Технологическая карта урока по осетинскому языку Гости медвежонка.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...





5 кълас (уырыссаг къорд)

ТЕМÆ:

"Арсы уазджытæ".

Грамматикон темæ:

( Мивдисæг фæлхат кæнын)



[pic]



Дзæуджыхъæуы 15-æм скъолайы ирон

æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Гæбуты М.М.

Урочы темæ: " Арсы уазджытæ".

Грамматикон темæ: Мивдисæг фæлхат кæнын.

Урочы нысæнттæ:

Ахуырадон: 1. Мивдисæг фæлхат кæнын.

Рæзынадон: 2. Кæсын æмæ дзурын ахуыр кæнын, диалог

аразыныл разæнгард кæнын.

Хъомыладон: 3. Хорз миниуджытыл ахуыр кæнын, æрдзмæ

уарзондзинад гуырын кæнын.



Урочы фæлгонц: компьютер, презентаци,чингуытæ,дзырдуат,

тетрæдтæ.

Урочы хуыз: урок-экскурси.

Урочы цыд:

1)Бацæттæгæнæн рæстæг Мотиваци

Ахуыргæнæг: - Уæ бон хорз нæ зынаргъ уазджытæ!

-Уæ бон хорз сабитæ!

Сабитæ: - Æгас цу, Ахуыргæнæг !

Ахуыргæнæг: - Сбадут. Абон иууылдæр ам сты ахуырдзаутæ!

Радгæс: - О! иууылдæр ам сты. Абон у Тъæнджы мæйы

26- æм бон, дыццæг.



Урочы æрмæгыл куыст.

Фонетикон зарядкæ : (сывæллæттæ дзурынц ахуыргæнæджы фæстæ);

1) дз,пъ,дж,цъ,з,с,чъ,тъ,хъ,къ,æ,гъ.

2) за зæ зо зи зы

са сæ со си сы

къа къæ къо къи къы

дза дзæ дзо дзи дзы

хъа хъæ хъо хъи хъы

3) дамгъæтимæ дзырдтæ зæгъын:

Ныууарыдис, бахæццæ, ацыд, суазæг кодта.

4) Сараз дзырдбæстытæ:

Рувас… зыгъарæг…. Тæрхъус…. Арс….

5) Сараз хъуыдыйæдтæ:

Ралæууыд уазал зымæг.

Гыццыл саби хъазы кæрты.

Уаты лæууы стыр заз.

Ахыргæнæг: -Зæгъут-ма мын цавæр ныхасы хæйттæй спайда кодтат дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразгæйæ?

Дзуæппытæ: мивдисæгæй ...

3.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Диалог "Арс æмæ тæрхъус":

Тæрхъус:

-Ракæс-ма, ракæс-ма, арс.

Зымæг ысхъызыди карз.

Ихæнæй басыд мæ фарс

Бауадз мæ мидæмæ,цæй,

Науæд мын фервæзæн нæй.

Арс:

-Чи дæ? Цы хуыйны дæ ном?

Уыдон мын радзур æргом.

Тæрхъус:

-Тæрхъус... Дæ сыхаг дæн æз,

Ардæм хæстæг у мæ къæс.

ДЗЫРДУАТ:

Ахуыргæнæг: тексты зын дзырдтæ æрхъуыды кæнæм

Хæс: æрхъуыды кæнут дзырдтимæ дзырдбæстытæ.

Ахуыргæнæг кæсы текст

Арсы уазджытæ.

Мит ныууарыдис. Дæттæ ныйих сты. Сырдтæ арф бамбæхстысты. Тæрхъусæй тынгдæр ничи тыхсы уазалæй. Бахæццæ Арсы лæгæтмæ. Бахоста Арсмæ.

Мидæмæ рацу, - загъта Арс. Тæрхъус фæмидæг æмæ уайтагъд схъарм. Рувас уазалæй мæлы. Ацыд тæрхъусы фæдтыл.Æрбахæццæ Арсы лæгæтмæ. Арс та суазæг кодта рувасы дæр.

Зыгъарæг кæрчытæ давынмæ араст. Æрфæндыд æй арсы лæгæты йæхи ахъарм кæнын. Арс суазæг кодта зыгъарæджы дæр.

Бирæгъ сырдты куы федта, уæд Зыгъарæг æмæ Рувасы æхсæн æрхуыссыд.

