Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ 7-æм къласы
Темӕ: Мивдисӕг.Фӕлхат кӕныны урок.
Ныхасы темӕ: «Дуне нӕ алыварс».
Нымӕц: Хуымгӕнӕны мӕйы 15-ӕм бон.
Ахуыргӕнӕг: Хуытъинаты Маринӕ Д.
1.Мивдисӕгӕй рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын. 2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.
3.Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.
4.Скъоладзауты разӕнгард кӕнын бӕстӕзонӕн куыстыл архайын, сӕ зӕрдӕты гуырын кӕнын уарзондзинад Райгуырӕн бӕстӕмӕ.
5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.
Урочы тип
Урок-проект
Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ
Предметон : зонын мивдисӕджы сӕйраг ӕмбарынад куыд ныхасы хай, хицӕн кӕнын мивдисджыты бындуртӕ, мивдисджыты здӕхӕнтӕ, зонын мивдисӕджы ӕвзӕрст, зонын мивдисджытӕй пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг.
Метапредметон( Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.
Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы;ныхасы аивдзинадыл кусын.
Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ
Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон.
Техникон фӕрӕзтӕ
Компьютер, мультимедийон проектор
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг
Презентации урокмӕ «Дунейы Алфамблай», брошюрӕ скъоладзаутӕн ӕххуысӕн, зарӕг «Бӕстӕтӕ бирӕ сты», видеоӕрмӕг , нывтӕ,карточкӕтӕ.
Урочы организацион структурӕ
Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци
Разныхас: Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз!Мӕ ном хуыйны Маринӕ Дмитриевнӕ. Тынг ӕхсызгон мын у сымахимӕ фембӕлд ацы уалдзыгон рӕсугъд бон. Абон мах хъӕуы иумӕ бакусын ирон ӕвзаджы урочы. Тынг хорз уыдзӕн зӕрдиагӕй куы бацархайӕм . Табуафси, райдайӕм.
Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц
Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ
Зонындзинæдты актуализаци
Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый?
Æз уын ныртӕккӕ радзурдзынӕн аргъау. Лӕмбынӕг ӕм байхъусут.
Цардис ӕмӕ уыдис Ныхасы хай. Æппындӕр ӕнцад бадын нӕ зыдта. Уадис иуырдӕм, уадис иннӕрдӕм – йӕхицӕн агуырдта ӕппынӕдзухдӕр куыст. Иуахӕмы та дын сфӕлмӕцыдис, бафӕлладис ӕгуыстӕй бадын.
Уӕд дын рараст Ныхасы хай балцы. Бирӕ фӕцыдаид, чысыл, Хуыцау йӕ зонӕг, фӕлӕ мӕнӕ бахӕццӕ иу ӕрдузмӕ. Кӕцӕйдӕр йӕ хъустыл ауад кӕуын. Бауади бӕласы бынмӕ ӕмӕ дзы бады Номдар.
-Цы кӕныс, цы, мӕ Хӕлар, цӕуыл кӕуыс? – афарста йӕ нӕ Ныхасы хай.
-Хъуыдыйад мӕ сӕхимӕ фӕхуыдта, сӕйраг уӕнг уыдзынӕ мӕ фынджы уӕлхъус,зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕз та фӕдзӕгъӕл дӕн.
-Æппындӕр ма ма тыхс, ныртӕккӕ дӕ ӕз фӕхӕццӕ кӕндзынӕн.
Араст сты иумӕ Номдар ӕмӕ нӕ Хӕлар Хъуыдыйады галуанмӕ .Куы бахӕццӕ сты, уӕд сыл тынг фӕцинтӕ кодта Хъуыдыйад. Æрбахуыдта нӕ Ныхасы хайы дӕр мидӕмӕ ӕмӕ йӕ Номдары фарсмӕ ӕрбадын кодта.
-Æз дӕу рагӕй куы агурын,рагӕй! Номдары фарсмӕ уыдзынӕ кӕддӕриддӕр, мӕ дыккаг сӕйраг уӕнг уыдзынӕ. Дӕ ном та уыдзӕн Зӕгъинаг.
Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма чи уыди нӕ Ныхасы хай? Уӕдӕ цавӕр Ныхасы кой кӕндзыстӕм абон?
-Тынг раст, мивдисӕг.
Цӕмӕ гӕсгӕ йӕ базыдтат?
