Урочы темæ: « Ирон аивад æмæ культурæйы цырагъдар ».
(Барахъты Гино)
Урочы нысан. 1 .Скъоладзауты базонгæ кæнын Барахъты Гинойы цард æмæ сфæлдыстадимæ.
2. Ахуыр сæ кæнын иртасæн куыст кæныныл.
З.Сывæллæттæм гуырын кæнын уарзондзинады,
сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ Ирыстоны номдзыд
лæгтæм.
Цæстуынгæ æрмæг: Барахъты Гинойы портрет, стенд Барахъты Гинойы
тыххæй дзырдтимæ æмæ сфæлдыстадон бынтимæ.
Фæйнæгыл фыст: 1. «.. .благо народу, в сознании которого героями стано-
вятся не только видные политические деятели и храбрые полководцы, но и великие поэты ».
Горнфельд А.Г.
2. « Барахъты Гино ирон адæмы историмæ бацыд революцийы салдат æмæ ног цардыл тохгæнæгæй, рухстауæг æмæ æхсæнадон кусæгæй. Ирон культурæйы фронты уыд Ног дуджы поэт, прозаик, драматург æмæ критик. Йæ тох, йæ куыст, йе сфæлдыстад æппæтæй дæр уыдысты адæм, сæрибар æмæ рухс царды сæраппонд. Кард æмæ Фæндыр уыдысты йæ цард æмæ йæ куысты символтæ, æмæ сæ кадджынæй хаста йæ рæстæджы уæззау цардивæнты».
Джыккайты Шамил
Дзырдуат: Курдиат ( уырыссагау талант - бердзенаг дзырд, амоны - фæ
ллой, куыст) - адæймагæн æрдзæй лæвæрд стыр хорз
миниуæг, раргом вæййы адæймаджы архайды искæцы хуызы. Курдиаты сæйрагдæр миниуджытæй иу у сфæлдыстадон фантазийы тых.
Урочы цыд.
Ахуыргæнæг кæсы скъуыддзаг Барахъты Гинойы æмдзæвгæ «Зæгъ!..»-æй .
«Хæлар лæг, æрцу-ма, Уæндын дæ фæрсын:
Цæмæн у, æрдзур-ма,
Зын рæстæй цæрын?
Фæрсын æз нæ арвы,
Нæ хуры æргом,
Фæлæ сæм нæй аргъы
Мæ дзырдæн кæрон.»
Адæймаг хорз куы фысса, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у стыр хæрзиуæг. Кафынмæ дæсны куы уа, зарынмæ - уæддæр афтæ. Фæлæ уыцы миниуджытæ иу адæймагмæ куы вæййынц, уæд фæзæгъæм: « Æвæццæгæн, ацы адæймагмæ хæццæ кæны Хуыцауы комы тæф, арвы зынг».
Ахæм лæгтæй иу уыдис Барахъты Гино!
Æмæ мах, Алагиры цæрджытæ,уæлдай сæрыстыр стæм, ахæм куырыхон, æвидигæ курдиаты хицау не мзæххон кæй уыдис, уымæй.
Скъоладзау. Барахъты Гино райгуырд 1890 азы 19 февралы
Салыгæрдæны. Йæ фыд Текко уыд зæхкусæг, зæрдæргьæвд адæймаг. Фондз æмгаримæ Текко æрвыст æрцыд Кавказы хъæууонхæдзарадон æхсæнады скъоламæ. Уым хорз базыдта дыргъы куыст. Алагиры цур ын радтой зæхх. Фæлæ йын цæрын нæ бантыст. Амард, Гинойыл афæдз æмæ æрдæг куы цыдис, уæд. Фондз сидзæры баззадысты сæ мады æвджид. Уæздан æмæ хъаруджын
сылгоймаг уыд Коцон Полка. Арæхст алы куыстмæ дæр, йæхи загъдау, « йæ сидзæрты дардта йæ судзины фындзæй».
