Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение
«Средняя общеобразовательная школа им. Героя Советского Союза Энвера Ахсарова
с.Зильги»
Правобережного района РСО-Алания
Ирон æвзаджы урок
5-æм къласы
Темæ: «Сочинени-цæрæгойы æрфыст»
Ахуыргӕнӕг:
Сидахъаты Д.Б.
2016-2017 уч. год
Урочы нысантæ:
- базонгæ кæнын цæрæгойы æрфыстимæ;
- бацамонын, цы у сочинени-æрфыст;
- сочинени-æрфыстæн пълан бацæттæ кæнын;
- скъоладзауты бацæттæ кæнын хæдзары сочинени-æрфыст фыссынмæ.
Урочы цыд:
1. Бацæттæгæнæн рæстæг.
2.Ахуыргæнæджы ныхас: (Нысан: бацæттæ кæнын темæмæ лæмбынæг хъусынмæ).
1-аг слайд
- Сывæллæттæ, абон нæ урокмæ æрбацыд уазæг. Чи у, цымæ? Базонут æй.
«Сугъарты хæдзармæ æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæма цыд. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном ….»
Цавæр ном ыл сæвæрдтой?
2-аг слайд 2
- Хъусой. Æрбакæсут æм. Хъусой у Коцойты Арсены радзырды сæйраг персонаж. Тынг хорз куыдз разынд Хъусой.
Абон нын нæ урочы аххуыс кæндзæн….
3. Урочы темæ æмæ нысантæ.
3-аг слайд
- Нæ урочы абалц кæндзыстæм Чысыл фысджыты скъоламæ. Базонгæ дзы уыдзыстæм, сочинени фыссыны сусæгдзинæдтимæ, куыдзы тыххæй сочинени куыд фыссын хъæуы, уыимæ.
4-æм слайд
Ныффыссут нæ урочы темæ. Сочинени-æрфыст «Мæ уарзон цæрæгой».
Темæ æргом кæнгæйæ, хъуамæ ныффыссат уæ уарзон куыдзы тыххæй, цавæр у йе ’ддаг бакаст, цы миниуджытæ йæм ис, уый тыххæй.
5-æм слайд
Нæ урочы нысан у:
- базонгæ уæвын цæрæгойы æрфыстимæ;
- базонын, цы у сочинени-æрфыст;
- сочиненийы-æрфыстæн пълан бацæттæ кæнын;
- хи бацæттæ кæнын хæдзары сочинени-æрфыст фыссынмæ;
II. Ног æрмæгыл куыст. Сочинени-æрфыст фыссынмæ цæттæгæнæн куыстытæ.
Нæ урокæн эпиграфæн райстам зындгонд уырыссаг ахуыргонд Иван Петрович Павловы ныхæстæ: «Рагзамантæй нырмæ куыдз уыд адæймаджы иузæрдиондæр æмæ æнувыддæр æмбал æмæ æххуысгæнæг». («Собака – верный и преданный друг и помощник человека с доисторических времен».
Ацы ныхæстæ фыст сты, куыдзæн Санкт-Петербурджы цы цыртдзæвæн сæвæрдтой, ууыл.
Æцæгæйдæр афтæ у. Куыдз у, адæймаг æппæты разæй цы цæрæгоимæ балымæн, уыдонæй. Куыдз адæймагимæ цыд цуаны, хъахъхъæдта йын йæ хæдзар, уыд йæ хуыздæр æмбал.
Хæдзармæ уын бахæс кодтон куиты тыххæй интернеты æрмæг бацагурын. Цы базыдтат ногæй?
Скъоладзауты дзуæппытæ:
1. Бирæ адæмтæм куыдз нымад уыд табуйаг цæрæгойыл. Зæгъæм, рагон Египеты куыдзæн æвæрдтой цыртдзæвæн. Персæгтæм та, куыдзы цы адæймаг амардта, уый нымадтой стыр фыдгæнæгыл æмæ-иу æй тынг бафхæрдтой. Грекъæгтæм та куыдз нымад уыд хуыцауы аккаг цæрæгойыл.