Цавӕр ныхасы хайӕ загъд ӕрцӕуы арӕхдӕр зӕгъинаг?
Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм цы у мивдисӕг.
(Тест)
1.Мивдисӕг у ахӕм ныхасы хай, кӕцы амоны предметӕн йӕ:
А) ном
Ӕ)архайд
Б)нымӕц
2. Сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ мивдисджытӕ дих кӕнынц :
А) дыууӕ къордыл
Æ) фондз къордыл
Б) ӕртӕ къордыл
(зӕгъынц цӕ-хуымӕмӕг ӕмӕ вазыгджын)
3. Мивдисӕгӕн ис 3 афоны:
А) Нырыккон, иртӕстон, ивгъуыд;
Æ) Нырыккон, ивгъуыд, суинаг;
Б) Нырккон, бӕллиццаг, ивгъуыд.
4. Мивдисӕджы ӕбӕлвырд формӕ хуыйны:
А) сӕрмагонд
Ӕ) фӕдзӕхстон
Б) инфинитив
Мивдисджыты ивынад цӕсгӕмттӕ ӕмӕ нымӕцтӕм гӕсгӕ хуыйны:
А)ифтындзӕг
Æ) тасындзӕг
Хатдзӕгтӕ
Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ, аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог.
Скъоладзаутӕ урочы темӕ дзурынц.
Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.
Скъоладзаутӕ тестыл кусынц иумӕйагӕй, дзуапп двӕттынц иугай.
Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.
Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн .
КоммуниКоммуникативон :ныхасы раст пайда кӕнынц номдартӕ ӕмӕ мивдисджыты бастдзинӕдтӕй.
3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын
Физминуткӕ
Бакӕсӕм ма фӕйнӕгыл Хъодзаты Ӕхсары фыст ӕмдзӕвгӕйы скъуыддзаг:
«Бӕстӕтӕ бирӕ сты, дуне-уӕрӕх,
Цард сӕ рӕвдауы фарнӕй.
Фӕлӕ дӕу хуызӕн, мӕ Райгуырӕн зӕхх,
Ацы стыр дунейыл нӕй».
Куыд уӕм кӕсы, ацы рӕнхъытӕ цӕмӕн бакастӕн? Урочы ма сӕмбӕлдзыстӕм ацы рӕнхъытыл. Ацы скъуыддзаг у нӕ урочы эпиграф.
Сывӕллӕттӕ, абон уӕ ӕз хонын дунейы алфамблай абалц кӕнынмӕ.
Куыд ӕмбарут дзырд «алфамблай»?
Абайты Васойы дзырдуат нын дӕтты ахӕм нысаниуӕг:
Алфамблай (аlfamblaj)- кругом, вокруг, со всех сторон, ома нӕ алыварс.
Цӕмӕй ацы дзырд нӕ зӕрдыл бадарӕм, уый тыххӕй,табуафси, зӕгъут йемӕ дзырдбӕстытӕ ӕмӕ дзы спайда кӕнӕм хъуыдыйады дӕр.
Дунейы алфамблай, зӕххы къорийы алфамблай.
Экскурсийы архайджытӕ сахары алфамблай ӕрзылдысты.
Æвӕццӕгӕн, сымах искуы фехъуыстат журнал «Вокруг света», кӕй хонынц, уый кой. Чи зоны, исчи йӕ цӕстӕй дӕр федта, ӕмӕ йӕ кӕсгӕ дӕр бакодта. Абон мӕн фӕнды, цӕмӕй иумӕ саразӕм нӕхи чысыл журнал ӕмӕ йын рубрикӕтӕ дӕр нӕхӕдӕг ӕрхъуыды кӕнӕм. Æз уын бацӕттӕ кодтон ӕрмӕг. (Байуарын скъоладзаутӕн). Табуафси, ӕркӕсут ӕм.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ балц райдайӕм дард бӕстӕй. Уыцы бӕсты у тынг хъарм, зымӕг цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Хуыйны- Мысыр (Египет). Ацы бӕстӕ зындгонд у ӕрмӕст йӕ хъарм уӕлдӕфӕй нӕ.Хонынц ма йӕ пирамидӕты бӕстӕ дӕр. Сымахӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ацы бӕстӕ зонгӕ у. Зӕгъӕт –ма, Мысыры тыххӕй чи цы зоны, уый?
