Кӕсыны урок 3 кълас.
Урочы темӕ:Уызын ӕмӕ паддзах-аргъау.
Урочы нысантӕ:1.Аргъауы мидисимӕ базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты.
2.Скъоладзауты раст дзуаппытӕ раттыныл фӕлтӕрын.
3.Скъоладзаутӕм гуырын кӕнын ахӕм ӕнкъарӕнтӕ,цӕмӕй цардмӕ исбоны цӕстӕй ма кӕсой,лӕгдзинад ӕвдисынмӕ тырной, рӕсугъд хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ.
Урочы эпиграф: «Лӕг йӕ хъуыддӕгтӕй лӕг у».
Урочы фӕстиуджытӕ:Адӕймаг йӕ ныхасӕн лӕг куыд уа,ӕлгъитын хорз кӕй нӕу,зонд адӕймаджы царды цы бынат ахсы,уый ӕмбарын…
Урочы фӕлгонц:нывтӕ,интерактивон фӕйнӕг.
Урочы цыд.
1.Организацион хай.
-Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ.Абон нӕ урочы ис уазджытӕ ӕмӕ сын ӕгас цӕут зӕгъӕм.Сбадут.
-Сывӕллӕттӕ,мӕнӕн тынг ӕхсызгон у сымахимӕ ӕмбӕлын кӕсыны урочы.Афтӕ бакӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн балӕвар кӕнӕм хорз зӕрдӕйы уаг.Ӕз худын сымахмӕ,сымах худут мӕнмӕ ӕмӕ худут кӕрӕдзимӕ.
Ныр иууылдӕр иумӕ зӕгъӕм нӕ урочы девиз:
Цас уарзӕм ирон ӕвзаг,
Уый зӕгъӕн дӕр нӕй.
Мады рӕвдыд,мады ад,
Базыдтам дӕуӕй.
2.Фонетикон зарядкӕ.
Къ-къа-къу-къӕ-къи
…абуска,…ух,…ӕбыла
Дз-дза-дзу-дзы-дзӕ
…абыр,…буг,кӕр…ын
3.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
1.Цавӕр сырдтимӕ базонгӕ стӕм аргъауы?
2.Чи уыдысты кӕрӕдзийӕн?
3.Цӕмӕн сфӕнд кодтой теуайы аргӕвдын?
4.Теуа ӕнӕзонд цӕмӕн разынд?
5.Раст бакодтой сӕ ӕмбалӕн?
6.Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы аргъау?
5.Фӕйнӕгыл фыст ӕмбисондыл бакусын
«Лӕг йӕ хъуыддӕгтӕй лӕг у»(Кӕд вӕййы лӕг йӕ хъуыддӕгтӕй лӕг,уый тыххӕй сывӕллӕттимӕ ӕрдзурын;зӕгъын ӕмбисондмӕ мах кӕй раздӕхдзыстӕм нӕ урочы кӕрон,кӕддӕра дзы исчи лӕгдзинад равдыста ӕви нӕ)
6.Ног ӕрмӕгмӕ рахизын.
1.-Сывӕллӕттӕ,абон мах базонгӕ уыдзыстӕм аргъауимӕ,фӕлӕ йӕ сӕргонд ӕмбӕхст ӕрцыди дзырдбыды:
(Слайдыл ӕвдыст цӕуы дзырдбыд)
1.Нӕ къухтӕ цӕмӕй ӕхсӕм?(Сапон)
2.Чи фервӕзын кодта Нарты адӕмы хъулонзачъе уӕйыгӕй?(Батрадз)
3.Раззаг аргъауы архайджытӕ?(сырдтӕ)
4.Хъахъхъӕны хӕдзар?(куыдз)
5.Аргъауы ӕнӕзонд чи разынд?(теуа)
6.Хӕдзарон цӕрӕгой,кӕцы ласы уӕззӕуттӕ?(бӕх)
с а
П
о
н
Б
А
т
р
а
дз
с
ы
р
Д
т
ӕ
к
у
ы
Дз
т
е
у
а
б
ӕ
х
1.Кӕимӕ хӕцыд Батрадз кадӕджы,кӕй сӕр ӕрцӕйхаста михыл?(уӕйыг)
2.Урс,сырх,бур –ацы ӕртӕ хуызы цӕуыл сты?(тырыса)
3.Зыгъарӕг сусӕгӕй цы адавта ?(зӕрдӕ)
4.Цы скодтой Нарты адӕм, цӕмӕй фервӕзой Хъулонзачъе уӕйыгӕй?(куывд)
5.Цавӕр разынд тӕуа ?(ӕнӕзонд)
У ӕ
й
ы
г
т
Ы
р
ы
с
а
З
ӕ
р
д
ӕ
к
у
Ы
в
д
ӕ
Н
ӕ
з
о
н
д
-Уӕд абон базонгӕ уыдзыстӕм аргъау «Уызын ӕмӕ паддзах»-имӕ.
