Урок № 3
Урочы темæ: Æмхъæлæсон дамгъæ « С – с »
Урочы нысантæ:
Ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.
Ног æрмæгæй ныхасы мидæг пайда кæныны фæлтæрддзинад рæзын кæнын
Хæрзæгъдау, уæздандзинад – адæймаджы хуыздæр миниуджытыл æфтауын.
Урочы хæстæ:
Ахуыргæнинæгты дзырдуат ног лексикæйæ фæхъæздыгдæр кæнын.
Ног лексикæйæ ныхасы мидæг раст пайда кæныны фæлтæрддзинадыл кусын
Ахуыргæнинæгты фонетикон культурæйыл бакусын
Ахургæнинæгты ныхасы рæзтыл кусын.
Урочы фæлгонц æмæ æрмæг:
Чиныг, къухфыст
Ног дзырдтæ бахъуыды кæнынæн æххуысæн – нывтæ
Фонетикон культурæйыл бакусынæн - Сыгъдæгдзуринæгтæ
Релакс- аулæфт
Фæйнæгыл –фæлхатгæнынæн нывтæ.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн хай
Сбæлвырд кæнын урокмæ цæттæдзинад
Урокмæ сразæнгард кæнын
Радгæсы раныхас - (монологон ныхасы рæзтыл куыст)
Зонындзинæдты актуализации
3.1. Сыгъдæгдзуринæгтæ фонетикон культурæйыл бакусынæн
æ ы хъ къ
Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд грамматикон æрмæг æмæ ныхасы рæзтыл куыст
Хъæлæсон дæмгъæтæ Æмхъæлæсон дамгъæтæ
Мыр, дамгъæ, хъæлæсон, æмхъæлæсон
Ног æрмæгмæ рахизын
4.1
? Базонут – ма цавæр мыр хъуысы арæхдæр?
Сасир, сис, Сона, Сослан, сихор, сахат, нас, неси
Цавæр ног дамгъæимæ зонгæ кæндзыстæм абоны урочы?
4.2 Чиныджы æрмæгимæ куыст 50 фарс
Цы бафиппайдтат? (Уырыссаг æмæ ирон дамгъæ Ш-С –йы растфыссынады хицæндзинæдтæ)
Кæсын уæнгтæ, хъуыдыйæдтæ.
Хъомыладон куыст: нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын – пайда кæнын æххуысгæнæн дзырдтæй: хистæр, кæстæр, æххуыс кæнын, ссад луарын, сасир, чъиритæ, кæрдзын…..
4.3Къухфысты бакусын: бацамонын дамгъæйы растфыссынад .
4.4 Аулæфт: зарæг
Сты æрвхуыз мæ къухтæ,
былтæ, рустæ, хъустæ.
Сты мæ былтæ дæр æрвхуыз,
Уымæн æмæ ставд сæнæфсир
Хордтон армыдзагæй æз.
Æрмæг бафидар кæнын
Хатдзæгтæ скæнын
Цавæр ног дамгъæимæ базонгæ стæм?
Æмхъæлæсон , æзылангон С с
Монологон ныхас - Мæнæ дамгъæ С с
Ацы дамгъæ у æмхъæлæсон, æзылангон æмбæлы ахæм дзырдты – сасир, Сона, Сослан…..
Кæрон : хæдзармæ куыст бамбарын кæнын. 43 фарс кæсын уæрнгтæ , хъуыдыйæдтæ.