Конспект урока Лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение

«Средняя общеобразовательная школа им.Героя Советского Союза Энвера Ахсарова

с.Зильги»

Правобережного района РСО-Алания








Ирон ӕвзаджы урок

5-æм къласы


Лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын.














Ахуыргӕнӕг:

Сидахъаты Д.Б.










Урочы нысантæ: зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын; зонындзинæдтæй пайда кæныныл фæцалх кæнын.

Урочы хуыз: урок-балц.

Ахуыры метод: эвристикон.


Урочы цыд.

I. Бацæттæгæнæн рæстæг. Скъоладзауты адих кæнын æртæ къордыл, урочы нысантæ зæгъын.

II.Ахуыргæнæджы разныхас:

Абон дзурдзыстæм нæ мадæлон æвзаджы рæсугъд æмæ хъæздыгдзинадыл. Абайты Васо ирон æвзаджы тыххæй фыста:

«Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнаипп, рæвдз æмæ коммæгæс хотых. Ирон æвзаг у тынг тасаг æмæ рæсугъд, хъæздыг æмæ цардхъом».


Васо йæ царды фылдæр хай арвыста Мæскуыйы. Фæлæ йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ никуы кодта. «Истæуыл куы фæкусын, уæд ыл фыццаг фæхъуыды кæнын иронау, уый фæстæ йæ ныффыссын уырыссагау», - дзырдта Васо.

Фæлæ нæ урок райдайдзыстæм асагъæс кæныныл нæ чи ’фтауы, ахæм æмдзæвгæтæ. Сæ автортæ – Хъодзаты Æхсар æмæ Къадзаты Станислав. Бакæсæм сæ. (1-аг къорд кæсы иу æмдзæвгæ, 2-аг къорд – иннæ æмдзæвгæ)

Хъодзаты Æхсар:

Ехх, ирон æвзаг… Йæ дзырдтæ
Сты хæзна дуртæ мæнæн.
Æз куыд æркæнон æмбырдтæ
Дуртæй сонт хурты тæмæн!

О Сатанайы кæлæнтæ –
Дуртыл сонт хурты тæмæн.
Ехх, ирон æвзаг, кæмæн дæ! …
Дæу цы тых радта мæнæн!

Ацы фарны рухсæй тайы,
Фесты сау мæйдар цæхæр.
Баци разагъды Къостайы
Ацы уаз лæвар кæддæр.

Æмæ ныр тыхсынц йæ фырттæ;
Ай цы бæллæх у, цы хæс! –
Хуртæ уидз, кæн сæ æмбырдтæ,
Ир, дæ къонамæ сæ хæсс!

Къадзаты Станислав:

Ис-æвзагæй нал дзурæм иронау,
Ис-хъæбулæй не ’взаг у æвæд –
Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй,
Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд!

«Макæй уарзæм» - афтæ æз нæ дзурын,
Фæлæ уарзтæй хъуамæ ма уæм куырм,
Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау,
Рухс кæнæд æппæты фыццаг уым!

III. Хъазт. Сбадтыстæм поезды æмæ араст стæм дард балцы.


Бацæттæгæнæн хæс:

Æмдзæвгæты мидисмæ гæсгæ дзуапп раттын фæрстытæн. Алы командæ дæр – иу фарст, цы ’мдзæвгæмæ бакаст, уымæ гæсгæ.

1командæ. Авторы хъуыдыимæ разы стут? Ирон æвзаг æцæгæй дæр афтæ хъæздыг у? Цæмæй бæрæг у?

Æцæгæйдæр ирон æвзаг æвзæр уавæры ис?

2 командæ. Цæуылнæ уал дзурынц ирон адæм ирон æвзагыл?

3 командæ. Ирон æвзаг хъахъхъæнын хъæуы, æви нæ?


Фарст къласмæ: «Æвзагзонынады хæйттæй дзырдты цард кæцы ахуыр кæны?» (лексикæ)

Раст. Уæдæ бахæццæ стæм лексикæйы бæстæмæ. Цæмæй лексикæйы бæстæйы призертæ суат, уый тыххæй уæ хъæуы бацархайын. Рох уæ ма уæд командæты кæй кусут, иумæ хъуамæ кæй архайат, уый.

Иумæйагæй нæм ис ахæм номинацитæ: «Хуыздæр хæлæрттæ», «Сæрæндæртæ», «Хъæлдзæгдæртæ». Размæ!


1-аг станцæ: «Теори»

Ныффыссут лексикæимæ баст терминтæ. Цас фылдæр – уый бæрц хуыздæр.

