Урочы æрмæг: Хъуыдыйад.
Ныхасы æрмæг: Уарз дæ бæстæ ,уарз да хъæстæ.
Нысан: Ирыстоны тыххæй зонындзинæдтæ парахат кæнын.
Хъуыдиады нысаниуæг зонын.
Сывæллæтты аив ныхасы разтыл бакусын.
Фæлгонц: Ирыстоны æрдзы нывтæ.Ирыстоны номдзыд лæгты къамтæ.
Фæйнаг: Абайты Васойы æмæ Хетагкаты Къостайы сурæттæ.
Урочы цыд.
«Цæмæй уын фиддзыстæм нæ хæрзтæ!
Цæмæй уын ратдзыстæм æгъдау?»
-Абон райстон газет «Рæстдзинад» æмæ дзы федтон Абайты Васойы сурæт,на райгуырæн къуымы æрдзы нывтимæ.
-Куыд расугъд у Ирыстоны æрдз! Нæ урссæр хæхтæ ,нæ тыгъд быдыртæ,нæ цæугæдæттæ æмæ уыгæрдæнтæ. Ǣвæдза æрдзы хъæбысы у алæмæтаг.
1-аг скъоладзау. «Цъæйдон»
Цъæйдонæн æппындæр
Ǣнцойы бон нæй
Ǣхсæв дæр уа ,бон дæр
Нæ кæнын фынæй.
Слайд. «Ирыстоны æрдз»
Ирыстон æрмæст æрдзæй хъаздыг нæу,хъæздыг ма у йæ кадджын лæгтæй дæр. Газет « Рæстдзинад»-ы бакасттæн хъусинаг .Уым дзырдтой Ирыстоны кадджын лæджы тыххæй. Скодта диссаджы лæвар Ирыстонæн. Адæм дзы сæ сæр бæрзонд хæссынц. Уый у Абайты Васо.
2-аг скъоладзау дзуры А. Васойы тыххæй.
- Кæй ма зонæм Иры хъуыстгод лæгтæй? (Плиты Иссайы,Хетагкаты Къостайы…)
-Абон мах радзурдзыстæм Ирыстоны тыххæй,нæ уарзондзинад нæ мадæлон æвзагмæ,на райгуырæн къуыммæ.
Ǣмдзæвгæ «Ирыстоны тыххæй»
-Уæдæ нæ урочы æрмæг цæй тыххæй уыдзæн?
«Уарз дæ бæстæ ,уарз дæ хæрзтæ»
-Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?
-Ирон æвзаг куы фесæфа,уæд ирон адæм дæр фесæфдзысты.
Нæй амæлæн ирон æвзагæн ,нæй
Ирон адæм уæд амæлдзысты йемæ
Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн
Куы мæла уый ,уæд амæлдзынæн йемæ.
«Уарз дæ райгуырæн бæстæ
Ирыстон мæ зæрдæ у мæнæн»
Нывæцан «Мæ уарзон Ирыстон»
Викторинæ «Мæ республикæ»
-Нæ республикæ куыд хуыйны?
-Цал горæты ис Ирыстоны?
-Цавæр цæугæдаттæ зонæм Ирыстоны?
- Чи у нæ республикæйы президент?
- Чи у Хетæгкаты Къоста, Абайты Васо?
-Тынг хорз бакустат абон.(иумæйаг хатдзæгтæ скæнæм)
Хатдзæгтæ .
Ирыстон --------мæ райгуырæн зæхх.
Ирон æвзаг-----мæ мадæлон æвзаг.
Уарз дæ бæстæ ,уарз дæ хæрзтæ!