Урок: Буква А,звук а.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


11


Габараева Диана Радионовна

учитель осетинского языка и литературы,

МБОУ СОШ №3

г. Владикавказ

РСО - Алания

Научно- методическая разработка урока

для 1 класса



Урочы темæ: : Дамгъӕ А, мыр а.











Урочы нысан:

1.Сывæллæтты базонгæ кæнын дамгъӕ А, мыр а.

2.Бакусын ныхасы рæзтыл.

3.Сабитæм гуырын кæнын мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад .



Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, дамгъӕ а –имӕ предметон нывтæ, магнитафон.



Урочы цыд:



  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

  2. Мотивацион рӕстӕг.

Сывæллæттæ:

Дӕ бон хорз , Хур!

Дӕ бон хорз , мамӕ!



Дӕ бон хорз , дидинӕг!

Дӕ бон хорз , кӕрдӕг!



Сывæллæттæ:

Ацы райсом - хорз райсом

Мигъы цъупп нӕ зыны.

Ацы райсом « фондз» райстон

Абетӕ фыссынӕй.



Ахуыргæнæг:

Абон нӕм уазӕгуаты ӕрбацыд дамгъӕ «А»? Уый фӕнды немӕ балымӕн уӕвын.

Дзурӕм иумӕ: ААА,

Æнцонтӕй йӕ раулӕфӕм, ААААААА,

Уый у хъӕлӕсон.





Сывæллæттæ:

Мыртима куыст:

Уа ма на та па ра фа

Ау ам ан ат ап ар аф



Бакусӕм дзырдтимӕ



Уар - ди

[pic]


А р т



[pic]

Хӕ-дзар


[pic]

Аин-тӕ


[pic]

Кӕаг-лас

[pic]

Аг



[pic]





Мæн куыд бирæ уарзынц сабитæ,

Базонынц мæ раздæр абетæй.

Аргъау-биргъау, аргъау-маргъау,

Мемæ иу балц дæр цæй аргъ у.



Аулӕфт скӕнын:

  1. Мах цæуæм ,

Цæуæм,

Цæуæм.

Зокъотæ æмбырд кæнæм:

Иу зокъо,

Дыууæ зокъо…

Зокъотæ та хин сты,

Кæрдæджы нымбæхстысты.

2.Реуа, Дзедз ӕмӕ дзедз, Куыд цӕрут?



Ног дзырдта:

Арс - стыр, бур, хъӕддаг, стыр.

Мыд - адджын, бур.

Чыргъӕд - мыдты чыргъӕд.

Мыдыбындзыта - пайда, хӕцаг.



Радзурын нывтӕм гӕсгӕ.



Ныффыссын къухфыстыты.

  1. Хатдзӕгтӕ

  2. Хӕдзармӕ куыст.







































Урочы нысан:

1. Ахуыргӕнинӕгтӕн радзурын Цӕрукъаты Алыксандры

цард ӕмӕ сфӕлдыстад.

2. Ахуыргӕнинӕгты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хатдзӕгтӕ кӕныныл, хи цӕстӕнгас ӕвдисыныл, уагъдибарӕй сӕ зонындзи-нӕдтыл кусыныл.

3. Фыссӕгмӕ уарзондзинад сӕвзӕрын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты,йе сфӕлдыстадмӕ,патриотизм,нӕ бӕстӕй сӕрыстыр уӕвын, адӕмты хӕлардзинад ӕмӕ сабырдзинадыл тох.

Урок хуыз: урок – балц.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:

  1. Алыксандры къам.

  2. Хрестомати ӕмӕ ахуыргӕнӕн чиныг.

  3. Йӕ уацмысты ӕмбырдгонд, газетты ӕрмӕг.

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

Уӕ бон хорз, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!

Æгас цӕут, нӕ буц уазджытӕ!

Уӕ куыст арфӕйаг уӕд!

