10
КЪАЛИНДАРОН-ТЕМАТИКОН ПЪЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ 8-ÆМ КЪЛАСÆН.
Программæмæ гæсгæ – 68 сах.
Уыдонæй:
НЫХАСЫ РÆЗТ
ДЗУРГÆ НЫХАСЫ РÆЗТ
Интонацийæ (хъæлæсы уагæй) раст пайда кæнын зонын. Алыхуызон синтаксисон арæзтытæй хи кæнæ исæй хъуыдытæ æргом кæныны фæдыл пайда кæнынмæ арæхсын.
ФЫСГÆ НЫХАСЫ РÆЗТ
Тексты бакаст ныхасы æмбарынад фæпарахатдæр кæныны ныхасы стильтæ, ныхасы хуызтæ. таурæгъон текст æрфысты элементтæй фæхъæздыгдæр кæнын, æрфыстон текст аразын зонын. Сочиненитæ хæрзæгъдаудзинады темæтыл фыссын,, хи хъуыдытæ, хи цæстæнгас дзы æвдисгæйæ (текст-хъуыды, тæрхæттæ). Иувæрсыг æмæ æнæххæст хъуыдыйæдтæй, хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй, сидæнтæй, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæй, комкоммæ ныхасæй куыд ныхас аивгæнæг синтаксисон мадзæлттæй пайда кæнын зонын. Изложени æмæ сочиненийы рæдыдтытыл кусын, ныхасы рæдыдтытæ сраст кæнынмæ арæхсын. Публицистикон текстытæм гæсгæ изложенитæ æмæ сочиненитæ фыссын зонын.
Темæ Сах
Равзаринаг фарстатæ
Практикон куыстытæ
1.
Тематикон урок: «Ныууагътой нын нæ фыдæлтæ æвзаг».
1
Ирон æвзаджы равзæрд.
Ирон æвзагæн лæггадгæнджытæ.
Фольклорон уацмысты æвзаг.
Ирон аив литературон æвзаг.
Дзургæ ныхасы рæзтыл куыст.
Бесæдæ.
Фольлорон уацмыс æмæ аив литературон уацмысы текттæ абарын.
Литературон тексты аивадон-нывæфтыд мадзæлтты анализ.
II.
5-7 æм кълæсты рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын (4 сах.)
1.
Таурæгъон сочинени: «Зæрдылдарæн сæрдыгон бон».
1
Текст. Текстты хуызтæ. Таурæгъон текст. Таурæгъон тексты пълан. Сочиненийы пълан. Хъуыдыйæдты бастдзинад таурæгъон тексты.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Сочинени
фыссынмæ цæттæгæнæн
куыстытæ: дзырдбæстытæ.
хъуыдыйæдтæ аразыныл
куыст.
2.
Фонетикæ. Лексикæ. Фразеологи. Морфемикæ. Орфографи.
2
Мыртæ æмæ дамгъæтæ.
Дзырдты лексикон нысаниуæг. Дзырды хæйттæ.
Æмхъæлæсонты растфыссынад. Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад.
Дзырдты фонетикон æмæ морфемикон анализ.
Цыбыргонд диктант.
3.
Морфологи. Орфографи.
1
Ныхасы хæйттæ, сæ растфыссынад. Орфограммæ. Ирон æвзаджы орфографийы принциптæ.
Дзырдты морфологион æвзæрстытæ.
Тексты орфографион анализ.
Синтаксис. Пунктуаци. Ныхасы культурæ.
1.
Дзырдбаст (2 сах.)
Дзырдбасты тыххæй иумæйаг æмбарынад.
1
Дзырдбасты тыххæй 5-æм къласы рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
Домгæбастдзинады хуызтæ ирон æвзаджы.
1
Домгæбастдзинады хуызтæ ирон æвзаджы: æмарæзт æмæ æфтыдад.
Дзырдбаст аразын, синонимон дзырдбæстытæй ныхасы мидæг пайда кæнын.
