Литературон - интегративон урок 5-æм кьласы музыкæ, истори,нывкæнынадимæ.
ТЕМÆ: Булкъаты Михалы уацау «Нæмыгдзæф фæндыр ».
НЫСАН:
1. Уацмыс тематикон æвзæрст ракæнын
2. Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад музыкæмæ, ирон
фæндырмæ,нæ историмæ, лæгдзинадмæ.
3. Сывæллæтты æфтауын хи хъуыдытыл.
Урочы фæлгонц:
А). Скъоладзауты иллюстрацитæ:
1 фарс: «Кудзи йæ лæппуйы мысы»
2 фарс: «Бечыр фронты»
З фарс: «Чысыл Бечыр æд фæндыр»
Æ). 4 фарс: Урочы пълан
1. Уацмысы равзæрды истори.
2. Сюжет.
З. Фæлгонцтæ.
4. Аивадон мадзæлттæ.
5.Фыссæджы цæстæнгас цаутæм, йæ геройтæм.
6.Уацмысы цауты бастдзинад абоны цардимæ.
Б). З фарс: Терминтæ: уацау, æмбисонд, пейзаж, метафорæ, хъайтар,
сюжет, диалог, монолог, радзырд.
В). Ирон инструменттæ: дала фæндыр, хъисын фæндыр, ирон фæндыр,
къæрцгæнæнтæ, уадындз.
Г). Скъоладзауты нывæцæнтæ.
Гъ). Техникон фæрæзтæ: проигрыватель, магнитофон, компьютер.
Д). Чингуыты, газетты равдыст.
Дж). Фæйнæг аив фæлгонцгонд ( нымæц, темæ, цитатæтæ, фыссæджы къам, эпиграф урокмæ).
Урочы хуыз: урок-беседæ.
«...Ацы уæззау тугкалæн
бонты Кудзийы лæвар фæндыр иу
хорз хæстоны бæрц ахады тохы
быдыры...».
Болататы Бечыр.
УРОЧЫ ЦЫД.
I . ОРГАНИЗАЦИОН МОМЕНТ
(Сколадзаутæ æрбацæуынц къласмæ, хъуысы зарæг «Священная война»).
II - III РАЦЫД ÆМÆ НОГ ÆРМÆГ.
Ахуыргæнæг: 1) Абон нæ урочы темæ у Булкъаты Михалы уацау «Нæмыгдзæф фæндыр» тематикон æвзæрст ракæнын; бамбарын кæнын ирон фæндыры хъæугæдзинад.
Урокæн эпигрæфæн райстам Болататы Бечыры ныхæстæ йæ фыццаг фыстæгæй фронтæй:
...Ацы уæззау тугкалæн бонты Кудзийы лæвар фæндыр иу хорз хæстоны бæрц ахады тохы быдыры...
Мах хъуамæ æркæсæм, куыд баст сты нæ абоны урочы хæстон темæ музыкæ, истори, географи, нывкæнынадимæ. Урок куыд интегративон, афтæ йæм æрбахуыдтам музыкæйы, историйы, географийы ахуыргæнджыты; æрыгон нывгæнæг Рæмонаты Оляйы (ахуыр кæны ацы къласы); Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты æмбырды сæрдар Милдзыхты Батырбеджы æмæ Афганистаны хæцæг Милдзыхты Петяйы.
Ныхасы бар лæвæрд æрцыд скъолайы музыкæйы ахуыргæнæг Дзгойты Эльзæйæн, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæгæн.
«Ирон фæндыр у, фыдæлтæй нын чи баззад, ахæм инструменталон дзаума. Цæмæн нæ хъæуы ирон фæндыр? Ирон фæндыр мах хъæуы уымæн, æмæ нæм фыдæлтæй цы ирон æгъдæуттæ баззадысты, уыдонæй иу дæр нæ фидауы æнæ ирон фæндыры зæлтæй. Фæндыры зæлтæ фидауынц тохы быдыры дæр. Фæндыры зæлтæ - маргъы дыууæ домбай базыры. Иу дзы хæссы -хъыг, иннæ-цин., Сырдон йæ сывæллæтты стджытæ æмæ зæрдæйы тæгтæй дыуадæстæнон куы сарæзта, уæд нарт загьтой: «Иууыл цагъды куы фæуæ.м, уæддæр фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уымæй чи цæгъда , æмæ мах ном чи хæсса, уый уыдзæн нæхион». Мæнæ ма рагон инструментты нывтæм ракæсут (нывтсе ауыгъд сты разæй щитыл).
