Открытый урок: Подготовила Гаглоева С.А. 2014г.
Гом урочы нывæст: уч.осет. языка и литературы.
МБОУ СОШ №37
[pic]
Урочы темæ: (а) Уацамонгæ.Священная чаша нартов.
(æ ) Уастырджи-лæгты дзуар. Святой Георгий-покровитель мужчин.
(б)Ирон чъириты нысаниуæг.
Урочы нысан. 1.Раттын ахуырдзаутæн арфдæр зонындзинæдтæ цы у «Уацамонгæ».
2.Арфдæр сæ базонгæ кæнын нуазæн дæттыны æгъдæуттимæ.
3.Куыд кувын хъæуы лæгты дзуармæ, хи йыл куыд фæдзæхсын хъæуы.
(Дать более глубокие знания уч.ся о священной чаше нартов, более глубже познакомить с национальными традициями:произношение тостов, почетный бокал).
Урочы фæлгонц: (а) Уацамонгæ.Священная чаша.
(æ) Дурын æмæ сыкъа.Кувшин и бокал.
(б) Уастырджийы ныв.
Урочы цыд:Ход урока.
1.Организацион хай. Организационная часть урока.
2.Бацæттæгæнæн рæстæг. Время подготовки к уроку.
3.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.Опрос д/задания.
(Урок амонынц скъладзаутæ):
Скъоладзауты раныхас:
Ирон адæм куы равзæрдысты уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц сæ хорз æгъдауы, æфсарм æмæ л æгдзинады руаджы.Ирон адæмы æгъдæуттæй иу дæр æвзæр нæу.Уыдон сты сæ цæсгом æмæ сæ удварн.Хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм нæ ирон æфсарм, нæ фынджы рæсугъд æгъдæуттæ,нæ диссаджы бæрæгбæттæ, уыдон сты адæмон хæзнатæ.
(Слушают песню «Уастырджы»)
Фарст: Зæгъут-ма, цæмæн хонæм «ноябрь»- «Джеоргуыбайы бон».(Почему мы называем месяц ноябрь именем святого Георгия.)
Дзуапп: Уымæн æмæ ноябры 3-аг хуыцаубоны у ирон адæм стыр кад кæмæн кæнынц уыцы дзуæрттæй иу- «Уастырджи».
Фарст: Кæй дзуарыл нымад цæуы Уастырджи?»(Чьим покровителем считается этот святой?.)
Дзуапп: Уый у нæлгоймæгты дзуар, бæлццæтты, хæстонты фæндаграстгæнæг ,мæгуыртæн æххуысгæнæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр йæхи фæдзæхсы.
Фарст: Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы куыдæй?(Как начинается празднование праздника?.)
Дзуапп: Райдайы галæргæвдæнæй (хуыцаубон бон), ахæссы къуыри.Скæнынц æртæ чъирийы, йæ райдайæны æмæ йæ рвитæн бон дæр.
Фарст: Цавæр афæдзы афон вæййы бæрæгбон?.(Какое время года отмечается праздник?.)
Дзуапп: Уастырджийы бæрæгбонтæ æрцæуынц фæззæгмæ.
Скъоладзауты раныхас:
Уæдæ байхъусæм чысыл хъусынгæнинагмæ:Послушаем информацию о Святом Георгии.
(Презентация)
Скъоладзау:
Джеоргуыба — день Cвятого Георгия или, как его называют осетины,Уастырджи Празднуется ежегодно в последнюю неделю ноября и длится в течение недели, поэтому праздник иногда в шутку называют осетинскими олимпийскими играми. Начинаются празднования с понедельника, а в воскресенье перед началом праздника, по традиции каждая семья приносит в жертву Богу какое-либо животное (быка, овцу). Осетины, чтят своих дзуаров (святых), но особо почетное место в пантеоне осетинских святых, занимает Уастырджи — покровитель мужчин, путников, защитник слабых и обездоленных, учитель молодежи. Осетин, где бы он ни находился и что бы он ни делал, обязательно заручится поддержкой Уастырджи. За столом традиционно первый тост (обращение) произносится к Всевышнему (Стыр Хуыцау), второе к его посланнику Уастырджи. Глава семьи поручает его попечительству свою семью, род и просит благополучия, мира и счастья для всех. В каждый дом в течение недели обязательно приходят соседи, друзья, родственники.
