Конспект урока по осетинской литературе на тему Ма хъау. Уанг

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...






[pic]






39-ӕм скъола

ирон æвзагæй 3-æм къласы

(лæмæгъ къорды)


Темæ: « МÆ ХЪÆУ»

«УÆНГ»






ахуыргæнæг: Багданты Алинæ






Урочы нысан: 1.Рацыд æрмæг ныффидар кæнын;

2. Ныхасы рæзтыл куыст;

3. Сывæллæтты зæрдæты уарзондзинад

гуырын кæнын хъæумæ.


Цæстуынгæ æрмæг: чиныг, Ирыстоны символикæ, хæдзарон цæрæгойты нывтæ.






Урочы цыд:


I. Бацæттæгæнæн хай.

II. Фонетикон зарядкæ. Мыр ХЪ:

а) æрхъуыды кæнын дзырдтæ;

æ) æрхъуыды кæнын дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ.


Ах-нæг: Ныртæккæ та бакæсæм ахæм тагъддзуринæгтæ:


1.Тæрхъусы хъуыст – хъилхъусæй,

Тæрхъусы хуыст – дæлгоммæ.



2. Хъæбæр галæн хъæбæр хъæдæй

хъæбæр къæлæт.



Ах-нæг: Уыци- уыцитæ:


  1. Доны йæхи найы æмæ

хусæй баззайы. (хъаз)


  1. Чи мæм бавнала, уый скæудзæн. (хъæдындз)








Ах-нæг: Зæгъут-ма, абон цавæр дамгъæ сфæлхат кодтам?



III. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын:

гора Кариу – Хъæриу хох

карась – тъепа

горные луга – хæххон уыгæрдæнтæ

дикие звери – хъæддаг сырдтæ

дикие животные – хъæддаг цæрæгойтæ

ловим – ахсæм




IV. Аудировани


Текст «Хъуг»



1.Хъуджы æрцыдмæ

Æнхъæлмæ кæсынц,

Кæрты дуары рдæм

Æдзынæг кæсынц-

Æрæгмæ куы рцæуа кæннод-

Гыццыл лæппутæ,

Гыццыл гисотæ

Æмæ йæхи гыццыл род.




Фæрстытæ:

Чи æнхъæлмæ кæсы хъугмæ?

Цæмæ æнхъæлмæ кæсынц?


2.Ах – нæг: Куыд цæрынц адæм хъæуы?


Цавæр хæдзарон цæрæгойтæ зонут?


Цы пайда нын сты цæрæгойтæ ?



т е с т « Хæдзары цæрæгойтæ » .



[pic] [pic] уæрыкк

[pic]

Х [pic] [pic] ъуг дæтты цы? æхсыр

[pic]

айк







[pic]

[pic] хæфсытæ

[pic]

Г [pic] [pic] æды ахсы цы? мыстытæ


[pic] бындзытæ





[pic]

[pic] хæдзар

К [pic] [pic] [pic] уыдз хъахъхъæны цы? скъола

[pic]

фос







Æмбисæндтæ:

  1. Хорз куыдз лæгæн æмбал у.

  2. Куыдз лæдзæг нæ уарзы.

  3. Бæркад фосæй цæуы.







Ах-нæг: Абон нæ зæрдыл æрлæууын кодтам,

цавæр цæрæгойтæ цæры хæдзары æмæ нын

цы пайда нын сты?

V. Текстыл бакуыст.

Мæ хъæу.


1. Нывмæ гæсгæ куыст.


а) Цы уынæм нывы?

æ) Кæцы афон дзы æвдыст цæуы?

б) Цавæр ахорæнтæй пайда кодта нывгæнæг?




2. Скъоладзаутæ кæсынц цæггай æмæ тæлмац кæнынц.




3. Нывтæ баххæст кæнын хъуыдыйæдтæй, текстæй ист.

4. Саразын диалог текстæй:

-Кæм цæрыс?

- Æз цæрын Суададжы хъæуы.

- Уæ хъæу цавæр у?

- Нæ хъæу у тынг рæсугъд, аив, райдзаст.

- Уæ хъæуы цы ис?

- Ис нæм клуб, дукани, скъола, радио, исæм газеттæ.




Ах-нæг: Цавæр хъæутæ ма зонут?

Чи уæ цавæр хъæуы уыд?


Абон мах базонгæ стæм Суададжы хъæуимæ.


VI. Урочы грамматикон хæс.

а) хæслæвæрд слайдыл;

æ) 4-æм фæлтæрæн.


Урокæн хатдзæг скæнын.


VII. Хæдзармæ куыст.

а) текст аив кæсын;

æ) 6-æм фæлтæрæн.


VIII. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.