Хуымæтæг хъуыдыйад (3+1 сах.)
Хуымæтæг хъуыдыйады æмбарынад.
Хъуыдыйады грамматикон бындур.
1
Хъуыдыйады тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.
Дзырдты рæнхъæвæрд ирон æвзаджы.
Хуымæтæг хъуыдыйады интонаци. Логикон цавд.
1
Дзырдты рæнхъæвæрд хуымæтæг хъуыдыйады. Дзырдты рæнхъæвæрды синтаксисон æмæ стилистикон нысаниуæг.
Æмдзæвгæйы тексты лексико-стилистикон анализ.
Хъуыдыйæдты аив кастыл бакусын.
Бæлвырд изложени публицистон тексты бындурыл.
1
Публицистон тексты анализ. Тексты пълан. Æнцойгæнæн дзырдтæ.
Тексты хицæндзинæдтæ æвзарын, пъланыл бакусын.
Изложенийы рæдыдтытыл куыст.
1
Ныхасы рæдыдтыты хуызтæ, орфограммæтæ æмæ пунктограммæтæ.
Фысгæ куыстыты орфографион æмæ пунктуацион, ныхасы рæдыдтыты анализ. Сæ бафæдзæхсыныл куыст.
Хуымæтæг дывæрсыг хъуыдыйад.
Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ (6 сах.)
Сæйрат. Сæйраты арæзт.
1
Сæйраты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Алыхуызон ныхасы хæйттæ сæйраты ролы. Дзырдбастæй арæзт сæйрат.
Хъуыдыйæдты синтаксисон æвзæрст. Сæйраты морфологион арæзт.
Зæгъинаг. Хуымæтæг æмæ вазыгджын зæгъинæгтæ.
2
Зæгъинаджы тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Зæгъинаг. Хуымæтæг æмæ вазыгджын зæгъинæгтæ.
Сфæлдыстадон изложени.
(Таурæгъон текстмæ æрфысты элементтæ бахæссын).
Рæдыдтытыл куыст.
2
Ныхасы рæзтыл куыст. Таурæгъон æмæ æрфыстон тексттæ. Предметы æрфыст аразыны мадзæлттæ.
Ныхасы рæдыдтытæ равзарын.
Изложени фыссынмæ цæттæгæнæн куыстытæ.
Тире сæйрат æмæ зæгъинаджы æхсæн.
1
Вазыгджын зæгъинаг ныхасы мидæг. Сæйрат æмæ зæгъинаджы 'хсæн тире æвæрыны æгъдæуттæ.
Тексты пунктуацион анализ.
Вазыгджын зæгъинагæй ныхасы мидæг пайда кæнын. Сæйрат æмæ зæгъинаджы 'хсæн тире кæм ис, ахæм хъуыдыйæдты æвзæрст.
Цыбыр æмбарынгæнæн диктант
Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ (6+2).
Фæрссаг уæнгты æмбарынад, сæ хуызтæ.
1
Фæрссаг уæнгты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.
Æххæстгæнæн. Æххæстгæнæны хуызтæ ирон æвзаджы.
1
Æххæстгæнæны нысаниуæг. Комкоммæ æмæ фæрссаг æххæстгæнæнтæ. Æххæстгæнæны морфологион арæзт
Æххæстгæнæны бастдзинад, цы дзырдтæ фæбæрæг кæны, уыимæ иртасын зонын.
Æххæстгæнæны морфологион арæзт иртасын зонын.
Бæрæггæнæн. Бæрæггæнæны нысаниуæг.
1
Бæрæггæнæны нысаниуæг. Бæрæггæнæны бастдзинад бæрæггæнинаг дзырдимæ.
Бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдтимæ иу цавдимæ кæсын зонын.
Бæрæггæнæнæй ныхасы мидæг пайда кæныныл куыст.
Æмхасæн.
1
Æмхасæн куыд бæрæггæнæны хицæн хуыз. Æрхæцæн нысанттæ æмхасæнимæ.
