СЦЕНАРИЙ МЕРОПРИЯТИЯ ПОСВЯЩЕННЫЙ КОСТА ХЕТАГУРОВУ

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...







Сценарий

Литературно – музыкальной композиции

посвященной 155-летию

со дня рождения

Коста Левановича

Хетагурова.














КОСТА ХЕТАГУРОВ
15.X.1859 — 19.III.1906

ОФОРМЛЕНИЕ ЗАЛА:

  • Портрет К.Л. Хетагурова.

  • Цветы

  • Картины написанные Коста.

«Коста — замечательный поэт, творчество которого трогает человека социальной правдивостью и душевными, четко оформленными стихами». 

[link]

Стихотворение "Из Нара взлетел в поднебесье орел…."



Звучит песня: Мæ Иры фæсивæд!!

Вед 1. Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта æмæ Ирыстонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Цыдæриддæр Ирыстонмæ фенддаг æмæ бæллиццагæй уыд — се ’ппæт дæр æрбамбырд сты иу адæймагмæ, æрцардысты йæм æмæ йæм сæхи равдыстой рæдауæй. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе ’хсар æмæ йæ уæздан. Мах куы фæдзурæм Ирыстон — нæ цæсты раз вæййы Къоста, мах куы фæдзурæм Къоста — нæ цæсты раз вæййы Ирыстон.

Танец "Хонгæ кафт"

Вед 2. О Коста было много сказано и при жизни, и после его безвременного ухода... Не раз отмечались его поэтический дар, художественный талант и публицистическая деятельность. Но я еще раз хочу остановиться на том, чему Коста посвятил и все свои таланты и всю свою жизнь: это служение народу. Именно просветительская работа и борьба за свободу народа, против дискриминации и геноцида народов не только Осетии, но и всего Кавказа — вот главная цель всей его жизни. 

Æмдзæвгæ «НЫСТУАН»


Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!..


Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...


Вед 2. К сожалению, Коста сегодня не менее актуален, потому, что все, против чего он боролся, вновь вернулось в нашу жизнь: жестокость, насилие, террор, невежество чиновников и необузданная, антинародная бюрократическая власть. Защищая интересы горцев он призывал свой народ к новой жизни, к солидарности с другими народами и к процветанию всего Кавказа. Вместо кинжала и взрывчатки он взял кисть и перо, вместо кремневого оружия он действовал горячим, вдохновенным словом. 


Вед 1. Ирон адæмæн се уæнгтæ рæхыстæй куы сбастой, уистæй сæ куы надтой, бæгънæг æмæ стонгæй хæхты цъассыты куы джиудтой æмæ ниудтой, рухсы цъыртт сæм куы никæцæй хъардта, уæд Къоста сидти Уастырджимæ, фыййаумæ, исчимæ, ома фæтæгмæ, цæмæй адæмы рамбырд кæна иумæ æмæ сæ бынтон сæфын ма бауадза. Фæлæ уыцы рæстæджы ахæм адæймаг нæ уыд ирон адæмы ’хсæн, æмæ Къостайы сидтмæ куы ничи фæзынд, уæд адæм уайтагъддæр бамбæрстой: фæтæгмæ сын чи сиды, уый йæхæдæг у сæ фæтæг, сæ хуыздæрты хуыздæр, сæ зондджынты зондджындæр, сæ хъæбатырты хъæбатырдæр. Къостайы поэзи уыд ирон адæмы трибунæ, сæхи æмæ сæ царды тыххæй сын рæстдзинад кæцæй дзырдæуыд, сæ сагъæстæ æмæ сæ фæндийæгтæ сын кæцæй æргом чындæуыд, зонд æмæ сын хæрзæгъдау кæцæй амындæуыд, ахæм трибунæ.

Æмдзæвгæ «ДОДОЙ» под музыку

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!

Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, –

Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..


Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,

Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,

Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,

Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..


Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,

Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц...


Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,

Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, –

Фезмæл–ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,

Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..


Оххай–гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, –

Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм...

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, –

Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!


   Вед 2.   Сам Коста в своей автобиографии писал: “Я родился в 1859 году в осетинском селении Нар, высоко в Кавказских горах, на скалистом выступе, и когда рассеивается туман, он напоминает корабль посреди вековых нагромождений хребтов, горных расщелин, тесных ущелий. 

Æмдзæвгæ: Æрра фыййау»

Раджы хохы цъуппæй касти

Иу æрра фыййау,

Мигъ æнгом йæ быны бадти,

Урс цагъд къуымбилау.


Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –

Тæккæ былгæрон,

Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:

Агæпп æм кæнон, –


Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ

Хизæд уæзæгыл,

Æз фæхуысдзынæн изæрмæ

Уыцы бæмбæгыл...”


Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –

Гъопп! – зæгъгæ, йæхи

Пуртийы зыввытт фæласта...

