там Терек издали кружит,

Меж скал пустынных протекает,

И пеной зыбкой орошает

Высокий берег….(М.Ю.Лермонтов).

- Цавæр цæугæдæттæ ма кæлы Ирыстоны?

4.Бакæсут-ма раст дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Ирон уырыссаг дзырдуатмæ гæсгæ сын бацамонут сæ нысаниуæг.

цæстытыл ауайын кæнын

гуылфгæнгæ æмæ абухгæ кæлын

Ралæбурын

æнхъæвзын

царды хос

æфсадын

змæст

къаддæр

æрдз хъахъхъæнын

5. Бакæсут текст. Лæвæрд цæуы интерактивон фæйнæгыл.

ТЕРК.

Уæрæсейæн æнæ Волгæйæ, Украинæйæн æнæ Днепрæй цæстытыл ауайынгæнæн куыд нæй, афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй. Терк йæ цыд райдайы Дайраны комæй .Зилгæ хохæй. Йæ гуырæнтæ сты 3000 м бæрзæндæн Зилгæ хохы Цъититы, Гуырдзыстоны зæххыл. Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй. Куыд дæлæмæ Терчы донмæ кæлынц къаннæгдæр хохаг цæугæдæттæ. Æрджынæрæджы Теркимæ сæ цыд баиу кæнынц Æрыдоны дон, Фыййаджыдон, Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон. Терк куыд дарддæр, афтæ парахаттдæрæй кæлы цыппар республикæйы РЦИ- Аланииы, Кæсæг – Балхъары, Цæцæн æмæ Дагестаны зæххытыл. Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы Хъаспийы денджызмæ. Терк цардыхос у йæ фæйнæварс æнæнымæц бирæ хъæутæн æмæ горæттæн. Донæй æфсады хуымзæххыты сæдæгай мин гектартæ, дæтты алыхуызон арæзтадон æрмæг, ис ыл гидроэлектростанцæтæ.



1. Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:

1) Кæцæй райдайы Терк йæ цыд?

2) Цавæр республикæтыл кæлы ацы цæугæдон?

3) Цы пайда хæссы ацы цæугæдон адæмæн?

4) Лæвæрд дзырдтæм ссарут синонимтæ æмæ зæгъут цавæр ныхасы хæйттæм хауынц: къаннæгдæр, кæлы, æнæнымæц, фæкъаддæр.

6. Æркæсæм РЦИ –Аланийы картæмæ æмæ лæмбынæг ахæссæм нæ цæст цавæр горæтты æмæ хъæутыл кæлы.

7. Ратæлмац кæнæм ирон æвзагмæ

В трудах многих замечательных людей описан Терек, но особенно запоминаются слова известного грузинского поэта И.Г. Чавчавадзе из его путевых заметок: «Хвала сумасбродному, шальному, непослушному бушующему Тереку! Вырываясь из скалистых теснин, он безудержно мчится, ревет, сотрясая все окружающее. Люблю его ожесточенную борьбу и вечное движение. Терек - это выражение пробужденной жизни человека. Он волнует, будит все окружающее и за это движении, но попробуй остановиться, и ты обратишься в зловонный водоем, а твой гневный рев смениться кваканьем лягушек!..»

(Б.М.Бероев)

8. Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ: змæст дон, сау мигътæ, цæугæдоны был.

9. Аифтындзæг кæнæм мивдисджытæ нырыккон афоны: найын, фæллад уадзын.

10. Нывмæ гæсгæ куыст.

11. Хæдзармæ куыст. Ныффыссын радзырд лæвæрд темæтæм гæсгæ:

1. Сæрдыгон бонтæ Терчы был.

2. Адæм улæфынц.

3. Æрдзы рæсугъддзинад.