Тынг хорз.
Табуафси, бакӕсӕм нӕ цыбыр хъусынгӕнинаг.
Мысирӕгтӕ-Египеты цӕрджытӕ
. Мысыры пирамидӕтӕ сты тӕккӕ зынраиртасӕн ӕмӕ мистерион фӕзынд историон дунейы. Уыдон бӕрзонд фӕцыдысты Ливийы тӕвд ӕдзӕрӕг ран. Сты сӕдӕмӕ хӕстӕг. Æнӕхъӕн дунейыл дӕр айхъуыст фараон Хеопсы пирамидӕйы кой. Тӕккӕ егъаудӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хаст у дунейы авд алӕмӕты диссӕгтӕм.
Мысыры цӕрӕг адӕмы динмӕ гӕсгӕ, пирамидӕтӕ уыдысты фараонтӕн асинтӕ, кӕцытыл уыдон цыдысты уӕлӕрвтӕм. Уымӕ гӕсгӕ тӕккӕ фыццагдӕр пирамидӕтӕ амадтой асинтимӕ.
Сывӕллӕттӕ, ӕмӕ махмӕ, Ирыстоны, ахӕм цыртдзӕвӕны хуызӕн ницы ис? Пирамидӕтимӕ кӕй абарӕн ис?Куыд ӕнхъӕл стут? («Мӕрдты горӕт» Дӕргъӕвсы)
Дӕргъӕвс тынг рагон хъӕу у- фондзсӕдӕ азӕй йыл фылдӕр цӕуы.Уый раиртӕстой археологтӕ.Дӕргъӕвс хъӕздыг у рагон архитектурон цыртдзӕвӕнтӕй.
Хъӕуы зӕрдылдарӕн бынӕтты сӕйрагдӕр ӕмӕ диссагдӕр у Мӕрдты горӕт. Уый нӕм баззад астӕуккаг ӕнустӕй. Зӕппӕдзты цы мӕрдтӕ ӕвӕрд ӕрцыд,уыдон дзурӕг сты, ам йӕ рӕстӕджы бирӕ адӕм кӕй цард, ууыл. Дӕргъӕвсы некрополь( грекъагау некрос-мард,полис-горӕт) у Цӕгат Кавказы тӕккӕ стырдӕр. Исдзы 95 зӕппадзы.Ахуыргӕндтӕ куыд нымайынц, афтӕмӕй зӕппӕдзтӕ амайын райдыдтой ирӕтты фыдӕлтӕ – алантӕ.
Сывӕллӕттӕ, баххӕст кӕнӕм хӕслӕвӕрд.Хъуыдыйӕдтӕй рафыссут ивгуыд афоны мивдисджытӕ уӕ тетрӕдтӕм. Мивдисӕг рафыстам, йӕ фарсмӕ та йын фыссӕм нырыккон ӕмӕ суинаг афоны. Табуафси. Исчи рауайӕд фӕйнӕгмӕ, иннӕтӕ та сӕ бынӕтты кусынц.
(фӕцыдысты-цӕуынц-фӕцӕудзысты,айхъуыст-хъуысы-айхъуысдзӕн,уыдысты-сты-уыдзысты,амадтой-амайынц-амайдзысты,раиртӕстой-иртасынц-иртасдзысты,баззад-зайы-баззайдзӕн , амайын райдыдтой-амайынц- амайын райдайдзысты)
Уӕдӕ уын ахӕм хӕслӕвӕрд.Куыд схондзыстӕм нӕ фыццаг рубрикӕ уӕдӕ?
Нӕ фыццаг рубрикӕ у «Стыр балц».
Бафыссӕм ӕй нӕ «журналы»
Хатдзӕгтӕ
Сывӕллӕттӕ, нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм мивдисӕг «уӕвын». Уый у ӕххуысгӕнӕн мивдисӕг. Ныртӕккӕ дзы хъуыдыйӕдты мидӕг спайда кӕндзыстӕм ӕмӕ бӕлвырддӕр нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн.
Нӕ алыварс Дӕргъӕвсы быдыртӕм куы акӕсӕм ,уӕд зӕрдӕ рухс кӕны. Цӕмӕй цымӕ? Алыхуызон рӕсугъд дидинджыты уындӕй.Æз дӕр дзы ссардтон «Алӕмӕты дидинӕг».
