Доклад Коста и театр

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


КЪОСТА ÆМÆ ТЕАТР

Академик Абайты Васо Къостамæ аивады тæмæнтæ куыд равзæрд ,уый тыххæй зæгъы: «В Ставропольской гимназии Коста показал себя в высшей степени живым, восриимчивым и одаренным юношей ,имеющим сильнейшую склонность к литературе и искусствам: живописи, театральному искусству,музыке». Къоста ,сценикон аивады ахсджиаг фæзилæнтæ базонынмæ зæрдиагæй кæй бавнæлдта,уымæ гæсгæ йын бæлвырдæй бантысти вазыгджын аивады сусæгдзинæдтæ раргом кæным.Уый нæ быхста формалон ,æнæбындурон архайд ,æнæмидис сценæтæ.Уый хъæздыг уыди актерон курдиатæй, режиссерон дæсныйадæй. Уымæ гæсгæ Къостайы æвæрд спектаклтæ, ролты хъзгæйæ уый арæзт фæлгонцтæ æнустæм удæгасæй баззадысты театрдзауты риуы. –Нæ директор Гнисповы фæндонæй пансионаттæн концерттæ æвдыстой сабатбоны изæрты-кæсæм Къостайы архивы йе мдугоны мысинæгтæ. –Уыцы концертты-иу Къоста аив касти æмдзæвгæтæ, лæг æм хъусынæй не 'фсæсти. Кæсгæ-кæсын-иу йæ дзых тынг байгом кодта, йе ‘рттиваг цæстытæ-иу дард кæдæмдæр сарæзта, йæ дзыхы та-иу зæлтæ æвзæрдысты музыкалон гаммæты æнгæс, æмæ хæрзконд симфониау хъусæгмæ цыдæр æхцондзинад хастой. Гимназы хуздæр артист æмбисонды хъазт акодта Иван Грозныйы ролы. Сценæйы æвзонг дæсны хъайтар скæнынæн ахæм аив ахорæнтæ ссардта, ахæм реалон мадзæлттæй спайда кодта, æмæ сцæнæмæ кæсджытæ сæхи нал баурæдтой, спектклы кæрон базгъордтой сценæмæ æмæ Хетæджы-фыртæн фырцинæй хъæбыстæ кодтой. Стъараполы ахуырдзау уæвгæйæ, Къоста сценæ афтæ тынг бауарзта æмæ æрыгон лæппу сфæнд кодта йæ фидæн сценикон аивадимæ сбæттын . Уыцы рæстæджы центрæй Стъараполмæ гастролты æрцыди театралон коллектив. Къоста уысмы бæрц дæр нал фæхицæн уыцы коллектив. Æххуыс сын кодта декорацитæ сæвæрынæн, архайдта дзыллон сценæты. Æрыгон æвзыгъд лæппуйы архайд сæ зæрдæмæ фæцыди театралон къорды аивадон разамонæгæн æмæ йын артист суæвыны кой скодтой, ныфс ын бавæрдой аккаг мызд бафидынæй дæр. Къостайы цинæн кæрон нал уыди.Гъе, фæлæ уæддæр уынаффæ кæнын охыл æвæстиатæй абæрæг кодта йæ духовон хæлæртты В.И.Смирновы æмæ Хæтæгкаты Андухъапары. Адон æй куынæ бакъуылымпы кодтаиккой , уæд ,æвæццæгæн,йæхи ратонын нал бафæрæзтаид сценæйæ æмæ æнустæм йæхи æнгом сбастаид театралон аивадимæ .Къоста фыццаг хатт сценæйы къæсæрæй куы бахызти , уыцы бонæй йæ зæрдæйы арф бынат æрцахста сценикон аивад.Уый бæлвырæй зыдта æмæ стыр аргъ кодта ацы рæсугъд,вазыгджын аивады апп,йе сконд ,йæ мидисæн ,йæ ахастдзинадæн.Уымæн ирд бонау бæлвырд уыди театралон дуне. Стъараполы гимназы Къостаимæ иумæ ахуыр кодтой Кавказы цæрæг чысыл адæмты минæвæрттæ дæр.