1.Лексикæ;

2. лексикон нысаниуæг;

3. иуууон æмæ бирæон нымæц

4. комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг

5. омонимтæ, синонимтæ

6. антонимтæ

7. фразеологон дзырдбаст


2-аг станцæ: «Дзырдуат».

1. Дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, бацамонын дзырдты нысаниуджытæ.

Хуызæг: Быру – дурæй, сыджытæй æмæ æнд. ахæмæй арæзт æмбонд истæй алыварс (забор, ограда).

Гæппæл, къахыр, куырис.

3-аг станцæ: «Базаон-базон, уый та циу»

Уыци-уыцитыл куыст. Цæмæ гæсгæ базыдтат, цæуыл дзурынц, уый?

1.Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг – дæлæмæ (кæрдæг).

2. Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны (къабуска)

3. Нæ уæлхæдзар – гуыдыны æрдæг (мæй).


4-æм станцæ: «Омонимтæ»

Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут:

1. Цавæр арфæйыл ис цæгъдæн?

2. Цавæр уидаг нæ зайы зæххы?

3. Цавæр æвзаг бахæрæн ис?

4. Цавæр уæнг бахахх кæнæн ис?


Омонимтæ ссарут. Бацамонут сæ нысаниуæг:

«Куыд дæ?» - «Куыд дæн. Æрдиаг ма мыл хъæуы».

«Куыд стут?» - «Куыд æмæ лæдæрст»

Цы ми кæнут?» - «Цыми конд фестæм, Бæлтамæ бавнæлдтам».


«Уары, уары…»

«Цы уары?»

«Хидыхъусы цæхх уары».

Кæд нæ комы – дур йæ комы.


5-æм станцæ: «Раст фысс!»

Бацамонут дзырдты растфыссынад:

1) хур аны..уылди,

2) дзæбуг доны аны…уылди,

3) чызг алцы æмбæр…та,

4) мит зæхх æмбæр…та,

5) фæндыры хъа…т,

6) хъа..т кодта, хъыллист кодта.

Рафыссут, къæлæттæ гом кæнгæйæ:

(Уы, у)дæгас адæймаг, доны (уы,у)дайын, фæлмæн (у,уы)ддзæф, (у,уы)рсзачъе зæронд лæг, хæххон (уы,у)гæрдæн; рог (рæуæг) дымгæ, хъæды (онг, уæнг) бацæуын, бæрзонд уæбау (обау).



6-æм станцæ: «Синонимтæ»

1. Синонимтæ афтæ ныффыссут, цæмæй æвдисой архайд тыхджынæй тыхджындæр куыд кæны, уый:

кæуын, тъизын, ниуын, богъ-богъ кæнын, дзыназын;

2. Синонимтæ афтæ ныффыссут, цæмæй æвдисой, архайд лæмæгъæй лæмæгъдæр куыд кæны, уый:

Мæстæй тъæппытæ хауын, смæсты уæвын, мæстæй цæхæртæ калын, бахъынцъым кæнын;

3. Рафыссут, синонимтæ цы дзырдты къордтæ аразынц, уыдон.

Цæмæй бæрæг у, синонимтæ сты, уый?

Æрттивын – цæхæр калын, чысыл – гыццыл, зарæг – зарын, тæрсаг – тæппуд, карст – кæрдын, хæлар – хæларзæрдæ, згъорын – лидзын.


7-æм станцæ: «Антонимтæ»


1. Хорзæн бын ма скæн, … бын ма ныууадз (æвзæрæн).

2. Сусæг зарæг … нæ фæкæнынц (хъæрæй).

3. Зæрдæ гуыдыр у, æвзаг - … (дæгъæл).

4. Дзыхджын – бæхджын, æнæдзых - … (фистæг).

5. Чи хом зæгъы, чи - … (фых).

6. Дзургæ – къаддæр, хъусгæ - … (фылдæр).

7. Хуыцау – уæлейы, зæхх - … (бынæй).


8-æм станцæ: «Къæрцхъустæ».

1.Дзырдтимæ дзырдбæстытæ саразут.

хыз - хуыз,

уызын - узын,

уыд - уд,

мигъ - мих.


2. Нывтæм гæсгæ фразеологион дзырдбæстытæ саразут.

Хатдзæгтæ:

Цы базыдтам урочы?

Урочы нæ зæрдæмæ цы фæцыд?

2. Хуыздæр командæтæ сбæрæг кæнын:

3. Хæдзармæ куыст

1-аг къорд – ныффыссын сочинени-миниатюрæ «Цымыдисаг дзырд»

II –аг къорд – темæ «Лексикæ»-йæ дзырдбыд саразын

Кæнæ та :

Компьютеры фæрцы бацæттæ кæнын хи презентаци фразеологон дзырдбæстыты тыххæй.

5