Хъазт: Ахуыргӕнӕг райдайы хъуыдыйад, йӕ къухы «Алӕмӕты дидинӕг»,кӕцы базондзӕн скъоладзауты сусӕг хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицтӕ.Ахуырдзау дидинӕгӕй «сыф» ратоны, ӕмӕ кӕсы фыстытӕ.Уыцы ныхӕстӕ сты хъуыдыйады дарддӕр бавӕрын кӕй хъӕуы,уыдон.Чи бакӕсы хъуыдыйад, уый сбӕрӕг кӕны мивдисӕг «уӕвын»-ы цӕсгом, нымӕц, афон ӕмӕ формӕ
Æз дӕн (зӕрдӕргъӕвд скъоладзау). (1-ц.цыбыр формӕ)
Æз уыдзынӕн (ӕнӕхъӕн дунейыл зындгонд дохтыр)….
Æз дӕн (хӕларзӕрдӕ ӕрдхорд).
Æз арӕх вӕййын (мӕ хъуыдыты дард балцы).
Æз уыдтӕн (мӕ рагфыдӕлты зӕххыл).
Æз уыдзынӕн (мӕ бинонты фидар мӕсыг)
Ӕз дӕн ( сӕрӕн лӕппу).
Æз уыдзынӕн (ахуыргонд адӕймаг).
Зарӕг «Мӕ Ирыстон»-мӕ гӕсгӕ улӕфӕм сыгъдӕг уӕлдӕфӕй, хурмӕ не уӕнгтӕ аивазӕм, алӕмӕты дидинджытӕ сӕмбырд кӕнӕм, Мысыры денджызы баленк кӕнӕм.
Дарддӕр уӕ хонын нӕ балцы. Нӕ дыккаг рубрикӕйӕн дӕр та хъуамӕ сӕргонд ӕрхъуыды кӕнӕм.
Фӕнды мӕ базонгӕ кӕнын иу дзырды нысаниуӕгимӕ.Ацы дзырд нӕ кӕм бахъӕудзӕн, уый ныртӕккӕ бамбардзыстут уӕхӕдӕг.Уый у дзырд «Феномен»Уырыссаг ӕвзагиртасӕг Даль йӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуаты (Толковый словарь русского языка) дӕтты ахӕм ӕрмӕг :«ФЕНОМЕН( греч. ) -явление, случай, событие в природе; редкое, необычайное явление». Ома, цыдӕр диссаг ,стӕм хатт кӕй фенӕн ис,ахӕм.
Ӕмӕ цы фендзыстӕм мах абон ахӕм диссагӕй, куыд ӕнхъӕл стут? Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ.
Презентацийы фӕрцы ӕвдыст цӕуынц дунейы ӕнахуыр цадтӕ.
Хӕслӕвӕрд: Карточкӕтыл куыст (хъуыдыйӕдтӕ баиу кӕнын).
Уӕдӕ куыд схондзыстӕм нӕ журналы дыккаг рубрикӕ?
Табуафси, бафыссут ӕй афтид рӕнхъы ӕмӕ нӕ журнал цӕмӕй фӕаивдӕр уа, уый тыххӕй нӕ цадты нывтӕн сӕ бынӕттӕ ссарӕм журналы.
Хатдзӕгтӕ
Баулӕфыдыстӕм.Æрыздӕхӕм нӕхи Ирыстонмӕ.Цымӕ ам, нӕ райгуырӕн бӕсты алӕмӕты диссӕгтӕ нӕй, куыд ӕнхъӕл стут?
Уӕдӕ уын ӕз радзурдзынӕн ӕмӕ равдисдзынӕн Ирыстоны ӕппӕты зынраиртасӕн ӕмӕ сусӕг ран. Кӕд ӕмӕ ӕрдӕбон ӕнахуыр цадты кой кодтам, уӕд махмӕ, Ирыстоны та ис ӕнахуыр диссаджы ӕхсӕрдзӕнтӕ(Мидаграбинские водопады). Зынраиртасӕн уымӕн загътон ӕмӕ сӕ сбӕрӕг кодтой хӕрз ӕрӕджы.( Видеоӕрмӕг равдисын).
Слайдтӕ Мидаграбины ком.
