Сценарий конкурса чтецовКоста Хетагуров

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Сценарий конкурса чтецов,

посвященный 154 летию

со дня рождения К.Л.Хетагурова

1-аг амонæг :

Къоста… Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се `хсæн куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм, хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгуырд, йæ кад æмæ намысы кой æппæт дунейы дæр кæмæн айхъуыст, уыцы æрдхæрæны стыр поэт Хетæгкаты Къоста. Уый у нæ зæрдæтæм хæстæгдæр чи у, ахæм дæсны ахуыргæнæг æмæ зондамонæг. Къоста у нæ кад, нæ намыс æмæ йын куыд аргъ кæнæм, куыд æй нымайæм, ахæм цæстæй нæм кæсдзысты иннæ адæмтæ дæр.

2-аг амонæг:

 У человечества есть очень немного поэтов, которые становятся как бы нравственной совестью народа, в чьих именах сливается и надежда на будущее, и память о прошлом и постоянное нравственное мерило настоящего. Коста Хетагуров принадлежит к этой немногочисленной семье. Его нельзя не любить. И, полюбив его, нельзя не стремиться быть лучше, нельзя не воспитывать в себе высокое единство поэта и борца, художника и гражданина.

1-аг амонæг:

15 октябры сæххæст уыдзæн 151 азы Ирыстоны уарзон хъæбул Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл.

2-аг амонæг:

Константин Леванович Хетагуров или, как просто и сердечно называют его в народе – Коста, родился в Северной Осетии в горном ауле Нар Владикавказского округа Терской области 3 октября (15 октября по новому стилю) 1859 года.

1-аг амонæг:

15 октябрь Къостайæн æрмæст йæ райгуырды бон нæу, фæлæ у иттæг хорз æвдисæн, йæ кадджын ном æнустæм кæй нæрдзæн Ирыстоны кæмтты, уымæн.

(музыкалон  равдыст)

2-аг амонæг:

Творческое наследие Коста многогранно, многолико. Он был поэтом, прозаиком, драматургом, публицистом, художником-живописцем, этнографом. И подтверждением этого станут работы учащихся 6-х классов.

(конкурс презентаций)

Пока жюри подводят итоги, мы посмотрим музыкальный номер.

(танец)

1-аг амонæг:

Нæ номдзыд поэт Хетæгкаты Къоста не `хсæнæй кæд раджы фæхъуыд, уæддæр йæ бирæвæрсыг сфæлдыстад абон дæр немæ цæры, куы стыхсæм, царды фæндæгтæ нæм мигъæй куы налфæзынынц, уæд та ног æмæ ногæй бакæсæм нæ генион поэты уацмыстæ æмæ нæ зæрдæтры райгуырынц ног ныфсы æнкъарæнтæ.

2-аг амонæг:

И сегодня прозвучат бессмертные строки его стихов. Прикасаемся сердцем к светлому образу Коста – поэта, гуманиста, патриота.

(конкурс чтецов, в перерыве после 5-х классов инсценировка басни «Бирæгъ æмæ хърихъупп»)

1-аг амонæг:

Къоста йе `ппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Иры дзыллæтæн, рухс кæны фæлтæрты фæндæгтæ амонд æмæ рæстдзинадмæ, кад æмæ намысмæ.

2-аг амонæг:

Коста – это высота, откуда виден весь мир и которая видна всему миру. Без Коста не возможно представить себе Осетию.

1-аг амонæг:

Азтæ цæудзысты, æнустæ цæудзысты… ирон аив литературæйы фидар бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн йæ ном кæндзæни кадджынæй-кадджындæр, намысджынæй-намысджындæр, цытджынæй-цытджындæр.

2-аг амонæг:

Коста – это не только прошлое и настоящее, но и будущее Осетии. Коста – наш современник. Таковым его будут считать и грядущее поколение Осетии.

(музыкальный номер, подведение итогов)