2. Куыдз у тынг зондджын цæрæгой. Рагон адæмæй нæм æрхæццæ сты къултыл конд куыдзы нывтæ, æхцаты уæлæ нывгонд куитæ, алыхуызон мозаикæтæ куитимæ. Хорз куыдзыл-иу фыстой æмдзæвгæтæ, зарыдысты зарджытæ.
Ахуыргæнæг: Абон та цы пайда сты куыйтæ адæмæн?
Куыйтæ хорз æххуыс сты нæ армийæн паддзахады арæнтæ хъахъхъæнынæн, уыдон ссарынц фыдгæнджыты, наркотиктæ ласджыты, рæмудзæн æрмæджытæ (взрывчаткæтæ) агурынæн.
- Куыйтæ Гагарины размæ космосмæ дæр атахтысты.
- Куыйтæ зæххæнкъуыстыты рæстæг фервæзын кæнынц адæмы.
2007 азы Америкæйы куыдз фервæзын кодта йæ хицауы. Йæ хицау диабетæй рынчын уыд æмæ куы бавзæр, уæд куыдз телефонæй 911 адзырдта тагъд æххуысы службæмæ. Афтæ йæ йæ хицау сахуыр кодта.
6-æм слайд
Ахуыргæнæг: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр куыйтæ тынг балæггад кодтой адæмæн: фервæзын-иу кодтой цæф салдæтты, кодтой фæдсгарæджы куыст, минæтæ агуырдтой. Куыдз у æцæг æмбал, хорз æххуысгæнæг адæймагæн. Æмæ йын уый тыххæй алы бæстæты æвæрынц цыртдзæвæнтæ: Уæрæсейы, Парижы. Чарльз Дарвины загъдау, уыдон сты, мах сæхицæй фылдæр чи уарзы, уыцы цæрæгойтæн æвæрд цыртдзæвæнтæ.
- Æз зонын, бирæтæм уæ хæдзары кæй ис куыдз. Цавæр цæстæй йæм кæсут, куыд æм зилут?
Ахуыргæнæг: Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, фыссæг йæ радзырды цы персонажыл фæдзуры, уый тыххæй раргом кæны йе ’нкъарæнтæ, цы цæстæй йæм кæсы, уый раргом кæны.
Хъуамæ дзургæйæ кæнæ фысгæйæ хъуыды кæнат, цæмæн дзурут уæ куыдзы тыххæй. Радзурын та хъæуы афтæ, цæмæй уын уæ сочинени чи кæсы, уый банкъара, кæй кой кæныс, ома куыдз, уый бирæ кæй уарзыс, зынаргъ дын кæй у.
7-æм слайд
- Уый та уыдзæн уæ сочиненийы сæйраг хъуыды.
6. Сæчиненийы сæйраг хъуыды хъуамæ æргомгонд цæуа йæ сæргонды дæр. Цавæр сæргæндтæ ратдзыстут уæ сочиненитæн? («Мæ куыдз мæ хорз æмбал у», «Мæ æнувыд æмбал», «Мæ цыппæркъахыг æмбал»).
8-æм слайд
7. Сбæрæг кæнын сочиненийы хуыз. Æрфысты тыххæй æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
- Сымæх хъæудзæн уæ куыдзы тыххæй тыххæй радзурын. Цавæр тексты хуызæй хъуамæ спайда кæнат? (Æрфыст)
9-æм слайд
8. Сочиненийы пъланыл куыст. (Пълан фыст цæуы тетрæдты).
- Ныртæккæ нæ сочиненийæн скæндзыстæм пълан.
Цæмæн хъæуы пълан? А для чего он нужен? (Пълан нын феххуыс уыдзæн цæрæгойы тыххæй хуыздæр радзурынæн)
- Цæуыл дзурдзыстæм разныхасы? Куыд райдайдзыстæм?
(цыбырæй радзурæн ис куыдзы цардæй исты цау; радзурæн ис, куыдз уæ хæдзары куыд фæзынд, уый тыххæй)
- Разныхас хъуамæ уа цыбыр (уæ куысты æртыккаг хай), фæлæ эмоционалон. Чи йæ бакæса, уый зæрдæ хъуамæ фæцæуа, бафæнда йæ дарддæр кæсын).
-Уæ куысты сæйрагдæр хай у сæйраг хай. Уæ сочиненийы темæ дæр уым æргомгонд цæуы.Цæуыл фысдзыстут? Куыд схондзыстæм сæйраг хай?