Къоста ацы гимназы ахуыр кодта дагестайнаг лæппу , Фæстæдæр номдзыд публицист æмæ æхсæнадон архайæг Инал Цирюликовимæ .Уый хæларæй цард Иры буц хъæбулимæ.Публицисты мысинæгты кæсæм: «Стъарополы уæвгæйæ ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ Къостайы æмхуызон уарзтой». 1886 азы Къоста æрбынат кодта Дзæуджыхъæуы.Уæдæй фæстæмæ Хетæджы-фырт активонæй архайдта æхсæнадон хъуыддæгты.Уыцы рæстæджы Дзæуджхъæуы культурон-рухсады кусæндæттæ къаддæр уыдис . Сахары кæд уырыссаг театр рагæй фæстæмæ дæр нымад уыд , уæддæр театралон аивады нормæтæй иппæрд уыди, артисттæм къаддæр уыди сценикон фæлтæрддзинад, актеры профессионалон дæсныйад . Спектаклтæ аивадон æгъдауæй уыдысты лæмæгъ,сценографи æмæ музыкæ профессионалон сценæйы домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдтой , коллектив драмкъорды æмвæзадæй бæрзонддæр никуы схызти.Уымæ гæсгæ театр æдзухдæр иппæрд уыди сфæлдыстадон атмосферæйæ.Æппæт уыцы ахсджиаг фарстатæм Къоста лæмбынæгæй йæ хъус æрдардта .Сахары иу спектакль ,иу концерт дæр нæ уыд,Хетæджы-фырт зæрдиагæй кæм нæ архайдта. Сылгоймаг –фыссæг Къостайы æмдугон Н.Шарапова-Прошинская йæ мысинæгты дзуры Къостайы театралон сфæлдыстады тыххæй: «Лæгæй-лæгмæ æртæ хатты йемæ фембæлдтæн.Фыццаг хатт Къостайы федтон артист Любовы хæдзары.Ам арæзт æрцыди актерты æхсæнады хъæлдзæг изæр.Уыцы изæрмæ актеры бинойнаг мæн дæр фæхуыдта æхсæвæрмæ.Ныфс мын бавæрдта,Къостаимæ дæ баззонгæ кæндзынæн ,зæгъгæ.Æвдыстой спектакль «Мыдыбындз æмæ æввонгхор».Спектаклы Къоста хъазыди мæгур лæджы ролы. Къоста ,артист уæвгæйæ,куыстуарзаг мыдыбындзы фæлгонцы миниуджытæ ахæм хуызы раргом кодта,æмæ цымыдисы бафтыдта изæрмæ æрцæуæг адæмы.Цард-цæрæнбонты сценæйыл чи арвыста ,уыцы актерты ансамблæй иуæн дæр йæ бон нæ баци Къостайы æмвæзадмæ схизын. Уæдæ Ирыстоны музыкалон аивады историйы,оперон спектаклты аритæ дæр фыццаг хатт сæххæст кодта Хетæгкаты Къоста.Бынæттон цæрджытæ уый зæлланг хъæлæсæй фыццаг хатт фехъуыстой музыкалон-вокалон зæрдæмæхъарæг зæлтæ. Уымæй та уый зæгъын æмбæлы, æмæ аивады ацы хайы дæр Ирыстоны фыццаг хатт бындур сæвæрдта ирон адæмы æнусон стъалы Къоста. Къоста иу рæстæджы æрцарди Стъараполы æмæ кусын райдыдта бынæттон газет «Северный Кавказ»-ы, уыцы-иу рæстæг йæ хъус фылдæр дардта сценикон аивадмæ. Уый фæдыл Абайты Васо фыссы: «Ставропольский период жизни Костапоражает энергией и разносторонней деятельностью неутомимого изгнанника… Ниодно культурное начинание в городе не обходится без его участия. Коста неизменный организатор спектаклей, литературных вечеров , концертов.