Темæ: Музыкæйы æрдхæрæны тых.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
Нысан: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй цы æрмæг рацыдысты, уый сфæлхат æмæ
ныффидар кæнын.
Хъомыладон хæстæ: 1. Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад музыкæмæ, аивадмæ.
2. Рæзын кæнын цымыдисдзинад аивады зындгонд дæсныты сфæлдыстад ахуыр
кæнынмæ æмæ йæ зонынмæ.
Урочы æрмæг: Текст «Цæй диссаг дæ, музыкæ!», компьютертæ, интерактивон фæйнæг.
[pic] [pic]
Урочы цыд
Эпиграф: Музыкæ – æнусон. Адæм амæлынц,
музыкæ та –нæ.
Гергиты Валерий
Ахуыргæнæг: Музыкæ… Æвæдза, ацы дунейы цы уаид цард æнæ дæу. Æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындзæн нæ Иры дзыхъхъы, (Иры нæ, æнæхъæн дунейы) æмæ музыкæйыл йæхи чи атигъ кæна.
[pic] [pic]
Ахæм адæймаг нæ разындзæн, æмæ музыкæ, уæлдайдæр та ирон фæндыры зæлтæ йæ фæллад кæмæн нæ фæсурынц, рæсугъд æнкъарæнтæ кæмæ нæ сæвзæрын кæнынц.
[pic] [pic]
Музыкæ у цардыл, адæймаджы уды хъæдыл, сагъæс æмæ катайыл, уарзондзинад æмæ алыхуызон æнкъарæнтыл дзурæг.
[pic] [pic]
Уый бахъары алкæйы зæрдæмæ дæр, асуры йын йæ фæллад, радты йын цин, амонд æмæ уарзондзинад…
[pic]
- Сыв-œ, сымахмœ гœсгœ,нœ абоны урок цœимœ баст уыдзœн, цавœр темœйыл дзурдзыстœм? ( музыкœимœ)
- Тынг раст. Куыд бамбæрстат, афтæмæй нæ урок у тематикон, баст у музыкæимæ, йæ æгæрон тыхимæ. Уыимæ æвзардзыстæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ. Эпиграфæн та райстам дунейы зындгонд музыкант æмæ дирижер Гергиты Валерийы ныхæстæ: «Музыкæ – æнусон. Адæм амæлынц, музыкæ та –нæ».
[pic]
- Фыссæм абоны нымæц æмæ темæ. Хæдзармæ уын уыди хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй æрмæг сахуыр кæнын, ссарын зындгонд адæмты хъуыдытæ музыкæйы тыххæй, сахуыр кæнын поэтикон рæнхъытæ. Табуафси.
1 скъоладзау. Кабалевский. «Музыкæйы сæрмагонд темæ у адæймаг, йæ монцтимæ, йæ хъуыдытимæ, йæ вазыгджын монон дунеимæ».
2 скъоладзау. Стендаль загъта: «Музыкæйæн йæ бон у арф бахизын адæймаджы зæрдæмæ æмæ йын равдисын йæ уды сагъæстæ».
3 скъоладзау. Белинский та афтæ загъта: «Музыкæ у адæймаджы миддуне æвдисæг».
4 скъоладза. Уæдæ байхъусут, нæхи Абайты Васо та куыд загъта музыкæйы тыххæй, уымæ: «Зарæджы, музыкæйы æвдыст цæуы адæмы цард йæ цин æмæ йæ хъыгтимæ. Ирон адæмæн рагæй æрæгмæ дæр сæ цардимæ æмдзу кæны музыкæ. Музыкæйы фæрцы райхалы ирон лæг йæ æнусты фæндтæ æмæ бæллицтæ».
[pic] [pic] [pic]
5 скъоладза. Мæн та фæнды Шекспирæй бакæсын:
Кæй уды нæй сыгъдæг музыкæ,
Кæмæ нæ хъарынц йæ адджын мыртæ,
Уый бон у давын, стигъын, сайын;
Йæ уды змæлд у 'хсæвау талынг,
Йæ монцтæ сты Эребау сау,
Æмæ йыл, хъусыс, ма ууæнд!
Ахуыргæнæг: Тынг хорз, сывæллæттæ. Ныр та хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ куыд бамбæрстат, уый сбæрæг кæндзыстæм тестæй, КМ-скъоламæ бахизгæйæ.
(тест)
[pic]
[pic] [pic]
[pic] [pic]
[pic] [pic] \
[pic]
[pic]
Уæ алкæйы раз дæр ис текст, текст лæвæрд цæуы интерактивон фæйнæгыл дæр. Тексты сæмбæлдзыстут зынæмбарæн дзырдтыл æмæ сæ равзарæм.