Æмхасæнæй ныхасы мидæг пайда кæныныл куыст.
Сочинени публицистон темæйыл (Исты бынаты æрфыст, зæгъæм: «Ирыстоны национ парк», «Мæ райгуырæн зæхх – Ирыстон»).
Рæдыдтытыл куыст.
2
Ныхасы рæзтыл куыст. Публицистон тексты арæзт. Æрфысты элементтæй публицистон тексты пайда кæнын.
Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыстытæ.
Фадатон дзырдтæ. Афоны æмæ бынаты фадат.
1
Фадатон дзырдты нысаниуæг, сæ бастдзинад зæгъинагимæ. Афоны æмæ бынаты фадаты дзырдты нысаниуæг. Ныхасы мидæг сæ пайда кæныны æгъдæуттæ.
Фадатон дзырдтæ иртасын зонын. Афоны æмæ бынаты фадаты дзырдтæй хъуыдыйады пайда кæнын, хъуыдыйады сæ агурын зонын.
Архайды хуызы фадат.
1
Архайды хуыз æвдисæг фадатон дзырдтæ. Ныхасы мидæг архайды фадатон дзырдтæй пайда кæныны æгъдæуттæ.
Архайды хуыз æвдисæг фадатон дзырдтæ иртасын зонын. Ныхасы мидæг архайды фадатон дзырдтæй пайда кæныныл куыст.
Æфсоны æмæ нысаны фадæттæ.
Абарстон здæхт.
2
Æфсоны æмæ нысан æвдисæг фадатон дзырдтæ.
Ныхасы мидæг сæ раст пайда кæнын.
Æрхæцæн нысæнттæ абарстон здæхтимæ.
Æфсоны æмæ нысан æвдисæг фадатон дзырдтæ хъуыдыйады агурын зонын.
Ныхасы мидæг сæ раст пайда кæныныл куыст.
Абарстон здæхтимæ æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын.
Контролон изложени.
Рæдыдтытыл куыст.
2
Изложени, фадатон дзырдтæ кæм æмбæлы, ахæм тексты бындурыл.
Иложени фыссынмæ бацæттæгæнæн куыстытæ.
Изложенийы рæдыдтытыл куыст.
Хуымæтæг иувæрсыг хъуыдыйæдтæ (6+1 сах.)
Иувæрсыг хъуыдыйæдты нысаниуæг, сæ хуызтæ.
1
Иувæрсыг хъуыдыйады æмбарынад. Дывæрсыг æмæ иувæрсыг хъуыдыйæдты хицæндзинад, с синоними. Сæ текстаразæн роль.
Дывæрсыг æмæ иувæрсыг хъуыдыйæдтæ хицæн кæныныл куыст. Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ тексты: тексты æвзæрст.
Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад.
1
Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйады арæзт, синонимон дывæрсыг хъуыдыйадæй йæ ивын зонын.
Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ тексты: тексты æвзæрст; сæ аразыныл куыст.
Æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад.
1
Æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйады арæзт, синонимон дывæрсыг хъуыдыйадæй йæ ивын зонын.
Æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ тексты: тексты æвзæрст, сæ аразыныл куыст.
Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад.
1
Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйады арæзт, йæ хицæндзинæдтæ.
Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ тексты: тексты æвзæрст, сæ аразыныл куыст.
Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйад.
1
Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйады арæзт, йæ сæйрагдæр нысан ныхасы мидæг.
Æрфысты мидæг номхуындон иувæрсыг хъуыдыйæдтæй пайда кæнын.
Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйад тексты. Номхуындон хъуыдыйадæй æрфыстон текст аразгæйæ пайда кæнын.
Бæлвырд изложени.
Рæдыдтытыл куыст.
2
Иувæрсыг хъуыдыйæдты функционалон нысаниуæг тексты.
Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ кæм æмбæлы, ахæм тексты бындурыл изложени ныффыссын.
Æнæххæст хъуыдыйæдтæ (2 сах.)
