ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ӔВЗАГӔЙ 2 -ӔМ КЪЛАС.
АХУЫРГӔНӔГ: ГАССИТЫ ФАТИМӔ.
Урочы темӕ: «Номдар».
Урочы нысан:
1.Бацамонын,цы нысан кӕны номдар,цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты.
2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.
3.Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:интерактивон фӕйнӕг,пре-зентаци,ахуыргӕнӕн чингуытӕ ,карточкӕтӕ.
Ӕмбисонд: «Йӕ мадӕлон ӕвзаг чи нӕ уарзы,
уый ӕндӕр ӕвзаг дӕр нӕ бауарз-
дзӕни».
Урочы цыд:
1.Баццӕттӕгӕнӕн рӕстӕг:
-Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ!
-Ӕгас цу!
-Нӕ буц уазджытӕн дӕр «Ӕгас цу!» зӕгъӕм.
- ӔГАС НӔМ ЦӔУТ, НӔ БУЦ УАЗДЖЫТӔ!
(1 слайд ) [pic]
-Сбадут!
« Уӕ бон хорз!» уын зӕрдӕйӕ дзурын
Ӕмӕ уӕ уе’ппӕтӕй дӕр курын:
Кӕрӕдзимӕ фӕлмӕн фӕхудут,
‘Нгомӕй мӕм лӕмбынӕг хъусут….
-Уӕ тетрӕдтӕ байгом кӕнут,ныффыссут абоны нымӕц,къласы куыст. Уӕ разы ис карточкӕтӕ, ӕркӕсут сӕм ӕмӕ зӕгъут,цавӕр ӕмхъӕлӕсон мырыл дзурдзыстӕм абон. Ӕмбӕлӕм ыл ӕм -дзӕвгӕйы алы рӕнхъы дӕр.
Хъазгӕ худгӕ иумӕ
Хълиппытӕ кӕнынц,
Хъарм дамгъуаты ‘нгомӕй
Хъӕлдзӕгӕй цӕрынц.
-Цавӕр мыры кой кӕнӕм?
- Ӕмхъӕлӕсон мыр ХЪ-йы.
-Цал дамгъӕйӕ нысангонд у?
-Дыууӕ,ӕмхъӕлӕсон мыр Х ӕмӕ хъӕбӕры нысан Ъ-йӕ.
-Рӕнхъыл фыссӕм стыр дамгъӕ ХЪ,йӕ фӕдыл рӕнхъы кӕронмӕ гыццыл дамгъӕйӕ.
-Ныр та байхъусут иу ахсджиаг хабармӕ. Иу диссаджы рӕсугъд бӕстӕйы цӕры ирон ӕвзаг. Ис дзы бирӕ горӕттӕ,сӕ иу хуыйны Морфологи.Ацы горӕты цӕры бирӕ цӕрджы –тӕ-НЫХАСЫ ХӔЙТТӔ .Абон хъуамӕ базонгӕ уӕм сӕ сӕйрагдӕр цӕрджытӕй иуимӕ.Фестӕм сгарджытӕ ӕмӕ араст уӕм йӕ агурӕг. Куыд уӕм кӕсы,цӕмӕй райдайӕм ? --Ӕмбырд кӕнӕм информаци.
-Цавӕр фӕрстытӕ уӕм фӕзынд?
а).Цы хуыйны?
ӕ).Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты?
б).Цы нысан кӕны?
-Уӕдӕ уый у нӕ урочы архайд.Мах базонгӕ уыдзыстӕм ног ныхасы хайимӕ; базондзыс -тӕм, цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты, уый, куыд ӕй хицӕн кӕнын хъӕуы иннӕ дзырдтӕй .
Уӕдӕ мӕнӕ ацы къахвӕдтыл араст уӕм сгарӕг.
Ног ӕрмӕгыл куыст.
(2 слайд )
[pic]
-Цыма нӕ кӕдӕм кӕнынц къахвӕдтӕ?
