Конспект урока по осетинскому языку на тему Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ (7 класс)

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...




44-æм скъола

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты методикон иугонд

Гом урок

Темæ:Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.

Грамматикон темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.

[pic]





Ахуыргæнæг:Къадзты И.С.



Дзæуджыхъæу

Урочы темæ: Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.

Грамматикон темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.

Кълас: 7


Урочы нысантæ:

  1. Фæлхатын номдар, сæрмагонд номдартæ æмæ сæ пайда кæнын ныхасы мидæг; текстæн анализ кæнын;ныхасы рæзтыл кусын.

  2. Рæзын кæнын скъоладзауты логикон хъуыдыкæнынад, цымыдисдзинад æмæ къордты кусыны фæлтæрдтæ;

  3. Гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ, æндæр бæстæтæн аргъ æмæ кад кæнын.


Урочы ифтонгад: техникон фæрæзтæ (интерактивон фæйнæг), хæслæвæрдтæ карточкæтыл.


Урочы цыд:


  1. Организацион хай.

А) Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;

Æ) Радгæс дзуры абоны нымæц, къуырийы бон æмæ боны хъæды тыххæй;

  1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

А) Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой æртæ презентацийы. Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты, сырдтæ æмæ зайæгойты тыххæй.

Ахуыргæнæджы ныхас:

Сымах абонмæ бацæттæ кодтат презентацитæ Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты, сырдтæ æмæ зайæгойты тыххæй. Æмæ, табуафси, хъусæм уæм.

Скъоладзаутæ æвдисынц сæ презентацитæ; байхъусын скъоладзаутæм;


Æ) Ног лексикæ фæлхатын.

Амæй размæ урочы базонгæ стæм ног лексикæимæ æмæ йæ нæ зæрдыл æрлæууынкæнæм. Æмæ ныхасы рæзтыл дæр бакусæм диалогтæ аразыны фæрцы.

Диалогтæ:

1)- Какие полезные ископаемые есть на Кавказе?

- На Кавказе есть нефть, газ, каменный уголь.

- А в горах Осетии какие полезные ископаемые есть?

- В горах Осетии есть руду и цинк.

2)- Какие республики граничат с Северной Осетией?

- С Северной Осетией граничат Кабардино-Балкария, Ингушетия и Южная Осетия.


1)- Цавæр æрдзон хæзнатæ ис Кавказы?

- Кавказы ис нефть, газ æмæ дурæвзалы.

[link]

Шъэуей

КиндаШоа

-

Щэуей

Къарашауай



- Абоны урокмæ мæнмæ ис хæслæвæрдтæ Нарты хъайтартæй.

1. Сырдоны хӕслӕвӕрд.

Лӕвӕрд хъуыдыйӕдты ссарын рӕдыдтытӕ, сраст сӕ кӕнын ӕмӕ рафыссын.

- Мæнæ-ма кæсут хинæйдзаг Сырдон дæр æрбарвыста нын хæслæвæрд. Ницы иртасут?

Дзуапп: О, хъуыдыйæдтæ фыст сты рæдыдтимæ.


а) Цæгат Ирыстон хауы Уæрæсемæ æмæ дзы ис цалдæр республикæйы: цæгат Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъæрæсе-черкес, кæсæг-Балхъар, Цæцæн æмæ дагестан.

æ) Цæгатырдыгæй Кавказимæ сыхагиуæг кæнынц Ростовы область, краснодар æмæ стъараполы крайтæ, хъалмыхъы Республикæ.



2. Ацӕмӕзы хӕслӕвӕрд:

Лӕвӕрд дзырдты къордты ссарын хицӕндзинӕдтӕ. Иу къорды ис дзырдтӕ кавказаг дамгъӕтимӕ, иннӕ къорды дзырдтӕ ӕнӕ кавказаг дамгъӕтӕй.

- Ацæмæзæн ис музыкалон ӕмбарынад. Уый нын æрбарвыста мæнæ ацы дзырдтæ (слайд) æмæ фæрсы: «Цы иртасут ацы дзырдты къордты ахсæн?»:

А) Мæсыг, Кавказ, хæхтæ, диссаг, кæнын, фидар, мӕсыг;

Æ) Хæдзар, Хъазыбеджыхох, дынджыр, сычъи, хъæбатыр, къона.

Дзуапп:Дыккаг къорды дзырдты ис кавказаг дамгъæтæ.

- Ноджы фӕбӕлвырддӕр ис нӕ дзуапп. Кавказаг дамгъӕтӕ дӕр иу кӕнынц кавказы адӕмыхӕттытӕ, кавказы ӕвзӕгтӕ.


3. Къордтæй куыст.

Сослан ӕмӕ Батрадзы хӕслӕвӕрд:

  1. Баххæст кæнын тӕблицæ текст «Кавказ»-ы мидисмӕ гӕсгӕ:

  2. Бацамонын картæйыл бӕлвырд республикӕ .

-Сослан ӕмӕ Батрадз арæх фæцæуынц балцыты æмæ нын дæттынц ахæм хæслæвæрд: Таблицæ баххæст кæнут раст дзуаппытӕй текстмæ гæсгæ. Уый фæстæ та картæйы раст бацамонут республикæты æмæ иннæ бæстæты бынæттæ.

Кавказ

Хуры скæсæнырдыгæй

Хъаспы денджыз

Хурыныгуылынырдыгæй

Сау денджыз

Йæ хæйттæ

Цæгат Кавказ, Фæскавказ

Цæгат Кавказы республикæтæ

Цæгат Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъæрæсе-Черкес, Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл, Цæцæн æмæ Дагестан

Фæскавказы паддзахæдтæ

Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомихы бæстæ

Разкавказ

Ростовы область, Краснодар æмæ Стъараполы крайтæ, Хъалмыхъы Республикæ

Бæрзонддæр хох

Хъазыбеджы хох, Эльбрус

Хохы бæрзæнд

5033 м., 5642 м.

Кавказы хъæздыгдзинæдтæ

Нефть, газ æмæ цинк

Кавказы фаунæ

Дзæбидыртæ, сычъитæ,сагтæ æмæ сæгуыттæ












5. Сатанайы хӕслӕвӕрд:

- Уымæй размæ урочы уын бафæдзæхстон ссарын куыд баст сты дзырд «фынккалгæ» æмæ Нарты кадджытæй иу кадæг. Уый уыди Сатанайы хæслæвæрд æмæ йæ бацæттæ кодта Маринæ.

- Табуафси, Маринæ.

  1. Хæдзармæ куыст: Саразут экскурсийы маршрут Кавказыл, Ирыстоныл, Дзæуджыхъæуыл. Зæгъæм, цавæр бынæттæ æнæмæнг хъуамæ фена уазæг?

Хæдзармæ куыст бамбарын кæнын.


  1. Кæронбæттæн.

Бæрæггæнæнтæ радзурын.

Рефлекси:

- Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд ацы урок…

- Уæлдай тынг мæ зæрдæмæ фæцыд…

- Мæ зæрдæмæ фæцыд/нæ фæцыд…

- Зынгомау мæм фæкаст…

- Цымыдисаг хæслæвæрд уыдис…


- Бузныгуеппӕтӕн!

7