Я ЛИРУ ПОСВЯТИЛ…
« Я считаю, что каждый осетин в той мере может считаться достойным сыном своего народа, в какой он ценит и любит Коста»
В. Абаев.
Вед.1 Высокогорное селение Нар…
Оно расположена на скалистом выступе. Нар окружен белоснежными вершинами и альпийскими лугами. Очарованию природы его нет границ. Здесь 157 лет назад явился на свет славный сын осетинского народа Коста Хетагуров.
Есть имена, – и в этом их величье, –
Бессмертные, они ведут вперед.
Мы помним их. Таков у нас обычай –
Певцов народа чествует народ.
Вед.2 Нæ Иры фæсивæд! Къостайыл ныззарæм,
Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?
Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм,
Уый махæн æгас у ныр дæр!
Ныззрæм, фæсивæд, нæ Къостайы кадæн,
Кæнæд йæ кой арæх кæстæр.
Æрæнгуырдтæ цас ис Ирыстонæн – Мадæн, -
Къоста у сæ тæккæ хуыздæр!
Хорз адæймагæн, йæ дзыллæты амондыл тохæй чи нæ бафæллайы, йæ адæмæн цæрæнбонты лæггад чи фæкæны, ахæм лæгæн мæлæт нæй. Ис ын æрмæст райгуырæн бон. Æмæ уыцы бон свæййы Адæмон бæрæгбон. Ахæм кадджын бон
Ирыстонæн ссис 15 октябрь – Къостайы райгуырæн бон. Уымæн æмæ Къоста æнустæм цæргæйæ баззад йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты.
Вед.1 Нужда и лишения сопутствовали ему всю жизнь. Сложившись как мастер слова и кисти Коста встал на защиту интересов обездоленных горцев, проповедуя свободу, братство и равенство народов.
…
Вед.2 Къоста æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ адæмы , йæ райгуырæн зæхх, æмбæрста сын сæ фыдæбæттæ, тыхстис сæ фидæны цардыл. Къостайæ раздæр ничи фехъуыста Ирыстоны риуæй хъæрзын.
Вед.1 Всю тяжесть горькой судьбы своего народа Коста изобразил в стихотворении «Додой».
В песню надо вложить сердце,чтобы стало крылатой, он не пожалел своего сердца. «Страдать за других невозможно, если ты сам не изведал страданья»-говорил Коста
ДОДОЙ Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, –
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!.
Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..
ГОРЕ
Горы родимые, плачьте безумно.
Лучше мне видеть вас черной золой.
Судьи народные, падая шумно,
Пусть вас схоронит обвал под собой.
Пусть хоть один из вас тяжко застонет,
Горе народное, плача, поймет.
Пусть хоть один в этом горе потонет,
В жгучем страданье слезинку прольет.
Вед.2 Мæхицæн кад, мæхицæн ном ыскæнын, кæнæ мæ уацмыстæй
материалон пайда райсон, зæгъгæ, уый тыххæй нæ фыста Къоста, фæлæ фыста сывæллæтты кæуынæй-иу йæ зæрдæ куы байдзаг ис, адæмы рыст иу куыннæ уал фæрæзта, уæд.
……..
Вед.1 Он не мог не родиться и не внести с собой в жизнь золотые россыпи мудрых слов. Горцы потеряли бы дар речи, не будь стоголосой «Осетинской лиры». Без неё пастушья свирель сиротливо умолкла бы. В саклю бедняка никогда не заглянуло бы жаркое солнце. Этот изумительный человек был добрым и щедрым
Вед.2 Къоста йæ адæмы сæрыл тох кодта хицæуттимæ. Уый тыххæй бавзæрста бирæ фыдæбæттæ, 2 хатты хаст æрцыд йæ уарзон Ирыстонæй. Фæлæ уæддæр нæ уагъта йæ литературон куыст. Йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» ссис ирон адæмы уарзондæр чиныг.
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард.
Цы ма мын кæндзынæ, дæ цæстыты сыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг.
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?!
Кæй чызг мыл скæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх?
Кæй фæндыр сцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?!
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард.
Цы ма мын кæндзынæ дæ цæстыты сыгæй
Æнæ хай фæкодтон мæ мард!
Вед.1 В самые мрачные дни, гонимый царским самодержавием, Коста никогда не терял веры в светлое будущее и творил во имя этого будущего.
От того -то столько негаснущего огня, столько тепла и света в его совершенных произведениях, написанных на русском языке. «А стихи я пишу только в такое время, когда потребность высказаться всецело охватывает все мое существо. Над многими стихотворениями я рыдал, когда их писал», - признавался Коста.
Люблю я целый мир, люблю людей, бесспорно,
Люблю беспомощных, обиженных, сирот,
Но больше всех люблю, чего скрывать позорно? —
Тебя, родной аул и бедный наш народ.
Вед.2 Къоста… Ирон фарн, ирон намыс, ирон æвзаг зынаргъ кæмæн сты, уыдон ацы номимæ бæттынц сæ ивгъуыд дæр, сæ абон дæр æмæ сæ рухс фидæн дæр. Ирыстоны номдзыддæр хъæбул, ирон адæмы хуыздæр зарæггæнæг уыдис бирæвæрсыг курдиаты хицау. Къоста у адæмон зарæггæнæг. Нæй Ирыстоны ахæм бынат, Къостайы диссаджы æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ кæм нæ кæсынц æмæ зарынц.
Къостайы æмдзæвгæтæ сæ арæзтмæ гæсгæ сты хуымæтæг , се взаг у æнцон æмбарæн, фæлæ хъæздыг æмæ аив. Сæ фылдæр систы зарджытæ.
……
Вед.1 Говорят, что все детские произведения Коста воспринимались горцами, не умевшими читать и писать, как естественное продолжение « Нартских сказаний». Столько здесь было народных образов,мыслей, понятий. Он призывал – учиться, давал добрые советы детям. Для Коста отвратительными были обман и жадность, трусость и лень. Зато как прекрасны, по его мнению, остроумие, смекалка, мудрость, трудолюбие. Коста разговаривает с детьми в своих стихотворениях.
…..
Вед.2 Къоста рох никуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм баззад цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты. Фырты хæс бафыста уый Ирыстонæн, йæ дзыллæйæн, йæхи снывонд кодта мæгуыр адæмы рухс фидæнæн. Йæ фæстагсулæфты онг дæр сидтис ирон адæммæ, цæмæй хæларæй цæрой. «Ме’ фсымæртæ! Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» - уыдысты поэтæн йæ фæстаг ныхæстæ.
……
Вед.1 Память о великом Коста передается из поколения в поколение не только в Осетии, но и в многонациональной России, во многих странах мира. Бесспорно, его жизнь – это подвиг, образец служения своему народу. Пройдут годы, пройдут века, но имя славного сына осетинского народа не померкнет и по- прежнему будет сиять, подобно снежным вершинам Кавказа.
Вед.2 Куы -иу цæуа лæгдзинадыл ныхас,
Уæд-иу Къостайæ райдайут уæ дзырд-
Уыди Къоста æхсæрдзæнау ныфсхаст
Ӕмæ æгас дунейæн басгуыхт фырт.
Вед.2 Зынаргъ æмбæлттæ! Хетæгкаты Къостайы номыл литературон изæр кæронмæ æрхæццæ. Къостайы кадæй хайджын ут! Æнæниз æмæ амондджынæй цæрут! Нæ ног фембæлдмæ!
Вед.1 На этом литературно -музыкальный вечер, посвященный Дню рождения великого сына Осетии Коста Хетагурова, подошел к концу! Благодарим за внимание! До новых встреч!