Конспект урока по осетинской литературе на тему Плиты Харитон «Найынмæ».

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


Темæ: Плиты Харитон «Найынмæ».

Нысан: 1. Сæрды мысинæгтыл æрдзурын скъоладзаутимæ.

2.Зонгœ кœнынц ног œмдзœвгœимœ.

3.Аив кœсыныл архайын; кæсыны арæхстдзинад фæлтæрын.

Урочы цыд:

1. Организацион хай.

2. Саразын беседæ 4-æм къласы кæсыны чиныджы хæстыл;æрдзурын йæ арæзтыл; сæ размæ цы хæстæ уыдзæн, уыдон сын бамбарын кæнын.

3. Æрдзурынсæоды мысинæгтыл.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ сæрдыгон бонтæ куыд, кæм æмæ кæимæ арвыстой, уыдæтты тыххæй.

4. Зонгæ кæнынц æмдзæвгæимæ.

а) Кæсынц æмдзæвгæ сæхинымæр;

æ) Раиртасын æмдзæвгæйы мидис;

б) Дзырдуатыл бакусын:

къордгай – цалдæргæйттæй; малы – арф доны; уæлбыл – доны был; уæнгрогæй – цæрдæгæй (подвижно, шустро).

в) Кæсынц æмдзæвгæ радыгай хъæрæй

5. Аулæфт.

6. Æмдзæвгæйы мидисыл куыст.

- Цавæр афоныл цæуы ныхас?

- Сабитæ хъæлдзæг сты, уый кæцы рæнхъытæй бамбарæн ис?

- Куыд æрвитынц сæ рæстæг сывæллæттæ?

7. Æмдзæвгæйы аивгæнæг мадзæлттæ ссарын.

Æркæсут лæмбынæг чиныгмæ æмæ дзы ссарут олицетворенитæ (æнæуыд предмет уыдгоймаджы миниуджытæй хайджынæй).

Райы бæстæ – куыд ис æндæр хуызы зæгъæн? (худы, цин кæны,

хъæлдзæг у).

- Ахæм миниуджытæ ис кæмæ? (адæймагмæ)

- Бæстæйæн у йæ бон афтæ кæнын?(худы бон, заргæ згъоры дон)

8. Практикон куыст.

а) – Лæвæрд дзырдтæн ныффыссут сæ антонимтæ (фæйнæгыл):

рæсугъд – фыдуынд

сыгъдæг – чъизи

хъарм – уазал

арфæн – тæнæгæн

æ) – Ссарын нывы æмдзæвгæйы кæцы рæнхъытæ æвдыст сты, уыдон æмæ сæ бакæсын.

9. Æрмæг фидар кæнын.

Кæсынц ма иу хатт æмдзæвгæ.

10. Урочы кæронбæттæн.

11. Хæдзармæ куыст: ф.6, аив кœсын æмдзæвгæ.