2.Дзырдуатон куыст.
Аргъауы ныл ӕмбӕлдзысты ног дзырдтӕ:
паддзах-царь
зӕрдӕлхӕнӕн-подкупать
ӕрбалӕсы-ползет
бакъултӕ-
сфӕлынды-украшает
3.Физкультминуткӕ
а)Мах цӕуӕм,цӕуӕм,цӕуӕм
Зокъотӕ ӕмбырд кӕнӕм
Иу зокъо,дыууӕ зокъо,
Зокъотӕ дӕр хин сты,
Къутӕрты бын амбӕхсынц.
ӕ)Иу-сыстӕм,нӕхи аивазӕм,
Дыууӕ-ӕргуыбыр кӕнӕм,
Сымраст уӕм ныр та.
Ӕртӕ-ӕртӕ хатты ӕмдзӕгъд кӕнӕм,
Цыппар- нӕ къухтӕ фӕрсмӕ аивазӕм
Атилӕм сӕ ныр та.
Фондз-сабыргай сбадӕм.
4.Текстимӕ куыст.
-Сывӕллӕттӕ,аргъау бакӕсыны размӕ не ргом раздахӕм нывтӕм.Нывты мах уынӕм паддзахы ӕмӕ уызыны.
-Цавӕр у паддзах ? (рӕсугъд,стыр,тыхджын,хъӕздыг,сыгъдӕг)
(ныв фӕйнӕгыл ауыгъд)
-Цавӕр у уызын та?
(гыццыл,тӕрсаг,мӕгуыр,сындзджын)
(ныв фӕйнӕгыл ауыгъд)
-Цалынмӕ аргъауимӕ нӕ базонгӕ стӕм,уӕдмӕ уын лӕвӕрд цӕуы ахӕм фӕрстытӕ:
(слайдыл ӕвдыст цӕуынц фӕрстытӕ)
1.Чи сты аргъауы архайджытӕ?
2.Чи разынди тыхджын,зондджын,хъӕздыг,сыгъдӕг, хӕларзӕрдӕ,паддзах ӕви уызын?
3.Ӕлгъитын хорз цӕуылнӕ у?
Уый мах базондзыстӕм аргъаумӕ байхъусгӕйӕ.
-Сывӕллӕттӕ,ӕз уын бакӕсон аргъау ӕви уӕхи фӕнды?(комбинирон каст)
5.Анализ кӕнӕм текстӕн.
6.Къордтӕй куыст.
(1-аг къорд фыссы ассоциацитӕ паддзахмӕ;2-аг къорд фыссынц уызынмӕ)
7.Синквейн.
1.уызын
2.гыццыл,сындзджын
3.ӕрбалӕсы,фӕрсы,дзуры
4.Лӕг йӕ хъуыддӕгтӕй лӕг у.
5.цӕрӕгой
8.Хатдзӕгтӕ:
-Нӕ урок кӕронмӕ хӕццӕ кӕны.Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм нӕ фӕрстытӕ.(раздӕхын ӕмбисондмӕ)
-Абон урочы базыдтон…
-Мӕнмӕ цымыдисаг фӕкастис…
-Мӕн дисыл бафтыдта…
-Мӕн фӕнды раппӕлын…,уымӕн ӕмӕ...
Хӕдзармӕ куыст.
Къордтӕй лӕвӕрд цӕуы хӕдзармӕ куыст(иутӕ аргъау цӕттӕ кӕнынц хи ныхӕстӕй дзурынмӕ,иннӕтӕ аив кастмӕ).
Бӕрӕггӕнӕнтӕ.