Программа внеурочной работы 5 кл

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Фæсурокты куысты программæ ирон æвзагæй 5 кълас.


Æмбарынгæнæн фыстæг.

Куыд зонæм , афтæмæй фæсурокты куыст ирон æвзагæй у ахсджиаг æмæ ахадгæ. Ацы куыст тынг ахъаз у , цæмæй рæзын кæнæм цымыдисдзинад нæ мадæлон æвзагмæ, цæмæй уæрæхдæр кæна скъоладзауты зылдакаст æмæ хъуыдыкæнынад, цæмæй бæрзонддæр кæна сæ интеллектуалон æмвæзад.

Сусæггаг нæу, бирæ скъоладзаутæ ирон æвзаджы урочытæ кæй нæ уарзынц, уый. Уымæн та ис бирæ аххосæгтæ. Сæ сæйрагдæр та , æвæццæгæн, у, ахуыргæнæн æрмæг зын æмæ вазыгджын кæй у, уый.

Гъе, уымæ гæсгæ , фæсурокты куыстæн йæ сæйраг хæс у : рæзын кæнын скъоладзаутæм цымыдисдзинад мадæлон æвзагмæ, æмбарын кæнын скъоладзаутæн ирон æвзаг ахуыр кæныны хъæуындзинад.

Ирон æвзаджы урочытæй хъауджыдæр фæсурокты куысты архæйдтыты ахуырдзаутæ исынц арф зонындзинæдтæ ахæм темæтæй: « Морфемикæ», «Дзырдарæзт», « Морфологи», «Графикæ», «Пунктуаци», « Лексикæ», «Синтаксис», « Фонетикæ» æмæ аф. д. Стыр хъусдард цæуы практикон куысты хуызтæм, фæлтæрæнтæм, хъæзтытæм, викторинæтæм æмæ æндæртæм. Ног информацион технологитæй пайдагæнгæйæ , сывæллæттæ ахуыргæнæгимæ ахуыр кæнынц сæ хъуыдытæ бæлвырд кæнын, лæвæрд темæмæ гæсгæ тæрхæттæ кæнын.

Лæвæрд программæ актуалон у , уымæн æмæ абон Ирыстоны стыр æргом здæхт у ирон æвзаг ахуыр кæныны проблемæмæ. Уымæ гæсгæ, æнæмæнг, фæсурокты куысты фæрцы хъæуы рæзын кæнын уарзондзинад( иу хатт ма йæ зæгъон) ирон æвзагмæ , æххæстдæр кæнын скъоладзауты орфографион æмæ пунктуацион ахуырдзинад. Ахуырдзаутæ ахуыр кæнынц къордты кусын, аразын проекттæ, уымæй хицæн кæны лæвæрд курс иннæтæй.






Программæйы нысантæ:

- рæзын кæнын скъоладзауты зылдакаст æмæ хъуыдыкæнынад;

- хъомыл кæнын сывæллæттæм позитивон – эмоционалон ахастдзинæдтæ ирон æвзагмæ;

- ирон æвзаг ахуыр кæныны ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын;


Программæйы хæстæ:

- рæзын кæнын скъоладзаутæм цымыдисдзинад ирон æвзагмæ, йе ,гъдæуттæм, ирон æвзаджы алыхуызон фæзындтæм;

- хъомыл кæнын сывæллæттæм коммуникативон культурæ;

- скъоладзауты сфæлдыстадон курдиаты рæзынадæн ахъаз кæнын;

- раиртасын æмæ æххуыс кæнын лингвистикон æгъдауæй курдиатджын сывæллæттæн;

- рæзын кæнын æмæ æххæстдæр кæнын скъоладзауты удгоймаджы психологон миниуджытæ : зонынуарзондзинад, хъæппæрисдзинад, куыстуарзондзинад, фæндондзинад, хъæддыхдзинад, хæдхъомад зонындзинæдтæ райсыны фарсты.
















Райдайæн кълæсты цы æрмæг сахуыр кодтой, уый зæрдыл æрлæууын кæнын.






Викторинæ: «Цы зонæм æмæ цæмæ арæхсæм?»

2



Синтаксис æмæ пунктуаци. Ныхасы культурæ.




1.

Дзырдбаст.

Балц синтаксисы бæстæмæ. «Æз дæн сæйраг дзырд, æмæ мæм хъус!».

1


2.

Хуымæтæг хъуыдыйад.

Урок – хъазт. «Хуымæтæг хъуыдыйады галуан. Цæй, ныр цавæр нысан сæвæрон: стъæлф, фарсты æви хъæрон?».