Ацы уалдзыгон бонтӕ диссаг сты, уыдон зӕрдӕмӕ хӕстӕгдӕр сты. Хур дӕр нӕ ӕндӕр хуызон фӕтавы. Уый уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн дуне, уӕлдайдӕр та Уӕрӕссе, уыйимӕ нӕ гыццыл Ирыстон дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц афӕдзы стырдӕр ӕмӕ кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй иу «Уӕлахизы бон».

Уымӕй уӕлдай ма зӕрдӕйӕн ӕхсызгон ӕмӕ бӕрӕгбон Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.

Уалдзӕг у ӕвзар ӕппарӕн рӕстӕг, бӕркаджын хуымтӕ кӕныны афон ӕмӕ цы ӕвзартӕ ныппарат, уыдон уын бӕркадджын тыллӕг куыд ӕрхӕссой ахӕм арфӕ уӕ, уӕд!

Бӕлас уидӕгтӕй фидауы, адӕм та сӕ историйӕ фидауынц.

Ирон дӕн ӕз! Ирон мад мӕ ныййардта.

Мӕ фыды ном сӕрыстырӕй хӕссын.

Мӕнӕн Хуыцау Ироны хъысмӕт радта,

Ирон цӕстытӕй дунемӕ кӕсын.

Адæймаг куы райгуыры, уæд ын Хуыцау æмæ йæ ныййарджытæ балæвар кæнынц уидæгтæ æмæ … базыртæ. Уидæгтæ, цæмæй фидар хæца зæххыл. Уыдон сты йæ фыдæлтæ, йæ рагфыдæлтæ, йæ адæмы истори, йæ мыггаг. Базыртæ та уымæн, цæмæй бæрзонд тæха, сахуыр кæна, уа йæ фыдæлтæй зондджындæр, тыхджындæр, æхсарджындæр. Æнæ уымæй цард нæй.

Иу æнамонд бæлас, зæгъынц, арвмæ бæрзонд куы фæцыд, уæд фæхъал цы уидæгтыл нал æрвæссыд уыдоныл, æмæ бахус. Бæлас куы базæронд вæййы, уæд, зæгъынц, арвы бæрзæндтыл йæ цæст ахæссы, йæ зæнгмæ йæ цæнгтæ æрбангом кæны æмæ зæххыл æруадзы йæхи. Фæлæ йæ зæронд уидæгтæй ссæуынц æвзонг талатæ, хуры хъарм æмæ фæлмæн къæвдатæм байрæзынц æмæ алцæмæй дæр вæййынц, йæ цард кæмæн фæци, уыцы зæронд бæласы æнгæс.

Бæласы хуызæн, адæмæн дæр ис уидæгтæ:фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ, æхсар æмæ æфсарм, лæгдзинад æмæ уæздандзинад. Адæм уыдоны руаджы дунейы рухсмæ æвдисынц сæ хуыз æмæ сæ зæрдæйы уаг. Уидæгтæ цас цардхъомдæр уой, уыйбæрц бæлас фидардæр лæууы зæххыл.

Абон мах араст уыдзыстӕм балцы Цӕрукъаты Алыксандры ӕмдзӕвгӕ «Цымӕ мын цы дзуры, цымӕ мын цы зӕгъы? фӕрцы. Афӕлдахдзыстӕм историйы сыфтӕ. Поэзийы хуызы фӕдзурдзыстӕм историйыл.

Уӕдӕ нӕ урочы темӕ у:

Эпиграфӕн райстон :



Ирон адӕмӕн ис рагон истори. Нӕ фыдӕлтӕн-скифтӕн ӕмӕ алантӕн - сӕ ном ӕрвнӕрӕгау хъуыст Ази ӕмӕ Европӕйы быдырты. Сӕ хӕстон балцытӕй ӕмризӕджы рызтысты паддзӕхтӕ ӕмӕ императортӕ, уымӕ гӕсгӕ семӕ агуырдтой цӕдис ӕмӕ хӕстӕгдзинад, агуырдтой сӕ ӕххуыс ӕмӕ хорзӕх. Уый уыд сӕ кад ӕмӕ сӕ трагедии дӕр. Бирӕ туг фӕкалдтой сӕ царды фӕндӕгтыл, куынӕгмӕ цыдысты, фӕлӕ уыимӕ ныууагътой историйы сӕ кады нысӕнттӕ дӕр.