Æххæст æмæ æнæххæст хъуыдыйæдты хицæндзинад.
1
Æххæст æмæ æнæххæст хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ. Æххæст хъуыдыйады арæзт. Æнæххæст хъуыдыйад æмæ иувæрсыг хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ.
Тире æнæххæст хъуыдыйады.
Æнæххæст хъуыдыйæдтæ тексты агурыныл куыст. Æххæст хъуыдыйадæй æнæххæст хъуыдыйад аразын.
Æнæххæст хъуыдыйады синтаксисон анализ.
Æнæххæст хъуыдыйæдты хуызтæ.
1
Æнæххæст хъуыдыйæдтæ контексты. Диалогон æнæххæст хъуыдыйæдтæ. Ныхасы уавæртæм гæсгæ сæвзæргæ æнæххæст хъуыдыйæдтæ.
Алыхуызон æнæххæст хъуыдыйæдтæ аразыныл куыст.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ (8+1 сах.)
Æмхуызон уæнгты æмбарынад.
1
Æмхуызон уæнгты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Тексты синтаксисон æвзæрст.
Æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнтæ.
2
Æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнты æмбарынад, сæ хицæндзинæдтæ.
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст. Æмхуызон æмæ алыхуызон бæрæггæнæнтæ хъæлæсы уагæй хицæн кæныныл куыст.
Æмхуызон уæнгты бастдзинад.
2
Æмхуызон уæнгты бастдзинад иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихон бæттæгты фæрцы. Æмхуызон уæнгты бастдзинад хъæлæсы уагæй (иугæнæг, ныхмæвæрды æмæ дихгæнæг интонаци).
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.
Æмхуызон уæнгты иугæнæг дзырдтæ.
1
Иугæнæг дзырды нысаниуæг, йæ бынат хъуыдыйады.
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.
Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады уæнгтимæ.
2
Дыстъæлф æмæ тире хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ иугæнæг дзырдтимæ. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты 'хсæн.
Хъуыдыйады синтаксисон æвзæрст.
Æрхæцæн нысæнттыл куыст.
Контролон диктант.
Рæдыдтытыл куыст.
2
Рацыд æрмæг ныффидар кæнын. Орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытæ равзарын.
Сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъыдыйæдтæ, æвастхъæртæ (6+1 сах.)
Сидæн. Сидæны нысаниуæг.
2
Сидæны тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Цыбыргонд æмæ даргъгонд сидæнтæ. Сидæны бынат хъуыдыйады. Æрхæцæн нысæнттæ сидæнтимæ.
Сидæн куыд аивадон-нывæфтыд мадзал.
Хъуыдыйæдтæ сидæнтимæ æвзарын.
Тексты анализ (сидæнтæ кæм ис, ахæм).
Хъуыдыйæдтæ сидæнтимæ хъуыды кæнын. Текст сидæнтæй баххæст кæнын.
Бавæргæ дзырдтæ. Бавæргæ хъуыдыйæдтæ.
3
Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдты нысаниуæг, ныхасы мидæг сæ раст пайда кæнын. Æрхæцæн нысæнттæ бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтимæ,хъæлæсы уагæй сæ раст кæсын.
Хъуыдыйæдтæ бавæргæ дзырдтимæ æвзарын.
Тексты анализ (бавæргæ дзырдтæ кæм ис, ахæм).
Хъуыдыйæдтæ бавæргæ дзырдтимæ хъуыды кæнын. Текст бавæргæ дзырдтæй баххæст кæнын.
Хъуыдыйæдтæ æвастхъæртимæ.
1
Æвастхъæрты нысаниуæг хъуыдыйæды. Æрхæцæн нысæнттæ æвастхъæртимæ.
Хъуыдыйæдтæ æвастхъæртимæ æвзарын.
Тексты анализ (æвастхъæртæ кæм ис, ахæм).
Хъуыдыйæдтæ æвастхъæртимæ хъуыды кæнын. Текст æвастхъæртæй аххæст кæнын, дзургæ сæ хъæлæсы уагæй раст кæсын.
