Конспект урока по осетинскому языку

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Урочы темæ: Дзырд.Хъуыдыйад.

Урочы нысантæ: 1. Базонгæ кæнын сабиты «Ирон æвзадджы чиныг»-имæ.

2. Бацамонын нæ ныхас хъуыдыйæдтæй арæзт кæй у;дзырдтæ хъуыды-

йады мидæг кæрæдзиуыл хъуыдымæ гæсгæ баст кæй сты.

3. Хъомыл сæм кæнын тырнындзинад ахуырмæ.

Урочы цыд:

1.Саразын беседæ сæ ахуыргæнæн чиныджы тыххæй.

А) Бамбарын кæнын сабитæн чиныджы хицæндзинæдтæ, цавæр куысты хуызтæ дзы æххæст кæндзысты, цы бызондзысты.

Б) Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты,

Нæ ирон мадæлон æвзаг! /Челæхсаты Хъ./

2. Сыгъдæгфыссынад: Аа,Ææ

Абетæ,æмбал,абон,æврæгъ

3. Нывмæ гæсгæ куыст (1-аг фæлт.)

А) Саразын беседæ ахæм темæйыл «Нæ кълас». Абарын нывы æмæ къласы дзауматæм.Сæ хъус сын æрдарын фæрстытæ чи? æмæ цы?-й дзуапп дæттæг дзырдтæм.

Дзуапп раттын чиныджы фæрстытæнæн.

Æ) Равзарын æмдзæвгæйы скъуыддзаг (2-аг фæлт.)

Бакæсын æмдзæвгæйы скъуыддзаг, радзурын æй сабитæн æнæхъæнæй; йæ темæ йын сбæрæг кæнын.Зæрдыл æрлæууын кæнын Къостайы æмдзæвгæтæй 1-аг къласы кæй ахуыр кодтой, уыдон.

Сæххæст кæнын фæлтæрæн йæ домæнтæм гæсгæ.

Иумæ хъæрæй кæсынц зæрдылдаринаг.

Б) Сбæрæг кæнын дзырдты бастдзинад (3-аг фæлт.)

Равзарын хъуыдыйад фæрстытæм гæсгæ. Иумæ хъæрæй кæсынц зæрдылдаринаг.

В) Уæлæмхасæн æрмæг.

Æрхъуыды кæнын скъолаймæ баст хъуыдыйæдтæ, сбæрæг кæнын дзырдты бастдзинад хъуыдыйады мидæг, раттын фæрстытæ хъуыдыйады сæйраг хъуыды æвдисæг дзырдтæ.

4. Хатдзæгтæ скæнын.

Бамбарын кæнын дзырдты бастдзинад хъуыдыйады мидæг. Сбæрæг кæнын куыд бамбæрстой хъуыдыйад æмæ дзырды хицæндзинæдтæ, уый.

5. Хæдзармæ куыст:

Ф. 5, фæлтæрæн №4.