Лæг ныххæррæгъ и!


     Отец мой — Леван Елизбарович Хетагуров был участником Венгерской кампании усмирения Польши. Во главе полка туземного населения Северного и Южного Кавказа служил во Владикавказе, командуя сотней милиции осетин. 
     Мать моя — Мария Гавриловна Хетагурова-Губаева была дочерью прапорщика русских войск, умерла, когда мне было 2 года, и меня в большой любви воспитывала Чензе Хетагурова — дальняя родственница по отцовской линии, женщина золотого сердца и доброго нрава”. 


Æмдзæвгæ «РАКАС»

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд,

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

Кæмдæрты æнæсæронæй,

Æдыхæй, æцæгæлонæй,

Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй...


Фæхæссон–ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм...

Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, –

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.


Æрцыддæн... Мæхицæй фыддæр

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, –

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..


Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —

Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй...

Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй

Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

Песня «Хъуыбады»


Вед 1. Къоста… чи нæ зоны ацы ном Ирыстоны? Ацы номимæ кæй

зæрдыл не рлæудзысты "Ирон фæндыр" – ы зæлланг зарджытæ?.. Къостайы хъуыдытæ сæрибарыл, йæ зæрдæйы сагъæстæ царды тых æмæ хъару лæвæрдтой фæллойы фарн удирвæзынгæнæг кæмæн уыд, уыцы адæмæн, дзылæтæн. Уымæн æй хонæм "нæхи Къоста".


Вед 2. Коста Леванович Хетагуров - это, прежде всего, гениальный поэт, выдающийся художник, основоположник осетинской литературы. Именно его перу принадлежат лучшие произведения на осетинском языке. Любые даты, связанные с именем Коста, всегда отмечались в Северной Осетии очень широко
Еще в 1939 году Александр Фадеев предсказал, что "имя Коста-поэта… войдет в ряд самых высоких имен человечества", а спустя 20 лет Николай Тихонов констатировал, что Коста "уже полноправно вошел в великую семью мировых классиков". И еще через какое-то время его именем названа звезда далекой Галактике. Это решение было принято международным центром по изучению Галактики в Канаде, регистрировано в США, а грамота, подтверждающая права поэта на звезду в созвездии Дракона хранится в Швейцарии. Так сбылось пророчество Коста: 
Æмдзæвгæ: « Я не пророк»

Я не пророк... В безлюдную пустыню

Я не бегу от клеветы и зла...

Разрушить храм, попрать мою святыню

Толпа при всем безумье не могла.


Я не ищу у сильных состраданья,

Не дорожу участием друзей...

Я не боюсь разлуки и изгнанья,

Предсмертных мук, темницы и цепей...


Везде, для всех я песнь свою слагаю,

Везде разврат открыто я корю

И грудью грудь насилия встречаю,

И смело всем о правде говорю.


На что друзья, когда все люди братья,

Когда везде я слышу их привет?

При чем враги, когда во мне проклятья

Для злобы их и ненависти нет?


В тюрьме ясней мне чудится свобода,

Звучнее песнь с бряцанием цепей,

В изгнанье я дороже для народа,

Милее смерть в безмолвии степей...


При чем толпа? Ничтожная рабыня

Пустых страстей — дерзает пусть на все!

Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня,

Вселенная — отечество мое...


1894 г. (?)

Вед 1. Къоста – ирон адæмы хурты хурзæрин, æнустæм æрттиваг стъалы, ирон адæмы ныфс, кад, намыс, национ литературæ, культурæ æмæ аивады бындурæвæрæг. Къостайы хъæздыг, æгæрон хæзнадоны ад чи банкъардта, уыцы адæмты хсæн удыгас цыртдзæвæнау цæры Хетæджы фырт йæхæдæг дæр.

Абон, кæфты мæйы фынддæсæм боны, сæдæ фæндзай фондз азы сæххæст Иры уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл.

Уæздан кафт.
Вед 2. Да, поистине, "великий талант не имеет границ". Учился Коста в Ставропольской мужской гимназии, в Академии художеств в Петербурге. Жил в Карачаево-Черкесии, Ставрополе, Пятигорске, Херсоне, Очаково. 
Коста Хетагуров родом из маленького осетинского горного аула Нар. Он владел несколькими кавказскими языками, изучил французский, блестяще знал русский. Прекрасные стихи и поэмы, написанные по-русски, по праву позволяют считать его по-настоящему русским поэтом (на осетинском языке им написано всего около 60 стихотворений, на русском - 150 стихотворений, 6 поэм и письма). 
К.Хетагуров прекрасно знал историю, географию, культуру и быт горских народов: осетин, кабардинцев, ингушей, чеченцев, других народов Северного Кавказа. Именно он был одним из инициаторов создания во Владикавказе "Общества вспомоществования переселенцам, следующим из центральных губерний России на Кавказ и обратно".
 