1


3.

Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ.

Беседæ æмæ фæлтæрæн куыстытæ . «Сæйрат æмæ зæгъинаг цæмæн сты хъуыдыйады сæйраг?».

1


4.

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.

Лингвистикон фæлтæрæнтæ. « Мах дæр æххуыс стæм, кæд фæрссаг хуыйнæм, уæддæр».

1


5.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.

Хъазт. «Æмхуызон уæнгтæ –хъуыдыйады зилгæуады».

1


6.

Сидæн, бавæргæ дзырдтæ .

Лингвистикон хъазт. «Уæ бæрзонддзинад, сидæн æмæ бавæргæ дзырдтæ!».

2


7.

Вазыгджын хъуыдыйад.

Грамматикон фæлтæрæнтæ хъазты элементтимæ. «Цы диссаг дæ, вазыгджын хъуыдыйад !».

2


8.

Комкоммæ ныхас.

Ерыс къордты хсæн. «Дæ ныхас дын нæ аивдзынæн, афтæмæй йæ зæгъдзынæн».

1


9.

Диалог.

Тематикон диалогтæ аразын. «Дыууæйы хсæн – зæрдæбын ныхас».

1



Фонетикæ,орфоэпи, графикæ æмæ орфографи.




1.

Фонетикæ.

Лингвистикон фæлтæрæнтæ. «Мæ ном у фонемæ».

1




Урок – цæстдард. «Цымæ алы фонемæйæн дæр ис дамгъæ?».

1


2.

Хъæлæсон мыртæ.

Беседæ æмæ фæлтæрæнтæ. «Хъæлдзæг хъæлæсонтæ».

1


3.

Æмхъæлæсонтæ.

Къордты хсæн хъазт. «Хъæлæсонтæй, æмхъæлæсонтæй ахсджиагдæр чи у? Стæй дзы цы ныффыссон: зылангон æви æзылангон?».

1


4.

Дамгъæтæ ж, ш, ъ,ь уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты.

Дзырдтæй хъазт. «Уæ фæрцы не взаг хъæздыг у».

1


5.

Алфавит.

Лингвистикон хъазт. «Чи «цæры» алфавиты?».

1



Лексикæ.




1.

Лексикæ. Иунысанон æмæ бирæнысаниуæг дзырдтæ. Комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг.

Беседæ æмæ лингвистикон фæлтæрæнтæ. «Цал нысаниуæг уын ис, цал, дзырдтæ?».

1


2.

Синонимтæ. Омонимтæ.

Грамматикон ерыстæ. «Дзырдтæ –æмбæлттæ» æмæ «дзырдтæ –фаззæттæ».

1


3.

Антонимтæ.

Ерыс. «Дзырдтæ –ныхмæлæуджытæ».

1


4.

Дзырды нысаниуæг ирон –уырыссаг дзырдуатмæ гæсгæ бæрæг кæнын.

Дзырдуæттимæ куыст. «Кæм «æфснайд» сты дзырдтæ?».

1



Морфемикæ. Орфографи. Ныхасы культурæ.




1.

Морфемикæйы æмбарынад. Дзырдты арæзт.

Фæлтæрæн куыстытæ ерысы хуызы. «Цæмæй арæзт сты дзырдтæ?».

1


2.

Иууидагон дзырдтæ. Бындур æмæ кæрон.

Грамматикон быцæу. «Дзырдтæ –хиуæттæ».

1


3.

Уидаг, разæфтуан, фæсæфтуан.

Къордты хсæн хъазт. «Дзырды зæрдæ –уидаг у, фæлæ мах дæр дзырд аразынæн æххуыс стæм».

1


4.

Хъæлæсонты рахауд æмæ æлвæстад… Æмхъæлæсон мырты æмхуызонад æмæ æзылангон æмхъæлæсон мырты рахызт зылангонтæм.

Фæлтæрæн куыстытæ хъазты элементтимæ. «Куы рахауæм, куы та æлвæст æрцæуæм , æмхъæлæсонтæ та…»

1



Морфологи. Орфографи.




1.

Номдар.

Викторинæ. «Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр».

2


2.

Миногон.

Цæстдард хъазты элементтимæ. «Номдары æмбал –миногон, кæддæриддæр –иумæ».

2


3.

Нымæцон.

Урок –балц нымæцоны дунемæ. «Номдартæн сæ хыгъд æвдисын, стæй сæ рæнхъæвæрд дæр раст».

2



Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ныффидар кæнын.






Брейн –ринг (интеллектуалон хъазт). «Чи хуыздæр æмæ фылдæр?».

1