Хæдзардзин мад йæ сабиты ахуыр кодта уæздан æгъдæуттыл æмæ кусыныл. Уыдоны фæрцы бинонтæ адæмæн уыдысты уарзон, æмæ сын хъæубæстæ зæрдиагæй æххуыс кодтой. Гино иттæг æнувыд уыдис ахуырыл. Каст фæци Салыгæрдæны дыууæазон скъола. Йæ хистæр æфсымæртæй иу куыста Тихорецкы, æфсæнвæндæгтыл. Уырдæм акодта Гинойы дæр, радта йæ скъоламæ. Зæрдæргъæвд лæппу хорз базыдта уырыссаг æвзаг, базыдта кусæг адæмы уæззау цард, йæ зæрдæмæ арф айста сæ сагъæстæ. Æвадат царды йе фсымæры мызд фаг нæ уыд дыууæ удæн, æмæ лæппу сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Гинойы бæллицц æмбæрста йæ ахуыргæнæг Дзасохты Басил, æмæ йæ уый бацæттæ кодта Æрыдоны семинармæ. Ам 1905 азы Гино ахуырмæ бавнæлдта æнувыдæй. Райдыдта сфæлдыстадон фæлварæнтæ кæнын. Рæзыд йæ курдиат. Рæстæг уыд тохы заман, æмæ Гино ныллæууыд уыцы фæндагыл. Архайдта семинаристты змæлды. Уыйадыл рæстæгмæ цухгонд æрцыд семинарæй.
1911 азы июны Гино æнтыстджынæй каст фæци семинари.
Гино нæ ацыд дины фæндагыл, йæхицæн нæ равзæрста сауджыны куыст. Йæ зондахаст ын ныв кодта ирон прогрессивон интеллигенты хъысмæт: рухс тауын, сæрибарыл тох кæнын.
Гино уыд «номдзыд ирон фысджытæй», уымæн æй хонынц «æхсар æмæ намысы поэт».
Ахуыргæнæг: Гино ахæм курдиаты хицау уыди, æмæ литературæйы кæцы фæнды жанры дæр стыр æнтыстдзинæдтæ æфтыдис йæ къухы.
-Гино фыста баснятæ æмæ фельетонтæ, публицистон æмæ критикон статьятæ, радзырдтæ æмæ драмон сценæтæ сывæллæттæн, тæлмац кодта ирон æвзагмæ Пушкины æмæ Лермонтовы, Горькийы æмæ Гюгойы.
Тынг бирæ уарзта музыкæ, зарынмæ уыд дæсны, цагъта гитарæйыл, скрипкæйыл, пианинойыл.
Йæ зарджытæй бирæтæн музыкæ ныффыста йæхæдæг. Йæ лирикон æмдзæвгæ «Чызгайы зарæг» сси адæмæн уарзон зарæг.
Скъоладзау. Джызæлы Барахътæй иунæг хæдзар цард - Барахъты Георги йæ бинонтимæ. Гинойы хорз зыдтой. Георгийы чызг Олга афтæ дзырдта: « Гино-иу нæм куы рбацыд, уæд сых дæр, бинонтæ дæр кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадысты. Бæрнон бынаты куыста, афтæмæй йæ тыхстхуызæй никуы ничи федта. Йемæ - иу æрбахаста хъæлдзæг ныхас, гитарæйы цагъд, зарæг. Фæцæйцæугæйæ -иу цæхгæр фæзылд - уыцы уысм фехъусæн уыд æмдзæвгæйы куплет, æмбисонд, таурæгъæй рæнхъытæ. Уыцы миниуæг ын чи зыдта, уыдон-иу фæхъус сты, æнхъæлмæгæсгæйæ...»
Скъоладзау. Джыккайты Шамил йæ мысинæгты афтæ зæгъы Гинойы тыххæй:
« Гино ахæм курдиатджын, ахæм рæсугъд адæймаг уыди, æмæ йын ныхæстæй зæгъæн нæй.
