[pic]
39-ӕм скъола
ирон æвзагæй 4-æм къласы
(лæмæгъ къорды)
Темæ: «Халсартӕ»
ахуыргæнæг: Багданты Алинæ
Темæ: Хъæдмæ-гагадыргътæм.
Фарстон хъуыдыйад.
Нысан: 1. Сывæллæтты базонгæ кæнын Ирыстоны цы гагадыргътæ зайы, уыдонимæ.
2. Хъомыладон куыст бакæнын.
3. Скъоладзаутæн раттын хуымæтæг зонындзинæдтæ фарстон хъуыдыйадæй.
Урочы цыд:
Организацион момент.
Радгæс дзуры, абон кæцы нымæц у, боныхъæд цавæр у.
Фонетикон зарядкæ.
а) фæйнæгыл кавказаг мыр «хъ».
б) мырыл раст дзурыныл бакусын.
в) æрхъуыды кæнæм ацы мыримæ дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ.
III. Аудировани. Ирон ныхас хъусын æмæ æмбарын.
Æмдзæвгæ кæсы ахуыргæнæг.
Диссаг у сæрдыгон хъæды
Цъæх сыфтæр æрттивы хурмæ
Ризы уддзæфмæ хъæлæрдзы
Зад цупæлттæй зулмæ.
Саунæмыг фыр задæй цуды,
Æмæ сау цæстау фæлгæсы
Мæцкъуы схъулон æмæ худы,
Сыхсы сыфтæрты æмбæхсы
Плиты Хадо.
- Цæуыл цæуы ныхас ацы æмдзæвгæйы?
- Цавæр гагадыргъты тыххæй?
- Цы бахъуыды кодтат гагадыргъты тыххæй?
- Цавæр æмбисæнттæ зонут гагадыргъты тыххæй?
Гагадыргътæ сæ афоныл хорз сты.
Хохы мæнæргъы адджын у.
- Куыд æмбарут ацы æмбисæнтты хъуыды?
Ныртæккæ та ацæудзыстæм балцы хъæдмæ æмæ базондзыстæм, цавæр гагадыргътæ зайы хъæды, уый, стæй цы пайда сты.
Сывæллæттæ, уынут цас гагадыргътæ æрæмбырд кодтам. Цы пайда нын сты гагадыргътæ?
Чиныгимæ бакуыст.
Дзырдуат.
Срæгъæд сты - поспели
Хъæды æрдуз – лесная поляна
Текст цæггай кæсын, тæлмац кæнын, фæрстытæн дзуапп раттын.
Хъæдмæ-гагадыргътæм
Фыццаг фæзыны æрыскъæф. Зайы æрдузты, урс бæрз æмæ зазхъæдты. Фæстæдæр срæгъæд вæййынц мæнæргъы, дзедыр æмæ саунæмыг. Хъæддаг мæнæргъы зайы хохаг хъæдты, нæзыхъæдты. Дзедыр зайы алы ран дæр. Йæ гагадыргътæ пайда сты адæймаджы æнæниздзинадæн.
Фæрстытæ текстмæ: а) Цавæр гагадыргъ фæзыны фыццаг?
б) Кæм зайы æрыскъæф?
в) Хъæддаг мæнæргъы кæм зайы?
г) Дзедыр кæм зайы?
д) Цы пайда у дзедыр?
е) Цы пайда сты йæ гагадыргътæ?
Фæрстыты руаджы ахуыргæнæг сывæллæтты æркæны хатдзæгмæ
Раиртæст: Фарст цы хъуыдыйады вæййы, уый хуыйны фарстон хъуыдыйад
Грамматикон хæс.
Дзырдтæй сразут фарстон хъуыдыйæдтæ.
а) Судзы, пысыра, тынг.
б) Битъынайы, у, цай, хæрзад.
2. Хъуыдыйæдтæ раст ныффысс.
а) Фыццаг фæзы алы ран дæр
б) Дзедыр зайы нæзыхъæдты
в) Хъæддаг мæнæргъы зайы æрыскъæф
VII. Хъазт: «Цыппæрæм уæлдай».
Кæронбæттæн. - Цы базыдтат абон ногæй нæ урочы?
IX. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Х. Хæдзармæ куыст:
а) Текст кæсын сахуыр кæнын.
б) Журнал «Ногдзау»-æй рафыссын 3 фарстон хъуыдыйады.