Вся эта кипучая работа не приносит однако поэту никаких материальных благ.» Уыцы дуджы Кавказы регионы культурæ æмæ аивады хайады кæд исты арæзт æрцыдис, уæд исты cæee ппæты разамонæг æмæ сæйраг архайæг дæр уыди Къоста. 1893азы 20 декабры Стъараполы уыд стыр композитор П. И. ЧАЙКОВСКИЙЫ ИЗæР . Концерты сæйраг архайæг æмæнывгæнæг уыды Хетæгкаты Къоста.Йæ райдааааианы композиторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радзырта Къоста.Уый фæстæ дæр номдзыд адæймæгты тыххæы Къостайы разамынд æй арæзт цыди изæр-корцерттæ. Ахæм концерт ма бацæттæ кодта номдзыд драматург А. Н. Островскийæн. Уæлдæр куыд загътам, уымæ гæсгæэ, Къоста театримæ йæхи æнгом сбаста Стъараполы куы ахуыр кодта,уæд. Æвæццæгæн,хъуыды кодта драмон уацмыстæ сфæлдисыныл дæр, фæлæ поэзии, прозæ, публицистикæ æмæ нывкæныны аивадæн фылдæр рæстæг кæй лæвæрдта, уымæ гæсгæ йын семинары нал бантысти бынтон æрыгонæй драмон уацмыстæ сфæлдисын.Бетъырбухы Къоста зæрдиагæй бавнæлдта дунейы классикон литературæмæ , уæлдай фылдæр хъусдард лæвæрдта драматургимæ.Æхсæвæй-бонæй чиныг йæ къухы дардта,хæлофæй касти хуыздæрæй-хуыздæр уацмыстæ. Студент уæвгæйæ йæ тых,йæ хъару фæлварын райдыдта драмон уацмыстæ сфæлдисыныл.Æмæ йын бантысти цалдæр драмон уацмысы ныффыссын : «Уæлхæдзар» æмæ «Æрæджиау сæуæхсид».Дыууæ пьесæйы дæр фыст сты арф философон хъуыдыйы бындурыл.Провинцийæ Бетъырбухмæ æрцæуæг Ладемыр (Уæлхæдзар ) бæллы зонындзинæдтæ райсынмæ,фæлæ карз политикон уавæртæ лæппуйы фæндаг цæхгæр æрæхгæдтой,æмæ йын йе ‘ стыр бæллицтæ йæ риуы ахуыссын кодтой.Хæххон лæппу-лæгæн йæ буар-гом,йæ гуыбын-æххормаг,йæ хуыссæнуат –уæлхæдзар.Ахæм уавæрты аддæймагмæ ахуыр кæнын нæ,фæлæ цæрын дæр нал фæцæуы .Пьесæ «Æрæджиау сæуæхсид»-ы сæйрат архайæг Барис у æвзонг нывгæнæг.Уый йæ цард,йæ амонд нывондæн хæссы йæ адæмы рæсугъд фидæны сæраппонд.Фæлæ стыр сахары йæхи бæдулæй хаты. Æппынфæстаг Барис сфæнд кодта,фæлидза центрæй æмæ искуы провинцийы æрбынат кæна,цæмæй уырдыгæй исты ахъаз фæуа йе'мбæстаг адæмæн.Пьесæйы иннæ архайæг Клавдяйы монологæй автор æргом кæны,хæдхæцæг паддзахы уæззау æфсондзы бын удхайраг куыд фесты дзыллæты интеллигенцийы минæвæрттæ,уый. Бетъырбухы Къоста бамбæрста зæронд мадзæлттæй политикон тох сæ сæфтмæ кæй тæры.Уымæ гæсгæ,Къостайы загъдау ссарын хъæуы,ног ахастытæ,ног фæндæгтæ.Драматург ссардта ног фæндæгтæ,ног ахастытæ æмæ уыдон бындурыл ног таутæ сæвзæрди йе сфæлдыстады.Бетъырбухы ма Къота 1883 азы ныффыста комедии «Дуня» дæр,кæцы ахсджиаг бынат бацахста авторæн йе ‘сфæлдыстады.Пьессæйы сюжет уæрæхæй æвдисы дуджы социалон хъæндзинæдтæ .