Ӕгъдау.
Дзырд «ӕгъдау» чи нӕ фехъуыста, ахӕм нӕй. Ӕгъдау хъӕуы алы ран дӕр: хӕдзары дӕр, уынджы дӕр, скъолайы дӕр. Ӕгъдау у хи куыд дарын хъӕуы, уыцы фӕтк. Ӕгъдауджын адӕймаг алы адӕммӕ дӕр кадджын у. Йӕхи дарын чи нӕ зоны , ахуыр чи нӕ кӕны, уыдон ӕгад вӕййынц. Ирон адӕммӕ ис бирӕ хорз ӕгъдӕуттӕ. Зӕгъӕм, хистӕртимӕ хи куыд дарын хъӕуы.
Фӕрстытӕ:
Ӕмбисӕндтӕ:
Хистӕр – зондамонӕг, кӕстӕр – ӕгъдаухӕссӕг.
Хистӕрмӕ цы кӕстӕр нӕ хъусы, уый йӕхицӕн фыдбылыз кӕны.
Ӕгъдауджын адӕймаг алы адӕммӕ дӕр кадджын у.
Хистӕрмӕ хъус ӕмӕ ма фӕрӕдийай.
Дзырдуатон куыст:
ӕгъдау –традиции, обычаи, уважение
ничи --никто
фау хӕссын –осуждать, лорицать
зонд – ум,знание
фӕрӕдийын –ошибиться, сонт -- глупый