Хъисын фæндыр
Дала фæндыр (ирон хъандзал фæндыр)
Дыууадæстæнон фæндыр
Ирон нырыккон фæндыр
Къæрцгæнæнтæ
Уадындз
Дыууадæстæнон фæндырæй цагьта 1952-æм азы Хъаныхъуаты Никъала. Цагьта дзы бадгæйæ, фæндыр йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ. Иннæ рагон фæндыртæй дæр цагьтой кадæггæнджытæ ахæм хуызы. Цагътои дзы фольклорон уацмыстæ, «Нарты кадджытæ». Уыцы хабæрттæ уыдысты æрæджы дæр ма.. Хетæгкаты Къоста фыста: «Адæмон сфæлдыстады ацы къабаз уæлдай уарзондæр æмæ зæрдæмæхъаргæдæр у».
(Байхъусут ма магнитофоны лентæйыл фыст хъисын фæндырмæ). (З мин).
Фыццаг ирон фæндырдзæгъдджытæ уыдысты: Мерденты Хъайсын, Икьаты Серафин, Калманты Зариффæ, Дзеранты Венерæ.
-Сывæллæттæ, чи уæ пыффыста ирон фæндыры тыххæй æмбисæндтæ? -Ирон фæндыр- зæрдæйы уидаг.
-Ирон фæндыр-маст рохгæнæг.
-Ирон фæндыр- зæрдæйы сагъæсты айдæн.
-Ирон фæндыр-нæ культурæйы цырагъдар.
-Ирон фæндыр- зæрдæйы æвдадзы хос.
Скъоладзау дзуры æмдзæвгæйæ скъуыддзаг:
...Нæртон фæндыр, дæ кад, дæ намыс
Æнустæм цардамонд хæссæд.
Дæу фæрцы базыртæ æрзайынц,
Ды дæ æвдадзы хос мæнæн...
Ахуыргæнæг: Ныр та ныхасы бар радтæм историйы ахуыргæнæг Зураты Эльзæ Анатолийы чызгæн.
Эльзæ Анатолийы чызг раныхас кодта: Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты басыгъд 60 милуан адæймаджы бæрц. Уыдонæй 20 милуан адæймагæй фылдæр сты уæрæсейæгтæ, 40048 мин адæймаджы та сты Ирыстотсй. 714- Елхотæй. Фыдыбæстæйы Стыр Хæстмæ чи ацыд, уыцы цардбæллон фæсивæдæй нал сыздæхт хæсты быдырæй алы дыккаг дæр. Знаг Ирыстонæй фæстæмæ здæхт æрцыд Æрджынарæгæй. Уымæ гæсгæ дзы арæзт æрцыд монумент. Ныр æм, Уæлахизы 60 азы бонмæ, уæлдай зæрдиагдæрæй базилдзысты скъоладзаутæ. Мæнæн мæ фыд дæр уыд хæстон лæг, ис æм бирæ хæрзиуджытæ. Мæ фыд уыдис, уæлахиз чи хæстæг кодта, уыдонæй. Стыр хъыгагæн, 1994азы амард...
-Скъоладзаутæ, мæнæ ма уæ размæ ракæсут Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
картæмæ, æз уын дзы бацамонон, знаг Ирыстоны кæд æмæ кæм уыд, уыцы бынæттæ (æвдисы картæ).
3. Тематикон анализ текстæн. (Анализы пълан фæйнæгыл).
Ахуыргæнæг: Абон текст æвзарæм ахæм пъланмæ гæсгæ (пълан кæсын фæйнæгæй).
1. Уацмысы равзæрды историон цаутæ.
- Скъоладзауы цыбыр хъусынгæнинаг.
Булкъаты Михал райгуырд 1928 азы Къахеты Ахметайы районы.
Черкаулы хъæуы. 1943 азы каст фæци Дуисы астæуккаг скъола, 1953 азы та Тблисы æфсæнвæндаджы инженерты институт. Куыста Донбассы. Бирæ рæстæг фæкуыста Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы Самтредийы хайы. 1964 азы рацыд йæ радзырдты æмбырдгонд «Удæгас обелиск». У автор историон дилоги «Теркæй-Туркмæ»-йæн. Ныффыста роман «Дæ фыдæлтæ рухсаг».