Иу дæс æмæ ссæдз азы дæргъы Гинойы цард æмæ сфæлдыстадыл фæфыстон. Йæ уацмыстæй йын цы ссардтам, цы равдыстам, уый фаг нæу. Йæ чызг Азæ зоны:фыццаг хатт ын йæ чиныг куы цæттæ кодтон ( Азæ дæр мын æххуыс кодта ), уæд æй ахæм хуызы æмбырд кодтам, змисæй дуртæ куыд æмбырд кæнай æмæ уыдонæй исты куыд аразай хал-халгай. Уый дæр, ирон адæмы æхсæн цы бирæ фæрнджын лæгтæ ис, уыдоны руаджы. Бахъахъхъæдтой бирæ къухфыстытæ. Зæгъæм, Гинойы кадæг «Азджериаты Куыцыкк» ссардта æмæ йæ бирæ азты дæргъы æфснайдæй фæдардта Плиты Грис.
Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ йæ заманы репрессийы чи бахауд, уыцы адæмæн сæ куыстытæ сæфтой, арты хай сæ бакодтой.
Æз мæхæдæг уыцы кадæг фыццаг хатт фехъуыстон радиойæ, бакаст æй Мерденты Юри. Уый уыдис 50-æм азты кæрон. Уыцы рæстæг Ирыстоны уазæгуаты уыдис Чехословакийæ делегаци. Уыдон дæр фехъуыстой уыцы радиобакаст. Ахæм диссаг сæм фæкасти æмæ иннæ бон радиокомитетмæ ныффыстой, цы уыди уыцы диссаг, йæ ныхæстæ йын æмбаргæ нæ кодтам, фæлæ йæ ныхасыхъæд йæхæдæг музыкæ уыд, симфони æмæ зæрдæйы арф ауади, зæгъгæ. Иннæ хуыцаубоны ногæй бакастысты уыцы уацмыс, уырыссагау ын йæ мидис радзырдтой, афтæмæй.
Афтæмæй, Гинойæн йæ ныхасы мидис чи не 'мбæрста, уый дæр ма йын йæ ныхасы тых æмæ хъару бамбæрста.
Гино ахæм кадджын лæг уыдис, æмæ йын йе 'ппæт хорз хъуыддæгтæ равдисынæн адæймаджы бон æмæ хъару фаг не сты. Уый уыдис легендарон хъайтар. Турчы фронтæй йæ ардæм хонгæ кæй ракодтой, уый дæр зæрдыл даргæ у.
Ирыстоны милицæйы фыццаг сæргълæууæг уыдис Барахъты Гино.
Фыццаг ирон газет дæр Гино рауагъта, фыццаг спектаклы дæр уый хъазыди.
Кæй зæгъын æй хъæуы, йе сфæлдыстадæй бирæ цыдæртæ фесæфт.
2 октябры 1936 азы Гинойы куы рцахстой, уæд æм цыдæриддæр йæ архивы ссардтой, уыдон аластой: 108 писмойы, хуызистытæ, къухфыстытæ ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Цы фесты, уый нал сбæрæг.
Гино фесæфт 1937 азы, кæрæдзийæн хорздзинад нæ цæст кæй нæ уарзта, кæрæдзийæн нæ лæгдзинад кæй нæ барстам, уый фæдыл!..»
Ахуыргæнæг. Гино стыр курдиаты хицау уыд. Курдиатджын адæймæгтæ гыццыл нæ уыди зæххыл, фæлæ мæ йæ курдиат абарын фæнды Паганинийы курдиатимæ.
Паганини - дунейы хъуыстгонд хъисфæндырæй цæгъдæг.