-Хъӕдмӕ.
-Баивут бӕрӕггӕнӕн дзырдтӕ иу дзырдӕй:
(3 слайд)
Уӕлдӕфы змӕлд (дымгӕ)
[pic]
Тынг дымгӕ митимӕ (тымыгъ)
[pic]
-Раттут сӕм фарст.
-Цы?
-Сты ӕрдзы фӕзындтытӕ.Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты.
(4 слайд )
-Къахвӕдтӕ нӕ ӕрбакодтой сырддонмӕ. [pic]
- Цы уынӕм сырддоны?
-Арс,домбай,жираф,пыл.
-Раттут сӕм фарст.
-Цы?
-Сты цӕрӕгойтӕ.Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты.
(5 Слайд )
Дарддӕр та цӕуӕм агурӕг.Ӕрбахӕццӕ стӕм царды фӕзмӕ.
[pic]
Ам та кӕуыл фембӕлдыстӕм?
-Лӕг(фыд),ус(мад),чызг,лӕппу.
-Цавӕр фарст сӕм раттӕн ис?
-Фарст чи?
-Куыд сӕ ис иумӕ схонӕн?
-Бинонтӕ,адӕм.
-Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты.
(6 слайд)
Ныр та фембӕлдыстӕм чызгыл.Дурыл бады,цӕ -уылдӕр хъуыды кӕны.Цавӕр бакаст ын ис?
[pic]
-Рыст,тас,ӕнкъарддзинад (боль,печаль,страх).
-Цавӕр фарст раттӕн ис ацы дзырдтӕм?
-Фарст цы?
-Ацы дзырдтӕ нысан кӕнынц ӕнкъарӕнтӕ (чувства).Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты.
(7 слайд)
Дарддӕр цӕуӕм агурӕг ӕмӕ ӕрбахаудыстӕм хъӕддӕснион цехмӕ(столярный цех).
[pic]
-Ацы нывы та цы уынут?
-Дзӕбуг, хырх, хӕсгард, барӕн.
-Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты. Дзырдтӕй иуимӕ саразут хъуыдыйад.
-Иумӕ сӕ куыд ис схонӕн?
-Кусӕнгӕрзтӕ (инструменты).
-Цавӕр фарстӕн дзуапп дӕттынц ацы дзырдтӕ?
-Фарст цы?.
Дӕрдтыл фӕзылдыстӕм агурӕг ӕмӕ фӕс -тӕмӕ ӕрбахаудыстӕм не ‘скъолайы библио- текӕмӕ.Райсӕм чиныг «Уыци-уыцитӕ», цалдӕр дзы бакӕсӕм , базонӕм сӕ.
(8 слайд)
1.Быдыры рӕзы, сыгъзӕрин йӕ хуыз,
Фӕззӕджы ‘ркарсты-бӕркадджын йӕ хыз.
(мӕнӕу) [pic]
2.Сӕрдӕй зымӕгӕй иу фӕлыст,
Йӕ рӕсугъддзинад дардыл хъуыст
(наз бӕлас)
[pic]
3.Ма мӕм ‘вналӕд мачи,
Ме уӕнгты цъӕх арт и.
(пысыра)
[pic]
4.Нӕма фӕци нӕ хъал зымӕг
Йӕ сӕр ысдардта ….
(малусӕг)
[pic]
-Цавӕр фарстӕн дзуапп дӕттынц,цы дзырдтӕ базыдтам,уыдон?
-Фарст цы?.
Куыд сӕ ис иу дзырдӕй схонӕн?
-Зайӕгойтӕ.
Нӕ басгарстӕй цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдыстӕм?
-Сӕфт ныхасы хай у НОМДАР
Физминуткӕ:
Ныр та не’уӕнгтӕ айтынг кӕнӕм.