Фæлæ ирон прозæйы къæбицмæ йæ фыццаг хуын æрбахаста 1961 -æм азы. Уыдон уыдысты радзырдтæ «Нæмыгдзæф фæндыр», «Иу цæссыг», «Трактор æмæ гутоны зарæг». Ацы радзырдтæ фыццаг хатт рацыдысты журнал
«Фидиуæг»-ы.
2. Уацмысы сюжет.
а) Чи у Дзамболат?
æ). Бечыр та?
б). Кæдæм уарзтой цæуын изæрыгæтты дыууæ лæппуйы?
в) . Иуизæр цæмæн куыдта Кудзи æд фæндыр?
г). Бечырæн фæндыр радта?
гъ). Бечыр хæстмæ куыд ацыд? Гыцциимæ ныхас ссарут чиныджы (ф.222)
д) . Бечыры фыстæджытæ фронтæй ссарут æмæ бакæсут чиныгæй.
дж). Фæсарæйнаг литературæйæ кæимæ ис абарæн Бечыры хъайтар
æнахъомдзинад? (В. Гюго « Гаврош»).
дз). Уырыссаг литературæйæ та кæимæ абарæн ис Бечыры? ( В. Катаев «Сын
полка» Ваня Солнцевимæ)
е). Бечыр цы бацис хæсты быдыры?
ж). Фæндыр куыд æрбаздæхт фæстæмæ? (Ссарут ма йæ чиныджы ф.229)
з). Фæндыр та куыд райгас? (Ссарут ма йæ чиныджы ф.230).
и). Фæндыр ног хицау куыд ссардта?
к). Цы символ кæны фæндыры ног хицау?
къ). Кульминаци кæм ис уацмысы?
Ахуыргæнæг: Бакæсут ма иллюстрацитæм, кæцытæ сныв кодта уе ’мбал Рæмонаты Оля. Куыд æвдисынц нывтæ радзырды сюжет?
А) - Кудзи бады, æмæ йæ фырт Сосланы мысы.
Æ) - Бечыр хæсты быдыры цæгъды фæндырæй.
Б) - Авдаздзыд Бечыр райста фæндыр.
3. Ныр та ма рахизæм уацмысы фæлгонцтæм. (Скъоладзау сæ фыссы фæйнæгыл).
Æвæрццæг Æппæрццæг
Бечыр
Хæстæндзарджытæ
Дзамболат
Кудзи
Гыцци
Скворцов
Уацмысы темæ, идейæ.
Скъ.: Темæ у, Бечыр фронтмæ куыд ацыд æмæ куыд фæмард.
Скъ.: Идейæ у, хæст кæй у æвирхъау: макуы уал уæд хæст.
Ахуыргæнæг: Хæсты тыххæй æмбисæндтæ чи зæгъдзæн?
Скъоладзау: - Хæсты мард лæгæн йæ зарæг дардыл хъуысы
-Хæсты фæнык не 'мбийы.
-Адæм туг цы хæсты ныккалдтой, уым фидыдæн æнæ рцæугæ нæй.
-Хъæбатыр хæстон быдыры рабæрæг вæййы.
Ахуыргæнæг: Скъоладзаутæ, бакæсут уæ нывæцæнтæ хæсты тыххæй.
скъоладзауты кæсынц сæ нывæцæнта.
Ахуыргæнæг: Скъоладзаутæ, бакæсут ма компьютеры руаджы æвдыст слайдтæм хæсты æвирхъау нывтимæ.
Ахуыргæнæг: Ирон литературæйæ ма ацы аз хæстон темæйыл цавæр уацмыстæ рацыдыстæм?
Скъоладзаутæ: Кочысаты Мухырбег «Фыдыбæстæ», Бестауты Георги «Саби ма фенæд хæст», Елехъоты Мурат «Фыстæг хæсты быдырæй», Баситы Михал «Инæлар Плиты Иссæ», Баситы Дзамболат «Адæмы маст» æмæ Саулохты Мухтар «Хæстон цуаны».
Ахуыргæнæг: Чи нын сæ æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл, скъоладзаутæ?
Скъоладзаутæ: «Фыдыбæстæ» æмæ «Фыстæг хæсты быдырæй» дзурынц наизусть.
5. Фыссæджы цæстæнгас цаутæм æмæ йæ геройтæм. (Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц).
6. Уацмысы аивадон мадзæлттæ.