Скъоладзау:
В пантеоне осетинских божеств Святой Георгий — единственный, кто общается с народом, ведет такой же образ жизни, как простой горец. Является посредником между богом и людьми. Место пребывания Уастырджи — небеса. Перед богом «Хуыцау» он заступается за бедных и обиженных людей и просит для них у него всяких даров. К нему обращались в самых разных обстоятельствах жизни; он насылал болезни на провинившихся людей; его именем проклинали, благословляли друг друга.
Люди наделили любимое божество лучшими человеческими качествами, чтобы показать свое доброе расположение, называют его «Золотой Уастырджи», «Великий Уастырджи», «Золотокрылый Уастырджи». В их воображении он предстает высоким, стройным седобородым мужчиной, восседающим на белом коне. Женщины, не смея произносить его имя, обращаются к нему «Лагты дзуар» — «Покровитель мужчин», но они на это не сетуют, ведь их мужчины тоже путники и воины, находящиеся под оком Уастырджи, а благополучие мужей — это залог мира и процветания в семье.
В Осетии нет такого ущелья, такого селения, где бы не было святилища в честь Уастырджи.Уастырджи был так почитаем предками, что даже месяц, на который приходился его праздник, называли «Джеоргуыбайы май» — месяц Джеоргуыба. Поскольку праздник продолжается неделю, то эта неделя носит название «Неделя поклонения Уастырджи».
Скъоладзау.
Джеоргуыбайы бынат иннæ бæрæгбæтты ’хсæн(Место святого Георгия среди других божеств.)
Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Фæлæ уыцы дзуæртты ’хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы [link] – это больше, чем просто еда. За их созданием скрывается очень серьезный религиозный, ритуальный контекст. И хотя купить их вы, как правило, можете в шаговой доступности от вашего дома, знать об их культурной ценности не помешает.
Почему именно 3 пирога на одной тарелке?
Выбор числа три, конечно, не случаен. По одной версии оно символизируют собой 3-х мерное строение мира (Бог, Солнце и Земля). Для траурного застолья на тарелку выкладывалось лишь 2 пирога, обозначающих Бога и Землю. По другой версии 3 – это число Святой Троицы (Отец, Сын и Святой Дух).
Обряд с 3-мя лепешками получил свое распространение еще во времена христианизации Алании (приблизительно 4-14 века). Таким образом, многие жители России и СНГ становятся участниками священного ритуала, сами того не осознавая.
Религиозный подтекст во всем.
Значение имеет и форма: треугольник символизирует Святую троицу, а круг – землю. Осетины придают особое значение и способу подачи пирога. Первоначально его резали на четыре части (деление по форме креста). После этого его можно было уже разделить на восемь частей и начинать угощать гостей.
[pic]
Скъоладзау.
Фынджы гъдæуттæ æмæ æртæ чъирийы:Фендджын адæймæгты хъудымæ гæсгæ чъиритæ нымад уыдысты фынджы сæйрагдæр бæркадыл.Уыдысты тымбылтæ,фæлæ- иу кæцыдæр рæстæджыты кодтой æртæдзыхонтæ. Нæ фыдæлтæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ зонæм,уыдон сты: Хуыцау, хур æмæ зæхх.
Фынгыл алцыдæр куы æрæвæрынц,уæд хистæр уæллаг æмæ астæуккаг чъиритæ фæиртасы æмæ скувы хуыцау æмæ йæ сконд зæдтæм.
Чъиритæ сты æрдзы æмæ дунейы нысантæ,æмæ уæллаг дыууæ чъирийы фезмæлын кæнгæйæ,хистæр Хуыцау æмæ хуры нысаниуджытæ фæхицæн кæны.Уыдон сты иу дунейы хæйттæ.
Хистæр куы акувы,уæд æппæты кæстæр бæгæныйæ ацаходы,уæллаг чъирийы кæронæй акомдзаг кæны.
