2.
Темæ «Номдар»
(рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок)
Урочы нысан: номдарæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
воспитывать у учащихся любовь и интерес к русскому языку.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Сывæллæтæ, уæ бон хорз. Нæ урочы кæрон кæрæдзимæ бахудæм, æмæ афтæмæй зæрдæрухсæй нæ куыст кæнæм. 1-аг слайд.
II. Урочы темæйыл куыст.
1). Дзырдуатон куыст
Ахуыргæнæг: Нæ урок райдайæм дзырдуатон куыстæй. Фæлæ уый размæ баххæст кæнæм дзырдбыд. Дзырдбыд та цы у?
2-аг слайд.
Дзырдбыды дзырдтæ куы базонат, уæд-иу дзырдæн йæ орфограммæ дæр бацамонут. Орфограммæ та цы у?
Райдайæм:
1. Адæймаг куы райгуыры, уæд ын æнæмæнг раттынц цавæрдæр …(НОМ).
2. Ирæтты райгуырæн бæстæ куыд хуыйны? (ИРЫСТОН)
3. Хъобаны чи цард, ахæм адæмон хъайтары ном (ЧЕРМЕН)
4. Адæймаг кæм райгуыры, уыцы зæхх куыд фæхоны? (ФЫДЫБÆСТÆ)
5. Адæймаджы цæрæн бынат. (ХÆДЗАР)
6. Нарты гуыппырсартæй æппæты тыхджындæры ном. (БАТРАЗ)
Ахуыргæнæг: Нæ дзырдбыдыл кусгæйæ сбæрæг кодтам нæ урочы темæ дæр (НОМДАР). 3-аг слайд.
III. Урочы темæйыл куыст.
1. Нæ урочы хъуамæ æрдзурæм, номдарæй цы базыдтам, ууыл.
Номдары тыххæй мах хъæуы зонын:
4-æм слайд
Зонын:
- цы у номдар
- номдары грамматикон категоритæ
- номдары синтаксисон функцитæ
- номдарты нысаниуæг нæ ныхасы
- номдары морфологион æвзæрст
Арæхсын
- тексты номдартæ ссарын
- номдары грамматикон категори базонын
- номдары морфологион æвзæрст
- номдартæ раст фыссын, ныхасы сæ раст пайда кæнын
Арæхсын
2. Бесæдæ.
- Цы у номдар? Цы нысан кæны?
- Раздæхæм нæ дзырдбыды дзырдтæм. Цавæр къордтыл сæ адихгæнæн ис?
(Сæрмагонд æмæ иумæйаг, удджын æмæ æнæуд)
3. Къордты куыст.
- Дарддæр кусæм къордгай. Алы рæнхъ дæр у хицæн къорд (æртæ къорды)
Алы рæнхъæн дæр – хицæн хæс. (Хæслæвæрдтæ райуарын)
1-аг рæнхъы хæс: аргъауы текстыл бакусын (6-æм слайд)
Аргъау.
Нæма райгуырд, афтæмæй хъуыды кодтой, цы йыл сæвæрой. Куы райгурд, уæд æй схуыдтой . Райгуырди æмæ ссис . Тынг хæларзæрдæ уыд, йæ фыццаг дзырд дæр уыд «А», æмæ йæ схуыдтой
Тынг хорз иртæста хорз æмæ æвзæр, æмæ йæ схуыдтой Къухæй тынг дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ райдыдтой хонын
Хæдзары æппындæр нæ бадти. Уарзта бæстæтыл зилын, фæндыд æй дуне фенын. Æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой
Æмгарджын кæй уыд, уый тыххæй йæ хуыдтой
Йæ ныййарджыты халдих кæй рауад, уый тыххæй та йæ рахуыдтой
2-аг рæнхъы хæс: хауæнты фæрстытæ раст рафыссын (7-æм слайд)
Номон Кæйау? Цæйау? Куыд?
Гуырынон Кæмæн? Цæмæн?
Дæттынон Чи? Цы?
Иртæстон Кæй? Цæй? Кæм? Цæм?
Арæзтон Кæмæ? Цæмæ? Кæдæм?
Æддагбынатон Кæимæ? Цæимæ?
Цæдисон Кæуыл? Цæуыл?
Хуызæнон Кæмæй? Цæмæй? Кæцæй?
3-аг рæнхъы хæс: уæлдай рæнхъ ссарын (9-æм слайд)
Фарн Æхсар Радзырд
Фæсивæд Зæнæг Æфсымæр
Уарзт Дзерассæ Хъæу
Арв Цард Цæугæдон
Ахуыргæнæг: Сбæрæг кæнæм уæ дзуæппытæ.
(къордты дзуæппытæм байхъусын)
4. 8-æм слайды хæслæвæрд иууылдæр иумæ æххæст кæнынц.
Хæс: цавæр хауæнты æвæрд ис тексты дзырд «мæсыг»? Хауæнтæй кæцы ферох кодтам?
Нæ фыдæлты царды мæсыгæн уыд стыр ахадындзинад.
Мæсыг амадтой бæрзонд бынаты, цæмæй иу мæсыгæй иннæ мæсыг зындаид.
Знаг-иу куы ’рбацæйцыд, уæд-иу мæсыгмæ схызтысты æмæ-иу йæ сæрыл арт скодтой. Кæд-иу искæйы мæсыгыл арт фæзынд, уæд-иу базыдтой – тыхгæнæг æрбацæуы. Æмæ-иу уæд уыцы мæсыгау иннæ мæсгуыты сæр дæр æртытæ скодтой.
Афтæ, мæсыджы фæрцы кæрæдзийæн хабар хъусын кодтой.
5. 10-æм слайды хæс баххæст кæнын.
Ахуыргæнæг: Дзырдтæ фæпырх сты баххæст-ма кæнæм хæслæвæрд.
Хæс. Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындз – æнæуд предметты нæмттæ, дыккаг – удджын предметты нæмттæ.
Нана Горæт
Ахуыргæнæг Алтъами
Постхæссæг Скъола
Æфсымæр Кæрт
Франк Бæрз
6. 11-æм слайды хæс.
Ахуыргæнæг: Номдар канд дзырды ном зæгъынæн нæ хъæуы, фæлæ ма æххæст кæны æндæр хæстæ дæр. Цавæр у фæ хæс тексты мидæг, уый базондзыстæм, текст бакæсгæйæ.
Хæс: Текст бакæсут. Цавæр у бæрæггонд номдарты нысаниуæг?
Хъæды арæх фæхъуысы хъæдхойы къупп-къупп. Цъиу хуымæтæджы нæ фæхойы бæласы зæнг. Хъæды тохтыр фæуидзы бæласы зулчъытæ.
- Дзырд «хъæдхой» æндæр дзырдтæй ивд цæмæн æрцыд?
(Номдар у тексты хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæг фæрæз)
IV. Хæдзармæ куыст.
Номдары тыххæй æрхъуыды кæнын чысыл грамматикон аргъау (сочинени-æрфыст)
4