[pic]
Фæйнæгыл: уæнгрогдзинад – бодрость
алæмæты – чудесные
агайынц – трогают
банкъары – чувствует
уæлныхты сисыс – лелеять.
Интерактивон фæйнæгыл фæзындис текст
[pic]
Текст скъоладзаутæй иу кæсы
[pic]
- Зæгъут-ма, тексты цæуыл цæуы ныхас?
(Тексты ныхас цæуы музыкæйыл, йæ æнæкæрон тыхыл…)
- Тексты автор, сымахмæ гæсгæ, цавæр адæймаг у?
(Тексты автор уарзы музыкæ, æмбары йæ, арф æй æнкъары).
- Цавæр хъуыдыйыл уæ æфтауы ацы текст?
(Музыкæ адæймаджы хуыздæр æмæ рæсугъддæр кæй кæны).
- Уæ зæрдæмæ фæцыд лæвæрд текст?
(О, фæцыд).
Кристинæ. Текст мæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ йæ хъуыдыимæ бынтон разы нæ дæн. Ис тынг бирæ адæм, кæцытæ нæ уарзынц музыкæ, хъаргæ дæр сæм нæ кæны, æмбаргæ дæр æй нæ кæнынц. Уыдон нымайынц, æнæ музыкæйæ дæр фæцæрæн кæй ис, уый.
Ахуыргæнæг: Дæ ныхасмæ гæсгæ мæм иу хъуыды фæзындис. Цæй æмæ саразæм чысыл быцæуныхас (дискусси), æмæ уæ хъуыдытæ зæгъдзыстут. Кæй уæ фæнды архайын, уый размæ рацæуæд. Быцæуныхас, Кристинæ, дæхæдæг амон.
[pic]
Кристинæ. Русик, ды куыд хъуыды кæныс?
Русик . Æз, Кристинæ, демæ разы нæ дæн. Музыкæ чи нæ уарзы, уый удæй у мæгуыр. Музыкæйы бон бирæ у, уый у æнусон. Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм Нарты Ацæмæзы. Уый-иу йæ сыгъзæрин уадындзæй куы цагъта, уæд-иу æм æнæхъæн æрдз дæр ныхъхъуыста. Йæ цагъдмæ-иу æрæмбырд сты сырдтæ, мæргътæ. Гæлæбутæ æмæ-иу мыдыбындзытæ ратæх-батæх систой дидинджыты алыварс. Хæхтæ-иу райдыдтой хъырнын, æнусон цъититæ та-иу тайын райдыдтой. Гъе, ахæм стыр тых ис æмæ уыдис музыкæйæн.
Кристинæ. Зауыр, дæ хъуыдытæ зæгъ ды дæр.
Зауыр. Мæн дæр фæнды иу ныхас зæгъын. Нæ номдзыд фыссæг Хетæгкаты Къоста уарзта музыкæ, уарзта зарын, кафын. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æмæ сагъæстæ цы чиныджы ныффыста, уый «Ирон фæндыр» дæр не схуыдтаид.
Кристинæ. Дæумæ та цы хъуыдытæ ис, Уырызмæг?
Уырызмæг. Уæдæ мæн дæр, Кристинæ, дæ ныхмæ фæлæууын фæнды. Хъуыды-ма кæнут, ахуыр кодтам Барахъты Гинойы «Бæстырæсугъд»? Канаты Афæхъо, хуымæтæг мæгуыр лæппу, æрцыд усгур Бæстырæсугъдмæ. Фысымтæ йæм ракастысты. Базыдтой йæ чи у, кæцæй у. Æмæ йыл нæ уыдысты тыхст. Бакодтой йæ уазæгдонмæ. Фæзынд дыккаг уазæг дæр. Уый уыд кæсгон æлдары фырт Исламаты Рашид. Кæрт иууылдæр æмызмæлд сси, лæггад ын кодтой. Уыцы рæстæг Канаты Афæхъо къулыл ауыгъдæй ауыдта фæндыр. Райста йæ æмæ дзы цæгъдын райдыдта. Фæндыр сдзырдта алы æвзагыл. Уыцы диссаджы цагъдмæ иууылдæр æруадысты хæстæг. Кæсгон æлдары фырт иунæгæй баззад бадгæ. Бæстырæсугъд дæр фехъуыста фæндыры цагъд æмæ барвыста Канаты Афæхъомæ разыйы дзуапп. Гъе, ахæм тых ис музыкæйæн, Кристинæ.
Кристинæ. Хорз, байхъуыстам уын уæ хъуыдытæм. Фæлæ нæм абон цы уазджытæ ис, уыдон та куыд хъуыды кæнынц? Музыкæйæн йæ бон бирæ у æви нæ? Ис æм тых?
