8 кълас
Урочы темæ: Сочинени-æрдзы æрфыст.
Урочы нысантæ:
Скъоладзауты бацæттæ кæнын сочинени-фæззыгон æрдзы æрфыст фыссынмæ.
Дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Ахуырдзаутæм гуырын кæнын æрдзмæ уарзондзинад, эстетикон æнкъарæнтæ.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
II. Урочы темæйыл куыст.
1-аг хæслæвæрд.
Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, цы у текст.
2-аг хæслæвæрд.
Тексты (ныхасы) хуызтæ цавæртæ сты?
Цы у æрфыстон текст? Цæмæй хицæн кæны ныхасы иннæ хуызтæй?
3-аг хæслæвæрд.
Интерактивон фæйнæгыл лæвæрд цæуы фæззæджы тыххæй текст.
Скъоладзаутæ кæсынц текст.
Куыд уæм кæсы, скъуыддзаг текстыл банымайæн ис æви нæ? Уæ хъуыды бафидар кæнут, лæвæрд пъланмæ гæсгæ йæ равзаргæйæ.
1. Темæ. (Тексты ныхас цæуыл цæуы, уый). Сæргонд.
2. Тексты сæйраг хъуыды (Автор цы зæгъынмæ хъавыд?).
3. Ныхасы стиль (хуымæтæг ныхасы, аив литературон, публицистон, наукон, официалон-хъуыддаджы).
4. Тексты хуыз (æрфыстон, таурæгъон, тæрхæттæ).
5. Хъуыдыйæдты бастдзинад тексты (цæгон, параллелон).
6. Архайды афон тексты (мивдисджыты афонтæ).
7. Тексты лексикон анализ: тексты аивгæнæн мадзæлттæ.
Хæслæвæрдтæ текстмæ:
Сбæрæг кæнут тексты стиль æмæ хуыз.
Лæмбынæг æркæсут тексты арæзтмæ. Куыд арæзт у æрфыст? Цæй æрфыст у (предметы, бынаты, уавæры)?
Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.
Текстæн пълан бацæттæ кæнут.
Зæгъут, цавæр архæйдтытæ æвдыст цæуы тексты – иу рæстæджы цæуынц æви кæрæдзи фæдыл? Цавæр мивдисджытæй æвдыст сты архæйдтытæ (æххæст хуызы, æнæххæст хуызы)?
4-æм хæслæвæрд: Бакæсут фæззæгимæ баст æмбисæндтæ-цæстдарæнтæ. Бацамонут сын сæ хъуыды.
Лæвæрд цæуынц фæйнæгыл.
5-æм хæслæвæрд:
Равзарут, фæззыгон ныв равдисынæн æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ.
Арв: цъæх, сыгъдæг, ирд, мигътæй æхгæд, бæрзонд, æгæрон, фæззыгон, ныллæг, талынг, райдзаст, тар.
Хъæд: стыр, тар, бæзджын, хихджын, æрыгон, зæронд, бæласджын, зазджын, сабыр, сыфтæрджын, къутæрджын.
Боны хъæд (рæстæг, бон):
хорз бон, хур бон, ирд бон, хъарм бон, дымгæ бон, хус бон, уарынджын рæстæг, асæст бон, райдзаст бон, æнтæф рæстæг, тæвд бон, сур рæстæг, мигъ бон, къæвда бон, уаргæ бон.
Уæлдæф: уазал, сыгъдæг, рог, хъарм, чъизи.
Абарстытæ: ног чындзау, аргъауы хуызæн, хъулон-мулон пæлæзау, æвзистау, бур хызау,
6-æм хæслæвæрд.
Текст бакæсгæйæ, цæстытыл ауайынц цавæрдæр фæлгонцтæ, адæймагмæ сæвзæрынц алыхуызон æнкъарæнтæ.
Бакæсут тексттæ. Цы æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд, уæ хъустыл æмæ уæ цæстытыл цы ауад, уый æргомгæнæг дзырдтæй.
1) Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, —
Нæ йæ тавы хур…
Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи ’лвыны йæ фос… (Къоста)
2) Диссаджы рæсугъд у æрдз фæззыгон, уæлдайдæр та хъæды. Фæззыгон хъæд у аргъауы бæстæйау. Фæззæг йæ хъулон-мулон нымæтæй æрæмбæрзта зæхх. Хъæд цæмæдæр ныхъхъусæгау, ныссабыр. Бæлæсты сыфтæртæ хъулон-мулонæй згъæлынц. Æрмæст ма æхсæвы тары райхъуысы сæ сусæг ныхас. Мæргътæ хъарм бæстæм атахтысты.
Фæуазал.
(газет «Рæстдзинад»-æй)
7-æм хæслæвæрд: Лæвæрд пъланыл æнцой кæнгæйæ, темæ «Фæззыгон райдзаст бон хъæды»-мæ гæсгæ æрæмбырд кæнут æрмæг.
Пълан:
1) Цавæр у боны хъæд? Арв цы хуызæн у?
2) Цавæр у хъæд дардæй кæсгæйæ?
3) Хъæды:
Цы уыныс зæххыл?
Цы хуызæн сты æрдузтæ?
Цавæр бæлæстæ зайы хъæды? Цавæр сты бæлæстæ, къудзитæ?
Байхъус хъæды зæлтæм. Цы фехъуыстай?
Хъæды цæрæгойтæй кæй федтай?
III. Хæдзармæ куыст.
Темæтæй иумæ гæсгæ ныффыссут сочинени:
«Цæугæдон фæззыгон»,
«Фæззыгон райсом»,
3