Уӕззау уыд ирон адӕмы историон хъысмӕт. Нӕ фыдӕлтӕ тыгъд быдырты цыдысты тыхгӕнджытӕ. Алантӕ тох кодтой гунтимӕ, цалдӕр ӕнусы дӕргъы кӕрӕдзийы тых састой манголтимӕ, сӕ фӕстаг тыхтӕй ӕрлӕууыдысты Тимуры ӕрдонгты ныхмӕ. Уыцы ӕвирхъау цауты сыскъуыдис скифты байзӕддаг. Фехӕлд сӕ паддзахад.Хъӕууат фесты нӕргӕ хъӕугӕ, хъӕздыг сахартӕ. Дзӕгъӕлӕй баззадысты сӕ аргъуантӕ. Фесӕфт нӕ чиныг, нӕ фыссынад. Цагъды уӕлдӕйттӕ бацыдысты хӕхты цъассты. Фӕлӕ зын уавӕрты дӕр цыкурыйы фӕрдгуытау хъахъхъӕдтой се ᾽взаг, се ᾽гъдӕуттӕ, сӕ эпос- Нарты кадджытӕ.

Цӕрукъаты Алыксандр ӕмдзӕвгӕйы хуызы банывӕзта историйы сыфтӕ. Историйӕ раст хатдзӕгтӕ скӕнын, истори раст банкъарын ӕмӕ бамбарын, у нӕ сӕйраг хӕс. Уыцы хӕсы мидӕг ӕвӕрд сты фидӕны фӕлтӕрты химбарынад.

Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц

                             Йӕ бинонтӕ, йӕ мад.

                             Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййы

                             Йӕ рӕзгӕ бонты цард!

                             Фӕлӕ уӕддӕр, ныййарӕг зӕхх,

                             Дӕуӕн ӕмбал кӕм и.

                             Дӕуӕн зӕрдӕйӕн адджын дӕр,

                             Зӕгъ-ма мын, чи у, чи?!

Мах стӕм ирӕттӕ ӕмӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ райгуырӕн зӕхх. Ирыстоны урс сӕр Хӕхты ӕмӕ цъӕх Быдырты, дидинӕгкалӕг Уыгӕрдӕнты ӕмӕ ӕлутоны ад чи кӕны, уыцы хӕххон суадӕтты. Ирыстоны цытджын ӕмӕ кадджын Хистӕрты.



Дих уӕ кӕнын дыууӕ къордыл иутӕ уӕ ӕвзардзысты историон цауты ӕрфыст ӕмдзӕвгӕйы иннӕтӕ та, литературӕйы теории. Ома цавӕр мадзӕлтты фӕрцы схуызджын кодта историон цаутӕ .

Историктӕ Литератортӕ

I

Македойнаг- Александр Македонский

Бырсы Македойнаг кӕдӕмдӕр хӕсты,

Æрвгӕрӕтты йе ᾽фсад цъӕх мигъау ӕрбадт…

Гуннаг Атиллӕ

Йе гуннаг Атиллӕ

Фӕцӕуы сӕфты зынг ӕфтаугӕ бӕстыл,

Йӕ къахдзӕфтӕй тугвӕд ӕхсыстӕй зыны…


Еухар

Æви кӕд аланты

Фӕхоны ӕхсары йӕ фӕстӕ Еухар,

Цӕхӕртӕ куы калынц йӕ уарт ӕмӕ цирхъ.