Сырдтæ арсмæ сæхи байстой æмæ ныззарыдысты.

Уый фæстæ сын Арс бакаст тел скъоладзаутæй. Уыдон хонынц хъæды цæрджыты Ног азы бæрæгбонмæ.

- текст ратæлмац кæнын (иумæ)

Фарстытæ текстмæ:

1. Цавæр афæдзы афон у ?

2. Цæмæй тыхсы тæрхъус ?

3. Кæй лæгæтмæ æрбахæццæ рувас ?

4. Кæдæм араст зыгъарæг ?

5. Кæм æрхуыссыд бирæгъ ?

6.Чи суазæг кодта сырдты ?

7.Кæдæм хонынц сырдты ?

Физминуткæ

Дарддæр текстыл кусын

Сæвæр цухгонд дзырдтæ

Мит…. . Дæттæ …. сты. Сырдтæ арф…… .

Тæрхъусæй тынгдæр ничи тыхсы уазалæй. …. арсы лæгæтмæ. ….. Арсмæ. Мидæмæ рацу, - загъта Арс Тæрхъус … æмæ уайтагъд схъарм.

Рувас…... Ацыд тæрхъусы фæдтыл. …..Арсы лæгæтмæ. Арс та суазæг кодта рувасы дæр.

Къордгай куыст :

Цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ ? (Мивдисæгмæ)

Фарстытæ:

- Цы у мивдисæг?

- Зæгъут, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты мивдисæг? ( Цы ми кæны? Цы кæны?)

- Цал ( афоны ис мивдисæгæн? (Нырыккон, ивгъуыд, суинайг)

- Ссарут тексты мивдисджытæ æмæ сæ рафыссут :

1 къорд- нырыккон афоны мивдисджытæ: тыхсы, бахæццæ ,

бахоста,рацу,загъта,фæмидæг,схъарм,мæлы, æрбахæццæ,

суазæг кодта.

2 къорд ивгъуыд афоны мивдисджытæ:

ныууарыдис, ныйих сты,бамбæхстысты.

Сценкæ :

Тæрхъус – Мæнæ цы уазал у. Ахсæв ноджы уазалдæр уыдзæн. Цæуон арсы лæгæтмæ. Тæрсын, фæлæ кæд схъарм уаин. (фæцæуы, арсы лæгæтмæ бахоста). Ракæс ма, арс, уазал мын у, бауадз мæ.

Арс - чи дæ?

Тæрхъус – Дæ сыхаг дæн.

Арс – Мидæмæ рацу, уазал у.

Рувас – Уазалæй мæлын. (Дисы бацыд) Мæнæ тæрхъусы фæдтæ, арсы лæгæтмæ цæуынц. Цом ма йæ фæдыл.

(бахæццæ арсы лæгæтмæ, хойы) Арс, уазалæй мæлын, бауадз мæ.

Арс - чи дæ?

Рувас – æз рувас дæн.

Арс – мидæмæ рахиз.

Зыгъарæг – Цом кæрчытæ адавон. (фæцæуы)

Мæнæ мын цы уазал у.

Уæртæ арсæй рухс кæлы.

Цом мæхи схъарм кæнон.

(фæцæуы, бахæццæ, бахоста) Арсмæ.

Бауадз мæ амæлдзынæн уазалæй.

Арс - чи дæ?

Зыгъарæг – дæ сыхаг дæн.

Арс- мидæмæ рацу.

Бирæгъ – уазал мын у, æххормаг мын у. Уæртæ арсмæ уазджытæ, цы хъæлдзæг сты. Цом бацæуон сæм.(фæцæуы,хойы)

Арс - Чи дæ?

Бирæгъ – æз бирæгъ дæн, бауадз мæ.

Арс – рацу мидæмæ.

Тымыгъ – звучит музыка.

Арс – чи дæ, нæ дуар нын цæмæн сæттыс?

Тымыгъ- Урсбоцъо дæн. Бауадзут мæ.

Иууылдæр иумæ – Уыцы ран иунæгæй цæр.

Ничи дæм ракæсдзæн, зон.





Урочы хатдзæгтæ. Рефлекси

-Кæм уыдыстæм абон уазæгуаты?

-Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы урочы?

-Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ ?

Дæхицæн цавæр бæрæггæнæн сæвæрис?

Х/к: Сныв кæнут арсы хæдзар йæ уазджытимæ.