Конспект урока по осетинскому языку по пройденному материалу (8 класс)

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...



Кълас: 8 А, Б, В, Г, Д

Темӕ: Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын


Урочы нысантӕ:

1. Фӕлхатын рацыд ӕрмӕг, зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын рацыд грамматикон темӕтӕ; ныхасы рӕзтыл куыст;

2. Рӕзын кӕнын скъоладзауты логикон хъуыдыкӕнынад;

3. Гуырын кӕнын скъоладзаутӕм уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ тырнындзинад дзурын иронау.


Урочы ифтонгад: презентаци;

карточкӕтӕ


Урочы хуыз: урок-балц


Урочы цыд:


I. Организацион хай:

Сбӕрӕг кӕнын скъоладзауты цӕттӕдзинад урокмӕ.


II. Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын:


1. Фонетикон хæслæвæрд:


Тагъддзуринаг:

  • Хъымыхъхъыгæн, хъæлмыхъагæн, Хъахъхъæдуры хъæдгæсæн хъаматæ скодта Хъаурбег.

Бамбарын кæнын тагъддзуринаг, фыццаг кæсы ахуыргæнæг, стæй ахуырдзаутæ иууылдæр иумæ, уый фæстæ иугай.


2. Орфографи.


1) Сраст кӕн рӕдыдтытӕ:

Мӕргъттӕ, хӕслӕвӕрддӕ, зарджытӕ, хъӕласттӕ, кӕрӕтӕ, бирагъттӕ, чызджыттӕ, аргъӕутӕ, къуыбӕртӕ, митгӕлӕбутӕ.


3. Лексикӕ.

а) Карточкӕтыл ирон дзырдтӕ. Архайынц дыууӕ скъоладзауы. Иу ӕмбарын кӕны карточкӕйы цы дзырд ис, уый, иннӕ хъумӕ базона цы дзырд ӕмбарын кӕны, уый.


Карточкӕ:


дӕсны

митгӕлӕбу

хӕцӕнгарз

нывгӕнӕг

уари

фурд

бӕрӕгбон

дзоныгъ


Митын Дада

их

митын къуыбар

тымыгъ

арс

фӕлмӕн

хъазт

къахдзоныгътӕ


4. Грамматикæ.


1. Сæвæр хъæугæ ран бæттæг дзырдтæ кæй – уый .


а) Хæфсытæ ____ бамбæрстой _____, тæрхъус____ æрбацыди____;

æ) Уæртджын хæфс ____ бамбæрста ____, сырдтæ ____ йæ кой кæнынц____.


Цавæр хъуыдыйæдтæ сты?


2. Сараз домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ (условное придаточное). Бæттæг дзырдтæ бакæн тымбылæджы .


а) Уæртджын хæфс кæд æрæгмæ цæуа, уæд сырдтæ … (смæсты сты).

æ) Зымæг кæд фæуа …



5. Зæгъ иронау (фæлхатын бадзырдон здæхæн):

а) – Пусть идет на улицу.

Сперва пусть … .

æ) Пусть не говорит на другом языке в доме.

б) Пусть счастье и благополучие приходят в дом!

IV. Хæдзармæ куыст.

Фæлхатын рацыд æрмæг:

  • номдарты растфыссынад бирæон нымæцы;

  • домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ;

  • мивдисæджы здæхæнтæ.

V. Хатдзæгтæ æмæ кæронбæттæн.