Ахуыргæнæг: Уацмысы тынг бирæ ис аивадон мадзæлттæ: абарстытæ, эпитеттæ, метафорæтæ, фразеологизмтæ, юмор, диалогтæ, монологтæ, æмбисæндтæ.
Абарстытæ: ... хъыбылау ныкъкъæс-къæс кæны ...;... мархойы
гæдыйы цæстæнгасау...; ...хылгæнаг сæгъы сыкъатау...; ... цъæл
хæлынбыттырау...; ...тыртынайау фæдæлæмæ ис...; ... чысыл
къадайау...; ...хæххон æхсæрдзæнау...; ... сæдæгай суйтæ æндахы
къуыбылойы тагау...; денджызы уылæнау...; .. .гæдыхъæдау
рызтысты...; ...цикъæйау ныуурс ис...; ... æртхутæгау нуæрстæй
дары...; ... урс бæлæттау...; ...фæрдгуытау...; ...фæскъæвдайы
хурау...; ... галхафæнау...; ...фæдисмæ цæуæгау...; ...ахæм
зæрватыккау...; ...бæлоны базырау...; ...сæры хъуынтау къæбæлдзыг
дамгьæтæ...; ... хъæрццыгъайау...; ... ивазы фыд фынау...;
бæлонау...; ... райсомы æртæхау...; ...арвы цæфау...;
...нынныгьуылдтæн уæрццау...;...мысты цæсты йас...;...цыма
йæхиуыл дзуæрттæ æфтыдта, афтæ;.. .саст
дзæнгæрæгау...;...зæгæлау...; цæф сынты базыртау...; æхсныфау,
æвзонг чызгау...; ахæм зæрватыккау...; æррайау фæмидæг...;
дзæккоры хуызæн...
Метафорæтæ: ... рæстæг йæ æнæкæрон фæрдгуыты халыл цалдæр азы
æрнымадта...; ... йæ уæхсчытыл циндзинад æмæ хæстон азар рахæсс-
бахæсс кодта,...мæлæт йæ сау дзых ныххæлиу кодта, афтæмæй
худæгæй мардис...; мæлæтæй мады хсæн фидиуæг
ныллæууыдис...;...судзгæ цæсгом...;...нæ уаты къуым дæр ссæрибар ис
йæ уæззау уаргъæй...;...фæндыры хъæдгомæй туг калдис...;
...цæссыгтæ сæрттывтой...;...фæндыры цæсгом равдыста...;.. зæрдæ
æлхæнæн ныхæстæ...;...
Эпитеттæ:... ногуард фæлмæн мит...; .. .фыдæх каст...;.. .сау тары
ныттыхта...;...нæмыгдзæф фæндыр...; цæф фæндыр...;...сæфт
хъæбулы мад...; æвдадзы хос...;...митхуыз дæндæгтæ...;...
4) Фразеологизмтæ:... цард дын фестæд мæ уд...; ...мæнмæ кæм дардта
йæ хъус...; ...мæ сæр разылди...; ...мæ цыппæртыл алæууыдтæн...;
...уæ рынтæ ахæрон...; ...дæ фæхъхъау фæуон...; ... урс уæрыкк дын
фестон...; ...дæ хъуымыз дæ дзыхæй куы кæлы...; ...нæ бавæрдтаид йæ
къах...; ...нал фæизæр кæны...; ...дæ нывонд фæуон...; ...дæндагæй лæбуры...;...нал схæцыди мæ цæст...;...цыма уазал дон бакалдæ-уыд...;...дæ сæрыл хаст фæуон...;...сæнттæ цæгъдын...;..тохы цæхæр...;...царциаты диссæгтæ...; ...
Æмбисæндтæ: ...мæлæты раз дæ сæр куы ркъул кæнай, уæд дыл ноджы
стых уыдзæн...; ...
Диалогтæ æмæ монологтæ: Диалог гыцциимæ (ф.222-223). Диалог
хæстон комиссаримæ (ф.223-224). Монолог (Дзамболаты
мидхъуыдытæ).
Юмор: .. .В. Чкалов дæ хæдтæхæг сæрфынмæ дæр нæ бауагътаид.
.. .бæдæйнаг Хъырна, мæнæй дын иу къусы дзаг æхсыр...; ...
«парашютист» æнæбæллæх æрбадт...;...дыууæ колгæимæ рагæпп кодта
хæдзары сæрæй...;... йæ тъæпп зæххыл фæцыдис...;...