Уӕ «журналты» уырыссаг ӕвзагыл ис текст фыст ацы донхауӕнтӕй (ӕхсӕрдзӕнтӕй) иуы тыххӕй. Ныртӕккӕ мӕ фӕнды цӕмӕй акусӕм тӕлмацгӕнджытӕй. Табуафси, текст уал иумӕйагӕй бакӕсӕм. Ныр та 3 къордӕй бакусӕм. Фыццаг къорд тӕлмац кӕны 1 абзац … Мӕн фӕнды, цӕмӕй текстӕн йӕ алкӕцы абзацы сӕйраг хъуыды куыд зӕгъат иронау иу хъуыдыйадӕй, хуыздӕр уыдзӕн вазыгджын хъуыдыйадӕй.Ацы хъуыдыйӕдтӕ ныффысдзыстӕм ӕмӕ сӕ хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзардзыстӕм.
Чудо-водопад в Северной Осетии
Большой Зейгаланский водопад расположен в Северной Осетии, в долине реки Мидаграбиндон недалеко от селения Джимара. Этот водопад находится высоко в горах и раньше о его существовании знали только местные жители, проживающие в этой местности.
Полноводный и очень живописный Зейгалан в летнее время, а когда наступают холода, водопад превращается в ледяное великолепие. С гор низвергаются вниз большие и красивые оледенения. Даже когда погода солнечная и теплая, над вершинами гор собираются тучи и облака.
Специальных дорог к водопаду нет, поэтому, чтобы полюбоваться этой красотой нужно идти несколько километров пешком, проходя вброд горные речки. Этот водопад считается не только одним из самых больших в России, но и в Европе.
Ирыстоны стыр ӕхсӕрдзӕн Зӕйгӕлӕн ӕмбӕхст у бӕрзонд хӕхты рӕбын ӕмӕ ӕрӕджыйы онг йӕ кой бирӕтӕ нӕ фехъуыстой.
Зӕйгӕлӕны ӕхсӕрдзӕн ӕрмӕст кӕлы сӕрдыгон, фӕлӕ зымӕг куы ралӕууы, уӕд диссаджы рӕсугъд ихтӕ фесты.
Къахвӕндӕгтӕ нӕй ацы ӕхсӕрдзӕнты бынатмӕ ӕмӕ сын цӕмӕй сӕ рӕсугъддзинӕдтӕ фенӕм, уый тыххӕй цалдӕр километыры цӕуын хъӕуы фистӕгӕй.
Хатдзӕгтӕ : Абарын уырыссаг ӕвзаджы «глагол»
Уӕдӕ куыд схондзыстӕм нӕ журналы дыккаг рубрикӕ?
«Феномен»
Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.
Скъоладзаутӕ архайын дзырдбӕстытӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕныныл
Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.
Скъоладзаутӕ кӕсынц тӕкст
Скъоладзаутӕ фысгӕ куыст кӕнынц. Иу скъоладзау кусы фӕйнӕджы уӕлхъус.
Скъоладзауты дзуӕппытӕ
Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы ,абарсты фӕрцы.
Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.
Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.
Зонадон: хатдзӕгтӕ кӕнынц
Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты.
Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.
Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы,уый
Урочы ӕрмӕгыл дарддӕр куыст
Фӕнды ма мӕ уӕ хъуыдыты ахӕссын историон балцы. Нӕ иннӕ рубрикӕ хуыйны «Историон зонындзинӕдтӕ».
Ацы рубрикӕйы мӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ историон зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнӕм ахӕм цымыдис информацийӕ.
Агнессӕ Гонджи Бояджиу. (1910) Македония
Ацы сылгоймаджы ӕнӕхъӕн Дуне дӕр зоны мад Терезӕйӕ. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр уый сси бирӕ мӕгуыр сидзӕр сывӕллӕттӕн, инвалидтӕн ӕмӕ кӕй ныууагътой уыдонӕн- мад . Гыццыл, мӕллӕджытӕ, худӕндзаст ӕмӕ фӕлмӕн зӕронд ус. Йӕ ирд цӕстӕнгас алцыдӕр уыдта, йӕ кусаг къухтӕ цас ӕмӕ цас фӕрӕзтой!