Вед 1. Ирон литературæйæн (уæрæхдæр — ирон культурæйæн) саразæн нæ уыд нæдæр уырыссагау, нæдæр гуырдзиагау, нæдæр æндæр адæмы æвзагыл,— национ мидхъару ирд æмæ æххæстæй йæхи хъуамæ фенын кодтаид йæхи æвзагыл — æрмæст иронау.

Бирæтæ — раздæр æмæ ныр дæр — Къостайы хуыдтой æмæ хонынц канд ирон поэт нæ, фæлæ ма уырыссаг поэт дæр, æмæ уый раст у. Къоста æрмæст уырыссагау куы фыстаид, уæд нæ уыдаид ирон поэт. Ацы хабар нын бæлвырд кæны, зæгъгæ, национ мидхъару йæхи национ æвзагыл куынæ равдиса, уæд нæ равзæрдзæн æмæ нæ уыдзæн национ литературæ.
Вед 2. Для Коста Хетагурова Отечеством была Россия со многими ее народами и проблемами. И сегодня достаточно злободневно звучит голос национального гения "о гармоничном развитии всех народов" как необходимом условии процветания современной России. Наверное, потому значение Коста ощутимо не только в нашей республике. Ему установлены памятники в Болгарии, на Украине, в Ставрополе, Карачаево-Черкесии. Его именем названы улицы в Санкт-Петербурге, Пятигорске, Херсоне, Очакове, Остроге

Æмдзæвгæ «Не верь что я забыл родные наши горы!»


Не верь, что я забыл родные наши горы,

Густой, безоблачный, глубокий небосвод,

Твои задумчиво-мечтательные взоры

И бедный наш аул, и бедный наш народ.


Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,

Чем дальше я от вас, чем бессердечней враг,

Тем слаще и милей мне грезится свиданье

Со всем, мне дорогим в родных моих горах.


Не бойся за меня!— Я не способен к мщенью,

Но злу противиться везде присуще мне,—

Не бойся!— я и здесь не дамся оболыценью

Красавиц, чуждых мне по крови и стране...


Люблю я целый мир, люблю людей, бесспорно,

Люблю беспомощных, обиженных, сирот,

Но больше всех люблю, чего скрывать позорно? —

Тебя, родной аул и бедный наш народ.


За вас отдам я жизнь... все помыслы и силы,—

Всего себя лишь вам я посвятить готов...

Вы так мне дороги, так бесконечно милы,

Что сил нет выразить, что высказать нет слов!..


1896 г. (?)


Вед 1. Райгырæн бæстæмæ уарзондзинад Къостайы зæрдæйы арф æрбынæттон кодта. Поэт гуманист уарзы æппæт адæмы, фæлæ се`ппæтæй фылдæр та йæ ирон адæмы. Генион поэты æмбисонды цыртдзæвæн "Сидзæргæс" у зæрдæйы æнусон хъæрзын, сидзæрты дзыназын, хистæр фæлтæры марой.

Зарæг "Сидзæргæс"


Вед 2. При жизни поэта мало кто понимал подлинное значение художественного творчества и общественной деятельности Коста. Но когда его не стало, то со всей очевидностью обнаружилось, что ушел человек необыкновенного таланта, мудрости и мужественного характера. 19 марта 1906 г. перестало биться его благородное сердце.
     Память о Коста и сегодня жива в народе. Воспевают его сегодня и те, против кого было направлено его перо: прислужники всех мастей, продающие и предающие народ и Родину. В то же время они устраивают гонения на тех, кому близок Коста, кому не безразличны судьбы Родины и многострадальных народов Кавказа. Они преследуют и уничтожают всех, кто пытается нести людям свет просвещения, идеи свободы и равенства. 

Незадолго до смерти Коста с глубокой искренностью и волнением писал:

Я смерти не боюсь, -

Холодный мрак могилы

Давно меня манит безвестностью своей,

Но жизнью дорожу, пока хоть капля силы

Отыщется во мне для Родины моей…


Я счастия не знал, но я готов свободу,

Которой я привык, как счастьем дорожить,

Отдать за шаг один, который бы народу

Я мог когда – нибудь к свободе проложить.


     Не предадим же светлую память великого поэта и гуманиста, посвятившего жизнь борьбе за свободу нарда.

Вед 1. Ирон адæммæ уыди æртæ хæзнайы: фыдæлты зæхх, мадæлон æвзаг æмæ ирон æгъдау. Нæ зæхмæ нын лæбурынц, не`взаг нæ къæхты бын фæци, æгъдау ферох кодтам. Æвæдза куыд раст фыста Къоста:

Лæджы хуызæн лæг нæм — ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —


Симд.