Сочинени хæрзæгъдаудзинады тыххæй (текст-тæрхæттæ).
Рæдыдтытыл куыст.
2
Ныхасы рæзтыл куыст текст-тæрхæтты арæзт. Текст аразгæйæ алыхуызон синтаксисон конструкцитæй (иувæрсыг хъуыдыйæдтæй, æмхуызон уæнгтæй, сидæнтæй, бавæргæ арæзтытæй æмæ æнд). пайда кæнын зонын. Ныхасы рæдыдтытыл куыст.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Хъуыдыйæдтæ иртæстгонд фæрссаг уæнгтимæ (8+1 сах.)
1
Иртæстгонддзинады æмбарынад. Иртæстгонддзинад синтаксисон синонимæй ивынмæ арæхсын.
Тексты анализ: хъуыдыйæдтæ иртæстгонд уæнгтимæ агурын зонын, синтаксисон æгъдауæй сæ æвзарын.
Хуымæтæг хъуыдыйадæй домгæвазыгджын хъуыдыйад аразын.
Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ æмæ æмхасæнтæ.
1
Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ. Ныхасы мидæг сæ пайда кæнын, раст хъæлæсы уагæй сæ кæсын.
Иртæстгонд уæнгтимæ æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрыныл куыст.
Иртæстгонд фадатон дзырдтæ.
1
Иртæстгонд фадатон дзырдтæ. Ныхасы мидæг сæ пайда кæнын, раст хъæлæсы уагæй сæ кæсын. Æрхæцæн нысæнттæ иртæстгонд фадатон уæнгтимæ.
Тексты пунктуацион анализ.
Бæлвырдгæнæг иртæстгонд уæнгтæ.
1
Хъуыды бæлвырдгæнæг дзырдтæ. Дзургæ æмæ фысгæ ныхасы сæ раст пайда кæнын, интонаци æмæ сæ æрхæцæн нысæнттæй раст хицæн кæнын.
Бæлвырдгæнæг иртæстгонд уæнгтæй раст пайда кæнын ахуыр кæнын. Дзургæ ныхасы интонацийыл кусын.
Контролон диктант.
Рæдыдтытыл куыст.
1
Рацыд æрмæг ныффидар кæнын.
Фысгæ куыстыты рæдыдтытыл бакусын.
Комкоммæ æмæ фæрссаг ныха (4+1 сах.).
1
Комкоммæ ныхасы тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Комкоммæ ныхас аразыныл фæлтæрын.
Фæрссаг ныхас. Комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас саразын.
1
Фæрссаг ныхасы аразыны грамматикон фæрæзтæ.
Фæрссаг ныхас аразыныл фæлтæрын. Комкоммæ ныхас кæм æмбæлы, ахæм текст аразыныл куыст.
Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасимæ. Цитатæ. Æрхæцæн нысæнттæ цитатæимæ.
1
Æрхæцæн нысæнтты растæвæрд комкоммæ ныхасимæ, цитатæтимæ.
Тексты пунктуацион анализ. Тексты пунктуацион рæдыдтытæ раст кæныныл куыст. Графикон диктант.
Сфæлдыстадон изложени (комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас саразын, кæнæ фæрссаг ныхасæй – комкоммæ ныхас).
1
Комкоммæ ныхас кæм æмбæлы, ахæм тексты бындурыл изложени фыссын.
Тексты пунктуацион анализ.
Комкоммæ ныхас аразыныл фæлтæрын.
Фæрссаг ныхас аразыныл фæлтæрын.
Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ныффидар кæныны.
3
Ныхасы рæзтыл куыст. Рацывд грамматикон æрмæджы функционалон нысаниуæг.
Таурæгъон сочинени фыссын, диктант фыссын, тексты иумæйаг æвзæрст кæнын, дзырдты алыхуызон æвзæрстытæ, синтаксисон æвзæрстытæ æххæст кæнын.