Кæцыдæр концерты размæ йын йе знæгтæ йæ скрипкæйы тæнтæ фæхъæн кодтой. Цæгъдгæ - цæгъдын уыдон иугай атыдтой. Баззад ма дзы иу æнæхъæн таг. Ууыл цагъд фæцис Паганини. Концерт нæ фехæлд.
Хъуыста йæм иу зæронд куырм композитор. Уый йе мбалы бафарста: «Концерты цал хъисфæндыры ис?» Йе мбал ын загъта, зæгъгæ, иу. Уæд композитор фестад æмæ загъта: « Ахæм цагъдмæ хъусыны аккаг мах не стæм. Цом ардыгæй».
Скъоладзау. Ам мæ фæнды фыссæг Токаты Ашæхы мысинæгтæй иу цау радзурын:
« Иу æмбырды Гинойы курдиæттæ хорз чи зыдта, уыдон æм æрхатыдысты, иу зарæг нын уæддæр акæн, зæгъгæ. Гино сразы. Æрбахастой йын гитарæ, айста йæ. Гино гитарæйыл йе нгуылдзтæ æрхаста, сарæзта йæ... æмæ стыр уаты цар æмæ къултыл ныззæлланг кодтой гитарæйы зæрдæрухсгæнæн зæлтæ, стæй йæхæдæг, лыстæг хъæлæсæй ныззарыди:
-Æз æхсинæг фестдзынæн,
Уæларвмæ дын ыстæхдзынæн,
Уæд та ма мын цы кæндзынæ?
Стæй бæзджът хъæлæсæй:
- Уæд æз цæргæс фестдзынæн,
Уæларвмæ дæм ыстæхдзынæн,
Уæд та ма мын цы зæгъдзынæ...
Мах не 'ппæт дæр джихæй кастытæм Гиномæ, хъуыстам йæ фæлмæн , зæрдæйы уидæгтыл æмбæлæг зарæгмæ. Зарæджы ныхæстæ фесты æмдзæгьды бын. Уый фæстæ нын азарыд «Залиханы зарæг»
Æнкъард зарæг уыди уый. Гино йæ афтæ уынгæг хъарæгау зарыди... Не 'ппæтæн дæр нæ зæрдæтæ суынгæг сты. Чызджытæн та сæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты.
Уæдæй нырмæ бирæ хуындты, бирæ хъазтизæрты, бирæ концертты уыдтæн. Федтон, фехъуыстон бирæ зарджытæ. Фæлæ уыцы изæр æнæхæлгæ хæрзаив нывæфтыдæй баззади мæ зæрдыл æрмæст Гинойы сыгъдæг æмæ рæсугъд зарæджы руаджы.
Уæд ма æз уыдтæн æнахъом лæппу. Ницыма æмбæрстон литературæйæн дæр æмæ музыкæйæн дæр. Æрмæст аивады куысты куы бацыдтæн, уæд æмбарын байдыдтон, куыд рæдау разынди Гинойы сфæлдисæг æрдз, куыд бирæ йын радта алыхуызон курдиæттæ!..»
Ахуыргæнæг. Цавæр хатдзæг скæнæн ис Барахъты Гинойы царды хабæрттимæ базонгæйы фæстæ?
Скъоладзаутæ:
- Раст лæджы номхæссæгæн зын цæрæн у. Фæлæ хорз лæгæн йæ ном уæлæуыл баззайы.
- Гинойы хуызæттæ сæ удтæн ницы спайда кодтой, фæлæ царды фидыц, царды ставддæр тугдадзинтæ Гинойы хуызæттæ сты.
- Авд æмæ дыууиссæдз азы йеддæмæ нæ фæцардис Барахъты Гино, фæлæ абоны онг йæ дзыллæйы у разамонæг лæгыл нымад. Гинойы хуызæн лæгтæ стыр хæрзты кæй бацæуынц сæ адæмæн, уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма уыдон адæмæн кæрæдзийы уарзын кæнынц, адæмы кæрæдзиимæ æнгом кæнынц.