Конспект внеурочного мероприятия Дзыгъуыр карк

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Аргъау «Дзыгъуыр карк»

Аргъау иу архайдæй ,дыууæ нывæй.



Архайджытæ: Дзурæг

Дада

Нана

Карк

Мыст

Фыццаг ныв.

Сценæмæ рацыд дзурæг



Дзурæг: Раджыма –раджыма цардысты æмæ уыдысты

Нана ,Дада семæ та Дзыгъуыр карк.

(сценайы бандон,чыргъад. Бадынц Нана ,Дада семæ сæ карк)



Нана: Ǣз мæ карчы уарзтон

Ǣмæ йын нæмгуытæ хастон

А, мæ Дзыгъуыр ахæр

Нæмгуытæ мæ къухæй



Дада: Дон ын хастон цъайæ

Назынмæ фыр цинæй

Цæмæй зæрдæ райа

Карк: Ǣз цæрын мæ царды райгæ

Цард у аргъау

Хорздзинадæн радтон æз

Айк алыбон дæр цардау!

Хордтой Нана Дадаимæ

Ǣйчытæ хæрзадæн

(карк бады чыргъæды æмæ зары)

Ко ко ко

Диссаг ,диссаг радтон æз

Айк уæд сызгъæрин



Дыккаг ныв.



Дада: Мæнæ диссаг,кæсс ма Нана!

(Дада бады Нанаимæ ,æвдисы йын айк)





Нана: Дзыгъуыр нын радта

Аходæнма айк

Сыгъзæрин!

Айс ма йæ цæй марадз.



(дада æмæ нана кæсынц айкмæ æмæ цин кæнынц)



Мыст рабырыд хуынкъæй ,хъусы нанамæ æмæ дадамæ.



Дада: Акъуырыче кæнæм цæй

Айк иумæйагæй .

Нæ нæ сæтты уый тыхæй

Бавзарæм мæ цæй æмдыхæй.

Нана: Ам сæрæн уæвын хъæуы

Тыхтæ бавзарын хъæуы

Мæнæ диссаг ,нал сæтты !

(айк стъолыл ныууагътой ,мыст рабырыд æмæ зары)

Мыст: Тар пъадвалы æз цæрын

Нкъард кæнын мæхæдæг

Мæнæ рацыдтæн цæрдаг!

Дзулы къæбæртæм мæхæдæг.

Зонын асæй дæн ныллæг

Фæлæ даргъ къæдзил куы сзилон

Рæвдз уæ се ппæты фæсурон

Зондзыстут!

(мыст айк асаста)

Дада æмæ Нана кæуынц. Айк асаст!



Цы фæндыдис ,уый æрцыдис

Айк цъæл æрцыдис!

Цæй цы рцыдис Дада ,Нана

Ма кæут хъæрæй!

Ратдзæн уын Дзыгъуыр карк

Айк та нæуæгæй.

Дада: Хъæр цæуы ,Дзыгъуыр кæуы!



Дзыгъуыр карк: Фаг кæуынæн фаг!

Ратт мын иубæсты Нана

Нæмгуытæй дæ къухæй

Ратт мын иубæсты Дада

Цъайæ дон дæ къухай.

(карк дон нуазы)

Дзыгъуыр карк: Ко ко ко

Ай уын айк!

Райсут æй цæрдаг

Цард нæ уыдзæнис тызмæг.

Хæр иу Нана ,хæр иу Дада

Айк уæд хуымæтæг!



Нана: Хорз, нæ нæ хъæуы сыгъзæрин

Фаг мын у хуымæтаг.



(дада æмæ нана нал кæуынц,бузныг зæгъынц каркæн)



Кæрон.