Комедийы алы персонаж дæр арф психологон скондæй цæуы æвдыст.Мещанон царды цъыфдзасты аныгъуылдысты «дуня»-йы архайджытæ æмæ сур зæхмæ рахизын нал комынц ,сæхи æмбæхсынц хурдзастæй , цъыфдзасты арфæй –арфдæр лæсынц.Йæхи цард,йæхи æхсæнады ныхмæ мæлæтдзаг тох расидти комедийы сæйраг архайæг Дуня. –Ивгъуыд æнусты ирон литературæйы сылгоймаджы фæлгонцтæй цы персонажтæ скодтой, уыдоны æхсæн ахсджиаг бынат ахсы Дуня. Сæрибаруарзаг, хæдæфсарм, уæздан сылгоймаджы фæлгонц К ЪОСТА СНЫВ КОДТА ПОЭТИКОН УАЦМЫСТЫ («фАТИМæ», «Сидзæргæс»). Ахæм ахсджиаг фарста раргом кæнынмæ ноджы арфдæр бавнæлдта драмон уацмыс «Дуня»-йы æмæ йын бантысти æвæджиауы фæлгонцтæ сфæлдисын. Хъæздыг лæг-мещанин Иван Сомовы чызг уды сконд, æххæст у дуджы раззагдæр идейæтæй. Сылгоймаг йæхи ратыдта цъыфдзаст цъымарайæ, кæцæйдæр æм рухсы цъыртт ферттывта æмæ уыцырдæм йæ быцъынæг скъуыны. Размæ бырсын кæд йæкъухты уый бæрц не фты, уæддæр йæ фæдыл ласы цардбæллон фæсивæды æмæ уымæй йæхи аондджыныл нымайы. Перышкинты, Мазиловты, Трубадуровты æмæ æндæр ахæмты сконд уæззау хъылмахæццæ атмосферæйы хуыдуг кæнынц Дуня,Светлов æмæ иннæ раззагон хъуыдытыл хæст адæймæгтæ. Дуня кæд кæронмæ уæлахиз нæ кæны, уæддæр æй фидарæй уырны, цы фæндаг равзæрста, уый сæ кæй кæны рухс фидæнмæ. Ахæм тæрхон рахастой пьесæйы æвæрццаг фæлгонцтæ, ахæм хатдзæг ис пьесæйы идейон мидисы дæр. 1899 азы 14 ноябры Къоста Цæлыккаты Аннæмæ фыста: «Антрепреньер йæ бинойнаджы бенефисæн исы мæ «Дуня-йы. Æгъдауджын, курдиатджын театралон къорд у. Спектаклты сæм адæм бирæ вæййы. Мæнмæ гæсгæ, хъуамæ сразы уой, цæмæй Дуня-йы сценæйыл сæвæрой». Херсоны Къоста цы драмон къорды кой кæны, уыцы коллегтивы уæнгтæ уыдысты уырыссаг сценæйы номдзыд минæвæрттæ В. Б. Давыдов, В. П.Долматов æмæ æндæртæ. Украинаг публицист Иван Луценкойы хъyыдымæ гæсгæ, Къоста уыцы рæстæджы кæй суæгъд æмæ Ирыстонмæ кæй ссыдыс, уый аххосæй «Дуня» Херсоны æвæрд не рцыди.

Тифлисы ирон адæмон театр 1911 азы фыццаг хатт ирон æвзагыл сдзурын кодта Хетæгкаты Къостайы «Дуня-йы. Мадæлон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта ахуыргонд агроном æмæ æхсæнадон архайæг Рæмонты Тæтæ.Ацы изæры тыххæ бынæттон газет хъусын кодта6: «В Зубаловском народном доме сегодня тифлисские осетины устраивают вечер в память своего поэта К.Хетагурова. Представлена будет пьеса покойного поэта «Дуня», а перед спектаклем будет прочитана краткая биография поэта Коста и дана будет оценка его литературной деятельности. Затем будут показаны живые картины из произведений поэта, а также продемонстрированы его стихотворения.»