Гӕпп кӕн,тӕръус,
‘Мдзӕгъд кӕн,тӕрхъус,
Иумӕ абадӕм,мӕ хъилхъус,
Къухтӕ сис хӕрдмӕ,стӕй размӕ,
Айваз сӕ фӕйнӕрдӕм кафгӕ,
‘Руадз сӕ ныр бынмӕ сындӕг,
Сбад дӕ бынаты цӕрдӕг.
-Цы базыдтат,уыдон уӕ зӕрдыл бадарут,цӕмӕй сӕ уӕ ныхасы ӕнӕкъуылымпыйӕ пайда кӕнын уӕ бон уа.
Къордтыл куыст:
-Алкӕй раз дӕр уӕ стъолыл ис ӕхсӕнчъытӕ(ро-машки).Алы дидинсыфыл дӕр предметы ныв.Сӕ быны сын ныффыссут,цавӕр фӕрстан дзуапп дӕтты предмет.
Къӕйттӕй куыст:
-Ныр та бакусӕм дыгӕйттӕй.
Алы стъолыл дӕр ис цӕттӕ мыхуыр дзырдтӕ. Раст сӕ спайда кӕнут, саразут cӕ хъуыдыйад.
Цавӕр уагӕвӕрд уӕм рауад?
(Рахызтысты дыууӕ ахуырдзау ӕмӕ дзурынц номдары тыххӕй).
-Номдар у сӕрмагонд ныхасы хай,нысан кӕны предмет,дзуапп дӕтты фӕрстытӕн чи?цы?
Фарст чи? дзуапп дӕтты удджын преметтӕн, фарст цы? дзуапп дӕтты ӕнӕуд предметтӕн.
Ныр та байгом кӕнут чиныджы 75-ӕм фарс, ӕркӕсут 3-аг ӕмӕ 4-ӕм фӕлтӕрӕнтӕм.
Дыууӕ рӕнхъӕй рафыссут дзырдтӕ:1-аг рӕнхъ удджын предметтӕ,2-аг рӕнхъ ӕнӕуд пред-тӕ.
-Раздӕхӕм фӕстӕмӕ нӕ зайӕгойтӕм .
Зайӕготы цӕмӕн хъӕуы уидӕгтӕ?
-Цӕмӕй цӕрой.
-Сӕ уидӕгтӕ куы амӕлой,уӕд сыл цы ‘рцӕу -дзӕн?
-Уӕд бахус уыдзысты.
-Ӕрбакӕсут ма фӕйнӕгыл фыст ӕмбисондмӕ. «Йӕ мадӕлон ӕвзаг чи нӕ уарзы,уый ӕндӕр ӕвзаг нӕ бауарздзӕн».
Куыд ӕмбарут ӕмбисондӕн йӕ хъуыды? (Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ).
Мах дӕр нӕ мадӕлон ӕвзаг куы нӕ уарзӕм, куы нӕ йӕ ахуыр кӕнӕм,уӕд фесӕфдзӕн.
Уардзут уӕ мадӕлон ӕвзаг,ахуыр ӕй кӕнут, цӕмӕй йӕ уыдӕгтӕ арфдӕр ацӕуой.
Рефлекси
-Къласы цы предметтӕ уынут,уыдон ранымайут, раттут сӕм фӕрстытӕ.
Зӕгъут ма,урочы нӕ разы цы хӕс ӕвӕрд уыд,уый ӕххӕст ӕрцыди?
Цы базыдтат ногӕй урочы?
Кӕм нӕ бахъӕудзысты?
Ӕцӕгӕй дӕр абон бавнӕлдтам стыр проектон куыстмӕ,кӕцы хуыйны НОМДАР.
Хӕдзармӕ куыст: 76 фарс; 1,2 фӕлт.
Ныр та уӕ алчидӕр йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ
кӕнӕд.
[pic] -----------------
[pic] ------------------
[pic] -----------------
СТЫР БУЗНЫГ !