Адӕмӕн лӕггад кӕнын райдыдта хӕрз ӕрыгонӕй. Барвӕндонӕй ацыд Индимӕ,уӕды рӕстӕг тӕккӕ мӕгуырдӕр бӕстӕмӕ. Мад Терезӕ у бындурӕвӕрӕг мӕгуыр мӕлӕтдзаг рынчын адӕмы рынчындонӕн. Сӕ фӕстаг царды бонтӕ иу цын срӕсугъд кодта йӕ фӕлмасдзинадӕй.
Махӕн нӕ истории куыд дзуры, афтӕмӕй нӕ ирон адӕмы Хӕрзгӕнӕг, МАД, у Задалески Нана.
ЗАДАЛЕСКИ НАНА
Ирон адæмы цытджын Нана, тæтæры ныббырсты рæстæджы сывæллæтты ирвæзынгæнæг.
Алайнаг сылгоймаг сидзæр сывæллæттæй ма чи аирвæзт, уыдоны æртымбыл кодта, æмæ сæ знæгтæй æмбæхсгæйæ, æхсæвыгæтты акодта хæхбæстæм. Афтæмæй бахызтысты æфцæджы сæрты, æмæ Задалескы æрцардысты. Фæхаста цæ кæрдæджытæй æмæ хъæды зайæгойтæй. Куы рахъомыл сты, уæд скодтой бинонтæ, фæцыдысты фæйнæрдæм. Уыдонæй рацыдысты бирæ хъæутæ æмæ мыггæгтæ.
5.Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ.
Нӕ урочы кӕронбӕттӕн мӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ куыстӕн аргъ скӕнӕм.
Бацархайӕм саразын Синквейн
Синквейн — у сфӕлдыстадон куыст , кӕцыйӕн ис ӕмдзӕвгӕйы формӕ, арӕзт у 5 ӕнӕрифмӕйы рӕнхъӕй. Синквейн – хуымӕтӕг ӕмдзӕвгӕ нӕу, фӕлӕ фыст у ахӕм домӕнтӕм гӕсгӕ:
1.Фыццаг рæнхъы фыссæм синквейны темæ.
2 . Дыккаг рæнхъы характеристикæ дæттæм темæйæн дыууæ миногонæй.
3. Æртыккаг рæнхъы фыссæм æртæ мивдисæджы, темæмæ гæсгæ архайд куыд æвдисой, ахæмтæ .
4. Цыппæрæмы фыссæм цыбыр хъуыдыйад , авторы ( дæ ) ахаст темæмæ , кæнæ темæйы сæйраг хъуыды чи æвдисы.
5. Фæндзæм рæнхъы фыссæм иу дзырд , темæйы хъуыдыимæ æнгом баст , кæнæ темæйы синоним ( арæхдæр загъд вæййы номдарæй .
1.Мивдисӕг.
2.Вазыгджын.Хуымӕтӕг.(Æххӕст.Æнӕххӕст.Цӕугӕ.Æдзӕугӕ.)
3.Архайд ӕвдисы, дзуапп дӕтты, ӕххӕст кӕны.
4.Мивдисӕг у сӕрмагонд ныхасы хай.
5.Архайд.
Хатдзӕгтӕ
Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут:
Эпиграфмӕ аздӕхӕм.
Сывӕллӕттӕ, уыйадыл нӕ балц кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Дунейы диссӕгтӕй федтам абон цыдӕртӕ, байхъуыстам. Фӕлӕ уӕддӕр …..
Ахӕццӕ ма мын кӕнут мӕ хъуыдытӕ Кочысаты Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕйы ныхӕстӕй.
…ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Зарӕгмӕ байхъусын «Бӕстӕтӕ бирӕ сты».
Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.
Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц.
Хӕдзармӕ куыст уыдзӕн ахӕм:йӕхи чи куыд бацӕттӕ кӕндзӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕвзары йӕхицӕн хӕслӕвӕрд.Сымахмӕ гӕсгӕ дунейы цы диссаджы къуым ис, уый тыххӕй чи хъусынгӕнинаг цӕттӕ кӕны, чи ныв скӕныныл бацархайдзӕн,зӕгъӕм,абон цы федта урочы уыдонӕй дӕр, чи та бацӕттӕ кӕндзӕн презентации.
Стыр бузныг уын, сывӕллӕттӕ! Уӕ мадӕлты ӕмӕ уӕ фыдӕлты фӕндиаг ут, Ирыстонӕн номдзыд лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ куыд суат, мӕ зӕрдӕ уын уый зӕрдиагӕй зӕгъы.