- Куыд хъуамæ фæуæм нæ куыст? (Вариант: сæйраг хъуыды ам ныффыссын)
10-æм слайд
Пълан (хуызæг).
1. Мæ куыдз – мæ хорз æмбал у.
2. Сæйраг хай. Мæ цыппæркъахыг æмбал. Мæ цыппæркъахыг æмбал (куыдзы æрфыст):
а) йæ ном;
б) цавæр куыйты мыггагæй у (порода);
в) йæ сæр, мукъутæ (цæстытæ, фындз, хъустæ);
г) йæ гуыр (ас, хъуын);
д) къæхтæ, дзæмбытæ;
е) къæдзил;
ж) мидхарактеристикæ.
3. Кæронбæттæн хай. Æз бирæ уарзын мæ куыдзы.
9. Цавæр уыдзæн нæ сочиненийы стиль?
11-12-æм слайдтæ
9. Бакæсут тексттæ. Цæмæй хицæн кæнынц?
1-аг текст
Мила.
Мæ фыд нын иу хатт уæтæрæй æрхаста къæбыла. Уый уыдис хъилхъус, цæрдæг æмæ цырддзаст. Æрмæст йæ бырынкъ, цыма йын æй исчи сæгæй айсæрста, уыйау мил дардта. Мила дæр æй уымæ гæсгæ схуыдтам. Йæ номæй-иу æм куы фæдзырдтон, уæд-иу мæм æрбазгъордта æмæ-иу мæ разы йæ фæстæгтыл алæууыд, йæ дыууæ цæсты-иу фырцинæй цæхæртæ калдтой. Тынг мыл сахуыр. Кæдæмфæнды цыдаин, æдзухдæр мæ фæдыл цыди.
Милайæ рауад тынг хорз куыдз: хъахъхъæдта хæдзар, дыргъдон, тугдзых мæргъты хæстæг нæ уагъта кæрчытæм.
Нæхæдæг дæр æм дзæбæх кастыстæм, хæринаг хъуаг æй нæ уагътам.
(ж. «Ногдзау»-æй)
- Цавæр абарстæй пайдагонд æрцыд тексты? Куыд баст у уыцы абарст куыдзы номимæ?
- Кæй номæй фыст у текст? Къæбылайы кой чи кæны, уый чи у? Куыд уæм кæсы, къæбыла йæ зæрдæмæ цæуы? Цæмæй бæрæг у?
2-аг текст
Кæрты рæзæг хуымæтæг куыдз (дворняжка) цы куыйты мыггагæй равзæрд, уый тынг зын сбæрæггæнæн у, уымæн æмæ равзæрд куыйты цалдæр мыггагæй.
Ацы куыйтæн алыхуызон у сæ ас, сæ хъуын, сæ хуыз. Арæхдæр вæййынц морæ кæнæ сау, сæ уæз – 20 кг. хæстæг. Сæ бæрзæнд 38-57 см.
Кæрты рæзæг хуымæтæг куыйты ’хсæн дæр ис зондджынтæ, ис сæ бирæ цæуылдæрты сахуыр кæнæн. Сæ хицæуттыл вæййынц тынг æнувыд, хорз сæм фæхъусынц. Бирæтæ сæ хæрзмыггагон куыйтæй фылдæр фæуарзынц.
(М. Г. Псалмов, «Книга собаковода»)
Ахуыргæнæг: Сбæлвырд кæнæм, цавæр стилæй спайда кæндзыстæм? (Аивадон стилæй).
- Цæмæн? (Мах хъуамæ саразæм цæрæгойы æрфыст, спайда кæнæм аивгæнæн мадзæлттæй, раргом кæнæм не ’нкъарæнтæ).
- Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ тексты? Куыдзы æддаг бакаст бæлвырддæр кæцы тексты æвдыст цæуы?
- Ссарут, авторы æнкъарæнтæ æвдыст кæм цæуынц, уыцы текст. Цавæр дзырдтæй пайда кæны автор?
10. Бацæттæгæнæн куыст. Куыдзы æддаг бакасты æрфыст.
Пъланыл æнцой кæнгæйæ, бацæттæ кæнут Хъусойы æрфыст
13-æм слайд.