[pic]
Уазæг (…………………….………..)
Кристинæ. Бузныг уын, ныр та байхъусæм, нæ ахуыргæнæг куыд хъуыды кæны, уымæ.
[pic]
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, æнæмæнг, музыкæйæн, уæлдайдæр та ирон фæндырæн ис æгæрон тых. Уый айнæг дуры дæр къæртгай фæхауын кæндзæн. Абоны урочы мæнæн мæ бон нæу нæ зæгъын, Цхинвалы цы æбуалгъ хъуыддаг æрцыд, ууыл. Гуырдзыйы лæгмартæ æхсæвыгон ихуарæгау ныккалдтой сармадзанты нæмгуытæ нæ хуссайраг æфсымæртæ æмæ хотыл. Басыгътой хъæутæ, фæмардтой сывæллæтты æмæ зæрæдты. Сæ зæрдæты бацыди стыр маст æмæ рис. Æмæ уæд не 'мзæххон, музыкæйы гени, зындгонд дирижер Гергиты Валерий сласта йæ зындгонд Мариины театры оркестр Цхинвалмæ, цæмæй адæмы зæрдæтæн сæ рис, сæ маст, сæ катай фæмынæгдæр кæна, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.
[pic]
[pic] [pic]
Интерактивон фæйнæгыл фæзынд Гергиты Валерийы Цхинвалы концертæй скъуыддзаг.
Ахуыргæнæг: Стыр разыйæ баззадысты Цхинвалы адæм концертæй. Уымæн æвдисæн уыдис 10- минуты дæргъы тыхджын къухæмдзæгъд кæй сарæзтой, уый.
- Уœдœ Сирийы цы œбуалгъ митœ œрцыд œмœ цœуы, уыдон уœхœдœг хъусут œмœ уынут œрвыл изœр дœр телевизорœй. Ардœм дœр та Гергийы- фырт фœдисонау ныххœццœ йœ оркестримœ œмœ Пальмирœйы радта стыр œрдхœрœны концерт. Æнœхъœн дуне дœр дисы бафтыдис Валерийы ацы диссаджы œрхъуыдыдзинадыл.( оркестры нывтœ Сирийы) Ам дœр та музыкœйы œлутон зœлтœ адœмы зœрдœты хъœдгœмттœн œвдадзы хос фœцис.
Гъе, ахæм тых ис музыкæйæн, Кристинæ! Бузныг, сбадут.
- Ныр та æркæсут текстмæ æмæ дзы ссарут хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, сæ быны сын бахахх кæнут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уымæ гæсгæ.
[pic]
Интерактивон фæйнæгмæ рауайдзæн Уазиты лæппу.
[pic]
- Тексты æмхуызон уæнгтæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты?
(Æххæстгæнæнтæ, зæгъинæгтæ, бæрæггæнæнтæ, фадатон дзырдтæ).
- Куыд баст сты кæрæдзийыл æмхуызон уæнгтæ?
(Интонацийы æмæ бæттæгты руаджы).
- Интонацийы фæрцы баст кæм сты, уыдон фысгæйæ куыд рахицæн кодтам?
(Къæдзыгтæй).
- Цавæр бæттæгæй баст сты æмхуызон уæнгтæ тексты?
(æмæ-йæ).
- Къæдзыг æвæрæм?
(Нæ).
- Уæхæдæг ма æрхъуыды кæнут цыбыр хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ.
1.
2.
[pic]
Ахуыргæнæг: Рафыссут 7-æм хъуыдыйад æмæ йæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
[pic]
-Æркæсут-ма текстмæ æмæ зæгъут, текстæн йæ сæйраг хъуыды кæцы хъуыдыйады æвæрд ис? (12).
[pic]
- «Дæ уæлныхты сисыс» та цы у?
(Фразеологон дзырдбаст).
- Иу дзырдæй ма йæ зæгъут.
(Рæвдауыс).
- 12-æм хъуыдыйад та цавæр хъуыдыйад у?
(Иувæрсыг, бæлвырдцæсгомон).
- Цæмæй нæ хъус тынгдæр æрдарæм музыкæйы темæмæ, уый тыххæй автор цавæр хъуыдыйадæй спайда кодта?
(Иувæрсыг, номхуындон хъуыдыйад – Музыкæ-йæ).
- Зæгъут-ма, музыкæ кæй фæрцы сырæзы, чи йæ саразы?
(Композиторты фæрцы).
- Кæй зонут зындгонд композитортæй?
(Бах, Бетховен, Моцарт, Чайковский…..).
- Ирон композитортæй та?