Театриртасæг Цабайты Уасойы монографийы кæсæм: Вечер собрал бопьшую аудиторию.Начался он докладом. Прочитал А. Тибилов на русском языке. Так как на вечере, кроме осетин присутствовали приглашенные местных драматургов- русского,грузинского, армянского,айсорского и др. 1939 азы Иры зынаргъ хъæбулы райгуырды 80 азы бæрæгбонмæ А. Г. Поселянин æмæ Г. З. Апресян поэмæ «Фатимæ»-йæ скодтой инсценировкæ. Сценикон уацмыс аивадон æгъдауæй лæмæгъ кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ сценæйыл сæвæрыныл не сразы театр. Уæддæр дзы арæзт æрцыд радиоспектакль. 1956 азы Костайы мæлæтæй 50 азы бонмæ фыссæг Н. Козлов «Фатимæ»-йæ инсценировкæ скодта. Пьесæ аивадон æгъдауæй афтæ аив рауади, æмæ уайтагъд фæндаг ссардта Ирысттны театртæм. Фатимæйы фæлгонцтæ аив æмæ ирд ахорæнтæй сфæлдыстой Дзæуджыхъæуы уырыссаг театры артисткæ Хуыгаты Валерия, ирон театры артисткæтæ Туменаты Еленæ æмæ Дзаттиаты Циля. Гениалон поэты райгуырды 100 азы бæрæгбонмæ сæхи бацæттæ кодтой æппæт дунейы раззагдæр æхсæнады пззи уарзаг дзыллæтæ. Ацы стыр стыр боныл цæттæйæ сæмбæлди фыццаг ирон профессионалон кинорежиссор Уалыты Валодя дæр. Поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ ныффыста киноссценари . Кинонывæн сфæлдыстадон къорд равзæрстой æмæ Тбилисы киностудийы киноныв аразын райдыдтой. «Фатимæ-йы сæйраг оператор МæргъитыДудары хъудымæ гæсгæ æнæхъæн эпизодтæй æмæ хицæн кадртæй 70 процентæй фылдæр арæзт кы фæцис, уæд æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, киноныв «Фатимæ»-йы сæйраг режиссеры бынаты сæвæрдтой Сикъо Долидзейы. Уалыйы-фырты та ныууагътой æххуысгæнæг режиссеры бынаты. Ахæм хъаугъаты фæстæ аивадон киноныв уæддæр арæзт фæци æмæ экрантæй нал фæхицæн. Кинонывы хуздæр фæлгонцтæ Тæбæхсæуты Бало (наиб), Тамарæ Кокова (Фатимæ), Гиули Чъохонолиди (Ибрагим) æмæ иннæтæ. Киноныв «Фатимæ»-йы аивадон æмвæзад афтæ бæрзонд рауади , æмæ , æвæццæгæн, зæххы цъарыл иу бæстæ дæр нал баззади, Къостайы персонажтæ кæй экран нæ бабæрæг кодтой. Журнал «Экран» куыд хъусын кодта, уымæ гæсгæ киноныв «Фатимæ»-йы уыцы –иу рæстæг æвдыстой æстайæ фылдæр паддзахады экрантыл. 1939 азы 26 октябы Ирон театр спектакль «Къоста» куы сæвæрда æмæ Къ остайы ролы номдзыд артист Тау тиаты Солæман куы ахъазыд, уæд театрдзауы цымыдисæн кæрон нал уыды. Фыццаг документалон киноныв арæзт куы æрцыди Къостайыл , уымæй дæс азы фæстæ В.Б.Корзуны сценарийы бындурыл арæзт æрцыды дыккаг документалон киноныв стыр поэтл -« А дæмы зарæггтæнæг» .Уый кинодзауты зæрдæмæ тынг фæцыды. Уымæ гæсгæ экранон уацмыс ахсджиаг фæрæз уыди дзыллæты æхсæн номдзыд поэты зынаргъ бынтæ рауæрæх кæнынæн. Къостайыл фыццаг аивадон киноныв «Ирыстоны хъæбул» зæгъгæ, сарæзта киностудии «Ленфильм»-ы сфæлдыстадон коллектив, зынгæ режиссор Владимир Чеботаревы разамындæй. Режиссер В. Чеботаревимæ сценаристæ Цæгæраты М. æмæ Р. Фатуев стыр поэтыл фыст сценарии куы бавдыстой æмæ кинематогрфит ахæм дзуапп радта: -Киноповестмæ уый бæрц фаутæ æрхæссæн нæй. Ææст ирон адæм рагагъоммæ хъуамæ зонгæ уой уæ литературон куыстимæ. Уадз джипы уагъд æрцæуæд, уымæй уацмысы алыварс дискуссии рауайдзæн. Уый фæстæ ма йыл иумæ дæр бакусдзыстæм. Гъе, афтæмæй йын радтæм экранмæ фæндаг.