- Сывæллæттæ, æнхъæлдæн, нæ куыдз æрæнкъард. Ферох æй кодтам. Бакæсут-ма йæм, æмæ йын йæ æрфыст бацæттæ кæнæм. Афтæмæй æрæмбырд кæндзыстæм, сочинени фыссынмæ нын æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм æрмæг. (тетрæдты фыссынц).
Куыдзы сæр – стыргомау, гуырыл аив ныхæст. Йæ мукъутæ – рæстæмбис даргъ. Йæ ных сау, мукъутæ та – урс. Хъустæ – чысыл, хæрдмæ хъил. Гуыр – фæтæн урс. Йæ къæхтæ – рæстæмбис, урс дзæмбытимæ. Йæ хъуын – лæгъз, фæлмæн. Къæдзил – пух, даргъгомау.
Ахуыргæнæг: Куыдзы æрфыст фысгæйæ, хъуамæ раргом кæнат уе ’нкъарæнтæ дæр, уæ ахаст цæрæгоймæ. Куыд хъуамæ бафта уый уæ къухы? Æз уын æй зæгъдзынæн.
Æнкъарæнтæ раргом кæнæн ис сæрмагонд дзырдты фæрцы. Кæсут-ма: зондджын, уарзæгой, хинæйдзаг, зæрдæхæлар, зæрдæмæдзæугæ, рæсугъд, аив æмæ а.д. Ацы дзырдтимæ саразут дзырдбæстытæ. Зæгъæм: зондджын цæстæнгас, рæсугъд мукъутæ, зæрдæхæлар куыдз, хъæлдзæг куыдз, аив гуыры конд æмæ а.д.
Ахуыргæнæг: Цæмæй уæ куыст раст фыст рауайа, уый тыххæй кæсын хъæуы тексты æвзагмæ дæр, хъуамæ уæ тексты рæдыдтытæ ма уа. Сраст кæнут, ацы тексты цы ныхасы рæдыдтытæ ис, уыдон.
14-æм слайд
Карточкæ
Хæс: Рæдыдтытæ сраст кæнын.
Нæ куыдзæн ис даргъ хъустæ. Нæ куыдз у тынг къæрцхъус. Æз бирæ уарзын нæ куыдзы.
Махмæ рæсугъд куыдз ис. Ис ын рæсугъд дзæмбытæ. Йæ къæдзил дæр у рæсугъд æмæ даргъ.
Ахуыргæнæг:
- Цавæр рæдыдтытæ ис ацы текстты?
Цæмæй афтæ ма фæрæдийат, уый тыххæй цы хъæуы? (синонимтæй пайда кæнын)
- Цавæр синонимтæ ссардзыстæм дзырд «куыдз»-мæ? (цæрæгой, мæ хорз æмбал, мæ уарзон цыппæркъахыг, мæ æнувыд æмбал).
- Раст фыссынæн хъæуы орфографион æгъдæуттæ зонын дæр. Равзарæм дзырдты растфыссынад:
хъилхъус, цыппæркъахыг, зæрдæхæлар, зæрдæмæдзæугæ, цæстæнгас, рæстæмбис
11. Урочы хатдзæгтæ.
-Нæ урок кæронмæ æрхæццæ. Хъусойæн фæндараст зæгъæм. Тынг нын аххуыс кодта абон.
Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, сочинени фысгæйæ, хъус цæмæ дарын хъæуы, уый.
Цы базыдтат ногæй ацы урочы?
- Сочинени фысгæйæ, цавæр æрмæгæй спайда кæндзыстут?
Уæ зæрдæмæ цæмæй фæцыд урок?
15-æм слайд.
12. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас. Хæдзармæ куыст. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Нæ цыппæркъахыг æмбæлтты тыххæй мæ ныхас фæуын фæнды францусаг фыссæг Антуана де Сент – Экзюперийы ныхæстæй: «Ты всегда в ответе за всех, кого ты приручил». Дæхиуыл кæй сахуыр кæнай, ууыл дзуапп дæттыс. Адæм ацы хъуыддаг хъуамæ сæ зæрдыл дарой.
Уарзут хæдзарон цæрæгойты, зилут сæм, æмæ уæ бауырнæд, уыдон дæр уын сæ уарзондзинад нæ бавгъау кæндзысты.
7