СЦЕНАРИЙ ВЕЧЕРА ВОЕННОЙ ПЕСНИ
Исполнение вокальным дуэтом попурри на тему военных песен
Ведущий 1. Абон алчидӕр зоны куыд зынӕй бафтыд адӕмы къухты стыр уӕлахиз. Цӕудзани рӕстӕг, уӕддӕр рох никуы уыдзӕн, цы стыр аргъ бафыста райгуырӕн бӕстӕ Уӕлхизӕн. Уый уыдис тугӕй ӕлхӕд.
Ведущий 2. Азтӕ згъорынц, цард йӕ хуыз ивы, историйы цаутӕ фӕстейы зайынц. Нӕ фыдыбӕстӕйы стыр хӕст дӕр у историйы цау. Дард тохы быдыртӕй нӕм хъуысы йӕ зарӕг. Ӕмӕ кӕд фыдыбӕстӕйы стыр хӕст историйы фӕлмы ныгъуылы арфӕй арфдӕр, уӕддӕр нӕм йӕ зарӕг та кӕны хӕстӕгӕй хӕстӕгдӕр.
Ведущий 1. Абон та нын ногӕй стыр уалхизы бон, хӕсты зарджытӕ, ӕрымысын кӕндзысты карз тохы нывтӕ. Зарӕг нын равдисдзӕн иумайаг ном цы иронӕн, уырыссаган, гуырдзиагӕн, сомихагӕн ӕмӕ ӕндӕртӕн уыд, уыцы ӕфсӕддоны хъайтардзинад.
Аудиозапись "Мадӕлты фӕдзӕхст"
Ведущий 3. Ацы зарӕг нын ӕрмысын кодта ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕн сӕ иунӕг фырт дӕр нӕ сыздӕхт хӕстӕй. Махмӕ ахӕм мыккаг уыдысты Гӕздантӕ. Зарӕгмӕ хъусгӕйӕ нӕ цӕстытыл ауайынц "Авд сухъайы" нывтӕ дӕр, уыдоны номыл Плиты Грисы фыст поэмӕ.
Ведущий 2. Хӕсты темӕ Грисы свалдыстады у бындурӕвӕррд темӕтӕй сӕ иу. Йӕ "Салдаты цӕстытӕ", "Уӕлахизы кӕдӕг", "Акъоппы", "Мады фӕдзӕхст", "Атакӕ" ӕмӕ иннӕтӕ сты нӕ адӕмы уарзондӕр ӕмдзӕавгатӕ ӕмӕ поэмӕтӕ...
Плиты Грисы ӕмдзӕвгӕ "Акъоппы" кӕсы Хуыгаты Зӕринӕ, цагъды культурӕйы колледжы ахуыргӕнинаг Гаситы Алан.
Плиты Грисы ӕмдзӕвгӕ "Акъоппы"
Ведущий 3. Баллаты Володя у нӕ адӕмы уарзондӕр зарӕггӕнӕг. Йӕ зарджытӕ "Тӕхуды гыцци", "Мады зӕрдӕ", "Мӕ фыд" ӕмӕ иннӕтӕ Ирыстоны алчидӕр зоны стырӕй, чысылӕй. Фӕлӕ ма ис йӕ репертуары зӕрӕг "Салам хӕсты быдырӕй", кӕцы нырид цӕры на зӕрдӕты мидӕг.
(Аудио запись В.Баллаев "Салам хӕсты быдырӕй")
Ведущий 3. Кочысаты Мухарбеджы ӕмдзӕавгатӕ иууылдар не ссси сты зарджытӕ, фӕлӕ ис ӕмдзӕвгӕ, кӕцы абон ӕнӕ бакӕсгӕ нӕй.
"Фӕстаг Салам" Кӕсы Гобозты Маринӕ,
Батахъойаг хонгӕ цӕгъды на институты ахуыргӕнинаг Езееты Майрӕн
Ведущий 1. Зарӕг у ӕвидигӕ суадон. Йӕ стыр ратӕдзӕн - Райгуырӕн Ирыстоны сӕраппонд йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта, знаджы ныхмӕ хъайтарӕй чи ӕрлӕууыд, уыцы хӕстонты хъӕбатырдзинад.
Табуафси, байхъусӕм Инӕлар Плиты Иссӕйы зарӕгма кӕцы азарыдысты нӕ институты ахуыргӕнинӕгтӕ - хор "Ӕлутон", сӕ сӕрлӕууӕг - Мамуыкъаты Людмила.
2 аудио записи
Ведущий 4. "Кто сказал, что песне нет места на войне", говорится в известном фильме "В бой идут одни старики". И действительно и во время войны и после появлялись песни, которые мгновенно становились всенародно любимыми. Песня "Ах, эти тучи в голубом" из кинофильма "Московская сага" является современной композицией, но есть легенда, что основа песни была написала в 1942 году, а композитор Александр Журбин нашел партитуру в архивах.
Но есть предположения, это не так. Журбин написал музыку на слова поэтов Аксёнова В., Синявского П.
«Ах, эти тучи в голубом» поют Замира Гаппова и Карина Козаева
Ведущий 4.Следующая песня тоже родилась после войны и посвящается она всем военнослужащим. У песни «На побывку едет молодой моряк» есть прототип. Однажды, сидя на крыльце своего дома в Ильино, поэт Боков увидел возвращавшегося в родную деревню матроса Александра Жуткина и сразу родились стихи. И надо сказать, что она стала одной из любимых песен в репертуаре Людмилы Зыкиной. Слова В.Бокова, муз. А. Аверкина "На побывку едет"
песня"На побывку едет"
Ведущий 3. На музыку Никиты Богословского и слова Владимирам Агатова, благодаря идее Леонида Лукова, была создана любимая и поныне песня «Темная ночь». Спетая исполнителем роли главного героя Марком Бернесом, «Темная ночь» навсегда осталась в памяти советского народа. Первая матрица пластинки пострадала от слез работницы завода, которая не смогла сдержать чувств при прослушивании песни в исполнении Ивана Козловского. Так что в свет «Темная ночь» вышла только со второй матрицы. Давайте исполним её вместе с марком Бернесом.
Тёмная ночь
Ведущий 3. Банцад хӕст. Хъарӕг раивта зарӕгӕй. Фӕлтӕртӕ кӕнынц ног царды зарджытӕ ӕмӕ цӕгътытӕ. Фарн бацыд ирон хадзӕртты.
"Фарны зарӕг" Зары Гапты Замирӕ
Гӕздӕнты Булат "Къах-къухтыл кафты цагъд" цагъды Гаситы Алан
Ведущий 2. Ну и в заключении все вместе споём гимн Великой Победы!
звучит «День Победы»
Ведущий 2. Стыр уӕлхизы бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Хӕрзбон ут!
5