Сценари поэты зæрдæйы номимæ мыхуырæй рацыди газет «Социалистон Ирыстон» ы 1957-1958 азты, октябрь, апрель, май æмæ июны номырты: «Авторы сценария терпимо отнеслись и потому критики, творчески подошли к сделанным замечаниям и с помощью всего творческого коллектива проделали буквально титаническую для данных им сроков работу. Режиссёр В.Чеботарев типажты равзарыны тыххæй цалдæр хаты æрцыди Ирыстонмæ,ноджы арфдæр сахуыр кодта.Къостайы фæлгонц ,æмæ бирæ типажтæ феныны фæстæ æппынфæстагмæ уæддæр равзæрста æмæ Къостайы фæлгонц бабар кодта номдзыд артист Тæбæхсæуты Балойæн.Ацы хатт дæр та Балойы курдиат æрвон стъалыйау ферттывта æмæ аивады зæрин тæмæнтæй бахъарм кодта кинодзауы зæрдæ .Экраныл æппæт дунейы дзыллæты раз цæстуарзонæй архайы Къоста-Бало-арф мидисджын философ,рæстудæй æххæст гуманитс æмæ поэт-демократ ,æфхæрд адæмы сæрхъуызой ,Ирыстоны иузæрдион хъæбул. Раст уый бындурыл æнусон бынат ссардта Ирон дзыллæты зæрдæйы аивадон киноныв «Ирыстоны хъæбул». Ирыотоны аиввдон телеуынынад сæвзæрди 1967 азы. Фыццаг аивадон телефильм- оперæ «Къостайы æрбаздæхт», зæгъгæ, арæзт æрцыд уæд. Кинонывы сценарийы автортæ уыдысты Цæгæраты Максим, Иоан Шароев æмæ Юрий Челюкин. Киноныв-оперæйы æвæрæг режиссер уыди Иоан Шароев.Кинонывы Къостайы аивадон фæлгонц аив сныв кодта УСФСР-йы сгуыхт артист Икъаты Мæирбег. Зæрдылдарæн фæлгонцтæ дзы скодтой УСФСР-йы сгуыхт артисттæ Туменаты Еленæ(сидзæрты мад) æмæ Ц æлыккаты Мæирбег(Къниаз).Стыр поэт æмæ æхсæнадон архайæг, Иры буц хъæбул, номдзыд Къостайыл 30-æм азтæй фæстæмæ кæд драмон уацмыстæ æмæ киносценаритæ дæр фыст æрцыди,уæддæр гениалон хъуыдыгæнæг –философы,националон литературæйы æмæ аивады бындурæвæрæджы фæлгонц æххæстæй равдисын нырма никæмæн бантысти .Нæ драматургтæн,кинематографисттæн,аивады номдзыд минæвæрттæн,æвæццæгæн, сомбон сæ къухы бафтдзæн уый.