8) Арфæтæ: Цард дын фæуæд мæ уд...;.. .циндзинæдтæ дыл цæуæд...; ...дæ цæрæнбон бирæ уæд...;...
7. УАЦМЫСЫ ЦАУТЫ БАСТДЗИНАД АБОНЫ ЦАРДИМÆ.
Ахуыргæнæг: Цард ныггуыппæввонг у абон дæр. Тох кæм æрцæуы, уым баззайы ту гæйахуырст сыф нæ историйы. Иу ахæм сыф у Афганистаны хæст (1979-1989). Уый фæдыл ныхасы бар Милдзыхты Петяйæн, Афганистаны хæсты уæвæгæн: Армимæ ацыдтæн 1979азы. Уыцы аз мæ акодтой Афганистанмæ,хæдзары мæ зонгæ дæр нæ кодтой афтæмæй. Æрмæст Фыдыбæстæйы тугкалæн хæст нæу фыдбылыз. Фыдбылыз уыд Афганистаны хæст. Æмбаргæ дæр æй нæ кодтам, цæй фæдыл мæлæм, уый. Æвдыстам дзы стыр лæгдзинад, нæ æвгъау кодтам нæ цард. Уыцы хæсты фæмард 150 мин советон солдаты. Абон та уыцы мæрдты хонынц æнæхъæугæ. Фæлæ уыцы цардбæллон фæсивæды чи раздахдзæн?. Æз абоны бон дæн инвалид, мæ бон радзурын дæр нæу уымæй фылдæр...)
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, стыр бузныг Милдзыхты Петяйæн зæгъын уæ номæй. Фæлæ уæ зæрдыл бадарут , æрмæст Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ Афганистан не сты фыдбылызтæ. Фæлæ ма стыр фыдбылыз у Беслæны хабар дæр. Ирыстонæн 3 сентябрь 2004аз бæркады бæсты фыдох æрхастой: æлгъаг знаджы къухæй сæдæгæйттæй бабын сты нæ хуыздæртæ,нæ фæдонтæ, Ирыстонæн йе суинаг. Тугдзых знаг бахъавыд нæ тæккæ зæрдæмæ, нæ бындартæм, нæ фидæнмæ. Иу адæймаджы сæфт дæр стыр трагеди у, уæд æхсæзгай удтæ кæмæй фæхъуыд, уыцы бинонты бæллæхæн та цы ном раттæм?. Террористты фыдракæндтæ равдисынæн не взаджы аккаг дзырдтæ не ссардзыстæм. Æнæфыдбылыз уæд нæ гыццыл Ирыстон, фарны хабæрттæ нæм хъуысæд нырæй фæстæмæ.Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, Афганистаны, Беслæны, иннæ тæвд стъæлфæнты,уыдоны ном ссарæм: иу уысм алæууæм æдзæмæй.
Нæ урок кæронмæ æрхæццæ. Нæ эпигрæфы мидис райхæлд:музыкæ, фæндыр ирон адæмы цавæрфæнды царды æмдзу кæнынц цин æмæ хъыгимæ. Бечыры хуызæн фæсивæд ирон фæндыры цагъдмæ æрмæст кафгæ æмæ заргæ кæнæд…
8. Скъоладзаутæ зарынц зарæг.
... Адæмæн æгъатыр хæст цы дæтты,
Мадæлты цæмæ бахъуыд кæуын?
Сидзæртæ цæмæн вæййы нæ зæххыл?
Хорз куы у сæрибарæй цæрын!
Мадæлты фæдзæхст-
Макуы уал уæд хæст!
Уадз æмæ æрыгон фæлтæр
Ма базоной хæсты цæхæр. Уый басыгъта нæ хъæбулты кæмдæр!
9.Ахуыргæнæг: Нæ абоны урок фæуæд
Плиты Грисы æмдзæвгæ «Фарны Май»-æ.
(Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ)
...Ауд, ауд ныл, рай, Фарны, сойгуысты май!
Знаг зæрдæрыстæй дудæд!
Хæст фæндагсыгъд фæуæд!
Мадæн мауал уæд мæт!
Саби, рухс хурау, худæд!...
IV. БÆРÆГГÆНÆНТÆ КОММЕНТАРИТИМÆ.
V. Хæдзармæ куыст: (фæйнæгыл). Сывæллæттæ, бацæттæ кæнут уацмысæй скъуыддзаг изложени фыссынмæ (ф. 228).