Алгъуыз

Кӕнӕ та фӕраст и

Йӕ сау бӕхыл хъазгӕ ыстӕры Алгъуыз,

Йӕ нымӕт ын дымгӕ цӕргӕсау хӕссы.

Ос- Бӕгъатыр



I

Архайд цӕуы фыццаг цӕсгомӕй. Уынӕм бӕлццоны.

Уыцы бӕлццон у ӕнусон дымгӕ.

Дымгӕ удӕгас, уый бирӕ зоны зилы бӕстӕтыл. Дымгӕ дзырын нӕ зоны, фӕлӕ куы зонид, уӕд радзурид бирӕ.

Олицетворени.

Риторикон фарстатӕ дӕтты автор. Цымӕ мын цы дзуры? Цымӕ йӕ цы фӕнды?

Ныхъхъус и, ныссабыр обауджын быдыр…

Рефрены хуызы поэт фӕлдахы историон сыфтӕ.

Дардӕй бӕлццоны хъустыл ауад сӕмӕнты къӕс-къӕс. Тулы историйы цалх, бауромӕн йын нӕй.

цӕргӕсау хӕссы- абарст






II

II

III

III



Араст бӕлццон балцы , фӕлӕ иунӕг нӕу. Æмбалӕн йемӕ ис дымгӕ.Уый зилы бӕстӕтыл. Зоны бирӕ, йӕ бон дзурын куы уаид, уӕд радзурид бирӕ сусӕгдзинӕдтӕ.

Автор дымгӕйы хоны ӕнусон бӕлццон.

Автор дӕтты риторикон фарстатӕ. Цымӕ мын цы дзуры? Цымӕ йӕ цы фӕнды?

Дардӕй бӕлццоны хъустыл ауад сӕмӕнты къӕс-къӕс. Тулы историйы цалх, бауромӕн йын нӕй. Уыцы уӕрдӕтты къӕс-къӕс семӕ хӕссынц Македойнаджы хабӕрттӕ, гуннаг Атиллӕ,аланты раздзӕуӕг Еухары, Алгъуызы, Ос –Бӕгъатыры хӕстон балцыты хабӕрттӕ.

Цы мын хӕссы дымгӕ? Дӕтты та риторикон фарст лирикон хъайтар? Ам поэт ӕмбары дымгӕйы ӕвзаг, дымгӕ у ӕнусон, уый рацу бацу кӕны бӕстӕтыл зоны цы уыд ӕмӕ цы ис ,уый.

II

Поэт фӕрсы:

Цымӕ мын цы дзуры хъамылы хусгонд ӕвзаг,

Цӕмӕн калы дидинӕг судзгӕ цӕссыг?

Цымӕ мын цы дзуры сыфтӕрты ризгӕ зыз-зыр?

Æмӕ та ам рахызт Иры историмӕ. Тӕтӕр –манголы ӕрбабырстмӕ. Тӕтӕр-мангол ӕнӕхъӕн дуне дардтой уацары 300 сӕдӕ азы, зӕхх сӕ ӕмризӕджы ризти, арв сӕ нӕрын нӕ уӕндыд. Тыххӕйты ма аирвӕзтысты дыгургомы алантӕ Зӕдӕлескӕ нана сӕ хъӕды бааууон кодта. Уыцы цаутӕ йӕм кӕсынц фыдфынау. Уӕд уыд уӕззау историон дуг, тыхы рӕстӕг – нӕ фыдӕлты хъуыд ӕхсар равдисын. Уыдоны фыдракӕндтӕй абон дӕр хъӕрзы зӕхх.

Нӕ фыдӕлты фыдӕбӕттӕн рох гӕнӕн нӕй. Уыдон уыцы тыхдызы дӕр бахъхъахъӕдтой сӕ ӕгъдӕуттӕ

IV. Хатдзӕгтӕ.

V. Хӕдзармӕ куыст.