Утæппæт бæркадæй Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæм кæй скувынц,уымæ гæсгæ уæллаг чъири Хуыцауы комытæфдзыд свæййы æмæ дзы ацаходынц.
Зианы фынгыл чъиритæ æвæрынц къæйттæй.Астæуккаг чъири айсынц, ома мардæн ахуыссыд йæ хур.
Хистæр æртæ чъирийæ куы скувы æмæ нæлгоймæгты кæстæр куы саходы, уæд алыг кæнынц чъиритæ.
(схема разрезания пирогов,произношение тостов в честь всевышнего и покровителя мужчин.Показывается весь обряд.)
[pic]
Куывдтытæ
НЫВОНДЫ КУЫВД ДЖЕУÆРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН
- Стыр Хуыцауы хорзæх нæ уæд!
- Оммен, Хуыцау!
- Кæддæриддæр нын æххуысгæнæг куыд уа,
Уыцы амонд нæ уæд!
— Бæрæгбон у, æмæ ныл афæдзæй-афæдзмæ домбайдæрæй куыд цæуа, Уыцы амонд нæ уæд!
—Уастырджийы бонтæ сты, æмæ Уастырджи хуыздæр ахъаз кæмæн ракодта, Мах дæр уый æмбал куыд уæм, Ахæм амонд нæ уæд!
— Бинонтæ стæм, æмæ домбайдæр бинонтæ чи фæци. Стыр Бæрзонд Хуыцау хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодта, Мах дæр уыдон æмбал куыд уæм, Ахæм хорзæх нæ уæд!
— Уæдæ нын сыхбæстæ ис æмæ уыцы сыхбæстима-кæрæдзийы æмбаргæйæ, уарзонæй куыд цæрæм, Ахæм амонд нæ уæд!
— Нæ хистæртæ амондджынæй, хъæлдзæгæй сæ кæстæр ты циндзинадæй æфсæст куыд уой!
— Бæрæгбон у, æмæ хистæртæн Хуыцау ахæм ахъаз бакæнæд, Æмæ сæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдæр, амондджынæй-амондджындæр куыд кæной!
— Уæдæ афæдзæй-афæдзмæ кусæрттæ фæкæнæм, Æмæ сæ Стыр Хуыцау йæхимæ адджынæн кæмæн айста, Мах дæр уый æмбал цы фæуæм, Уастырджи нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уа. Ахæм хорзæх нæ уæд!
— Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис, Уыдон нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, Ахæм амонд нын Хуыцау раттæд!
— Уæдæ, бæркадджын куыд уæм кæддæриддæр, Уыцы амонд нæ уæд!
— Дуне сабыр куыд уа, зæххы къорийыл адæм сæ кæрæдзийы куыд уарзой, Уыцы амонд нæ уæд!
— Къæсæры Уастырджи нын нæ къæсæр домбай куыд кæна, Нæ фæндæгтæ та — рухс, Уыцы амонд нæ уæд!
— Гъеныр, уазæгæй чи 'рбамбæлди, хæстæгæй чи 'рбамбæлди,
Уыдон дæр амондджын куыд уой, Уыцы хорзæх нын ратт.
— Кусæрттаг хъабыл уæд, Афæдзæй-афæдзмæ амондджын бæрæгбæттæ куыд кæнæм, Уыцы амонд нæ уæд!
— Оммен чи загъта, уыдоны цардамонд дæр бирæ уæд!
— Оммен, Хуыцау!
Закрепление материала:
Армæг ныффидар кæнын:
(Фарстытæн дзуапп дæттынц;)
1.Чи æрхъуыды кодта «Уацамонгæ»?
3. Артæ чъирийы нысаниуæг?
2.Кæмæн уыд бар нуазынæн уыцы диссаджы нуазæнæй?
4.Уастырджийы нысаниуæг ирон адæмæн?
(песня)
(Ахуыргæнæджы раныхас, бæрæггæнæнтæ сæвæрын,хатдзæгтæ скæнын урокæн.)
Х/куыст:1.Хи ныхæстæй дзур текст чиныджы фарсыл.
2.Тетрады ныффысс ирон адæм цавæр дзуæрттæм куывтой, сæ нæмттæ.