(Æлборты Феликс, Махъоты Ацæмæз, Хæбæлаты Зинаидæ…)
- Ныр та фæйнæгмæ рауайдзысты 2 скъоладзауы. Русик, æвзарыс дзырд агайы ныхасы хæйттæм гæсгæ. Эммæ, ды та фонетикон æвзæрст кæныс дзырд базыр-æн.
[pic]
[pic]
[pic]
Ахуыргæнæг: Уæдæ цæмæй музыкæ фехъусæм, уый тыххæй та йыл чи бакусы?
(Музыканттæ, фæндырдзæгъдджытæ).
- Кæй зонут зындгонд музыканттæй та?
(Юрий Башмет,…., ирон фæндырдзæгъдджытæ: Мыстулаты Ирæ, Гæздæнты Булат, Реуазты Симæ, Дзуццаты Сослан…).
- Уæдæ бирæ музыканттæ куы рабадынц æмæ куы фæцæгъдынц, уæд уыдон иумæ куыд хуыйнынц?
(Оркестр).
- Разамынд та йын чи фæдæтты?
(Дирижер).
- Кæй зонут зындгонд дирижертæй та?
(Дудараты Вероникæ, Гергиты Валерий, Гæздæнты Булат).
- Зæгъут-ма, æнæ цæмæй нæй цæгъдæн?
(Æнæ музыкалон инструменттæ).
- Цавæр музыкалон инструменттæ зонут? Ахуыр сæ кодтам ТКО-йы урочыты.
(Хъисын фæндыр, дала-фæндыр, 12-тæнон фæндыр, къандзел фæндыр, уадындз, къæрцгæнæн, фæндыр…).
[pic] [pic]
- Хорз. Ныр та уæ чи рауайдзæн фæйнæгмæ æмæ дзырдтæ равзардзæн дзырды хæйттæм гæсгæ.
Марианнæ: уæнгрогдзинад, сыгъдæгдæр, банкъары.
[pic]
Ахуыргæнæг: Музыкæйæн йæ ахадындзинад стыр у. уый бæрæг у уымæй, æмæ дзы пайда кæнынц адæмон хæдзарады алы къабæзты дæр. Суанг ма хъæууон хæдзарады дæр. Афтæ Хæтæлдоны ис Агропром Холдинг Мастер-Прайм «Березка», зæгъгæ. Уым хъуццыты куы фæдуцынц, уæд сæвæрынц сабыр музыкæ. Уыдон æрсабыр вæййынц æмæ æнæхъæнæй раттынц се 'хсыр. Музыкæйы фæрцы æхсыры æрдыгъд кæны бæрзонддæр.
[pic]
Ахуыргæнæг: Ныр та сфæлдыстадон куыст бакæнæм. Кусæм дыууæ къордæй. Уæ разы ис фæйнæ сыфы, кæцы ран хъуыдыйад райдыдта афтæ: «Музыкæйæн ис алæмæты тых, уымæн æмæ…» Сымах æй хъуамæ ахæццæ кæнат, фæлæ дзы хъуамæ уа хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ
. [pic]
1-аг къорд …, уымæн, æмæ адæймаджы кæны рæсугъддæр, сыгъдæгдæр æмæ амондджындæр.
2-аг къорд…, уымæн æмæ æрбайсафы адæймагæн йæ рис, йæ хъыг æмæ йæ фæллад.
[pic] [pic]
Ахуыргæнæг: Афтæмæй, цæуыл ныхас кодтам нæ урочы?
(Нæ урочы ныхас кодтам музыкæйыл, йæ æгæрон тыхыл, æвзæрстам хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ).
- Уæдæ цы хонæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ?
- Цæй фæрцы баст сты?
- Цавæр хатдзæгмæ уæ æркодта урок?
(Музыкæйы бон бирæ кæй у. адæймаджы кæй кæны удæй сыгъдæгдæр, рæсугъддæр. Мах хъуамæ уарзæм музыкæ, аргъ кæнæм нæ аивадæн, зонæм, Ирыстонæн кад чи кæны, аивады уыцы зындгонд адæмы).
Музыкæ (фæндыр).
Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Æцæгæйдæр, музыкæйæн аргъ нæй. Уый у тыхдæттæг. Рæстæг цæудзæн, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты. Æнæмæлгæ дуне нæй. Адæймаг мæлдзæн, музыкæ та цæрдзæн. Мæнгæн нæ загъта Гергиты Валерий: «Музыкæ – æнусон. Адæм амæлынц, музыкæ та – нæ».
Хæдзармæ куыст. Ныффыссын чысыл нывæцæн-миниатюрæ «Музыкæ мæ царды».
Бæрæггæнæнтæ: ……….
[pic] [pic]